Стоматологы дунеон бон нысан цæуы 9-æм февралы. Уæрæсейы ацы бон фæзынд æрæджы, фæлæ нымад цæуы дæндæгты специалистты ахсджиаг бæрæгбоныл.  Ацы бон  æвзæрст æцыд чырыстон хъизæмаргæнæг Аполлони Александрийаджы мысыны тыххæй. Аполлони райста чырыстон дин æмæ кад кодта Йесо Чырыстийæн. 249 азы император Александрий Декий райдыдта чырыстон диныл хæст адæмы хъыгдарын. Уæззау хъизæмæрттæ йын æвзарын кæнгæйæ, (стыдтой йын йæ дæндæгтæ аркъауæй) дзы домдтой чырыстондзинадыл  къух сисын, фæлæ уый бафæрæзта æппæт хъизæмæрттæн дæр. Уæд æм бартхъирæн кодтой арты басудзынæй, фæлæ уый нæ фæтарст æмæ йæхæдæг бакъахдзæф кодта зынгмæ (249 азы 9-æм февралы). Уый фæстæ йæ схуыдтой дæндæгты дохтырты сыгъдæг аудæг. Сыгъдæг сылгоймаджы атрибуттæ систы дæндæгтæ кæнæ аркъаутæ.

Стоматологи у тынг рагон професси. Пакистайнаг провинцийы ссардæуыд  хос кæныны нысæнттимæ дæндæгтæ, кæцытыл цæуы 14000 азы. Уæрæсейы ацы бæрæгбон нысан кæнын райдыдтой, абаргæйæ, æрæджы æмæ Хуссар Ирыстоны та стоматологы бæрæгбоны тыххæй зоны ноджы къаддæр адæм.

Фæстаг азты Хуссар Ирыстоны стоматологи активонæй рæзы. Абоны бон республикæйы уæвынад кæнынц стоматологон поликлиникæ æмæ цалдæр хисæрмагонд кабинеты, цыран райсæн ис лæггæдты уæрæх спектр, уыимæ нырыккон æмвæзадыл. Ахæм хи-сæрмагонд кабинеты кусы мæ абоны уацы хъайтар дæр. Йæ дæсныйады иттæг хорз специалисты ном стоматологон лæггæдты къабазы хорз зындгонд у нæ республикæйы цæрджытæн.

Тасойты Аннæ райгуырд Цхинвалы. 2004 азы каст фæцис Хуыбылты Валерийы номыл гимнази «Рухс». Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый нæ хъуыды кодта стоматолог суæвыныл. Фæндыд æй лингвист суæвын, уымæн æмæ йын скъолайы ахуыр кæнгæйæ, хорз æнтыстытæ уыд уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы предметтæй. Фæлæ йæ хъуыды цæхгæр фæивта Уæрæсейы 1-аг каналы Елена Малышевайы программæ «Здоровье»-йы алæвæрдтæй сæ иумæ бакæсыны фæстæ. «Фидæны професси равзарыны тыххæй мыл бандæвдта Малышевайы программæ. Уый уыд 2004 азы. Йæ алæвæрдтæй сæ иуы, уый цымыдисонæй дзырдта имплантты тыххæй, телекæсджыты зонгæ кодта стоматологийы ног тенденцитимæ. Уый фæстæ мæ хъуыды фæивтон æмæ фидарæй аскъуыддзаг кодтон стоматолог суæвын æмæ адæмæн лæггад кæнын», – радзырдта Аннæ.

Йæ плæнттæ кæй фæивта, уый æнæнхъæлæджы уыд йæ хиуæттæн дæр, фæлæ чызг йæ фæнд нал аивта. «Хæдзары мæ ныййарджытæн загътон, зæгъын, æз уыдзынæн стоматолог. Иууылдæр фæдисау сты, уымæн æмæ æз уæлдай тынгдæр мæхи нæ цæттæ кодтон нæдæр химийæ, нæдæр æндæр предметтæй, кæцытæ æнæмæнгхъæуæг уыдысты стоматологон факультетмæ бацæуынæн. Фæлæ мæ уый нæ баурæдта», – загъта Аннæ.

Скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Санкт-Петербургы И.Павловы номыл 1-æм медицинон университеты стоматологон факультетмæ æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæцис 2010 азы. Интернатурæ дæр æнтыстджынæй рацыд ацы уæлдæр ахуырадон уагдоны. Университеты ахуыр кæнгæйæ, уыцы иурæстæджы куыста стоматологы ассистентæй ацы горæты сæрмагонд клиникæтæй сæ иуы. Интернатурæ каст фæуыны фæстæ кусын райдыдта сæрмагонд клиникæйы стоматолог-терапевтæй. Æвзонг специалисты зонындзинæдтæй райгонд кæй уыдысты, уымæ гæсгæ йæ, æгæрыстæмæй,  сифтонг кодтой ведомствойон фатерæй дæр. Æвзонг чызгæн йæ хъуыддæгтæ йæхи фæндиаг бæргæ цыдысты, фæлæ æппынæдзух йæ зæрдæ уыд йæ фыды æфсымæр, Ирыстоны зынгхуыст хъайтар Тасойты Инал (Коммунист) йе ‘взонг цард цы райгуырæн Ирыстоны сæрибардзинады сæрвæлтау нæ бавгъау кодта, уыимæ. Ныууагъта йæ цæттæ куыст Санкт-Петербургы æмæ 2013 азы æрæздæхт йæ уарзон Цхинвалмæ æмæ кусын райдыдта «Цæрæн массив»-ы кæйдæр хисæрмагонд кабинеты. Уым иу аз бакусыны фæстæ йæхицæн бакодта кабинет Тæболты Сергейы уынджы кæрон æртæуæладзыгон корпусы æмæ ныр 10 азæй фылдæр лæггад кæны республикæйы цæрджытæн.

Æвзонг стоматологы хорзы кой уайтагъд айхъуыст æмæ йæм цæуын райдыдтой æмæ абон дæр цæуынц пациенттæ, кæцытæн кæны терапийы, хирурги æмæ ортопедийы фæдыл лæггæдтæ. Чызг бæллы лæггæдты бæрзонд æмвæзады хисæрмагонд нырыккон клиникæ бакæнынмæ. Куыд æндæр професситы, афтæ стоматологы дæсныйады дæр, иууыл ахсджиагдæр у, равзæрст профессийыл æнувыддзинад. «Адæймаг æй куы зона, зæгъгæ, уый йæ професси нæу, уæд хъуамæ уым ма архайа. Алы профессийы дæр иууыл ахсджиагдæр у адæммæ аудгæ, уæздан ахаст дарын. Уыдис-иу ахæм цаутæ дæр, æмæ-иу мæм тыхст адæймаг фæдзырдта æрдæгæхсæв дæр, æмæ йын хъуамæ бакæнай профессионалон æххуыс», – нымайы Аннæ.

Тасойты чызгæй райгонд сты йæ пациенттæ. «Æрæджы иу хуыцаубоны мæ дæндаджы рыст нал урæдтон. Уæд мæ фыртыхстæй æрбацыдтæн Аннæмæ. Уый мын лæмбынæг басгæрста мæ дæндаг, стæй мын загъта, исинаг кæй у, уый. Афтæ мын систа мæ дæндаг æмæ йæ зонгæ дæр нæ бакодтон. Баззадтæн дзы райгондæй. Йæ къухтæ фæрнæй фæдарæт», – зæгъы нæ горæты цæрæг Джиоты Дианæ.

Йæ пациенттæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ Аннæйæн ис тынг рог къух, йæ къухты февнæлд у тынг уæздан. Æрбацæуынц æм нæ рес-публикæйы районты цæрджытæ дæр æмæ йын йæ архайдæй райгондæй баззайынц. Иу хатт æм чи æрбацæуы, уый йæ иннæ хатт дæр æрцагуры, свæййы йын йæхи æдзухон дохтыр. «Иуахæмы, мæ дæндаг тынг срыст æмæ мæ бахъуыд Аннæмæ бацæуыны сæр. Уый мын схос кодта мæ дæндагæн, йæ пломбæ мын лæуы ныр фондз азмæ æввахс. Уый фæстæ мын исгæ дæр скодта цалдæр дæндаджы. Тынг рог къух ын ис. Иннæмæй у æнахуыр хæларзæрдæ адæймаг», – зæгъы нæ горæты цæрæг Гæбæраты Венерæ

Æмæ æцæгæйдæр, дæндаджы рыст тынг зын уромæн у. Хатт ын хостæ дæр нал феххуыс кæнынц. Æгæрыстæмæй, ис ахæм æмбисонд дæр: иу хохы, дам, цард иу уæйыг, кæцыйæн срыст йæ дæндаг æмæ йæ хъæрзын хъуыст, иннæ хохы чи цард, уыцы уæйыгмæ. Уый йæм фæдисы кæй рацыд, уый базонгæйæ, йæ цæст акъахта. Уæйыг æй куы бафарста, зæгъгæ, дæ цы риссы, уæд ын загъта, йæ цæст кæй рахаудта, уый тыххæй. Фæдисмæ рацæуæг уæйыг ын афтæ бакодта, æз та, дам,  афтæ куы фенхъæлдтон æмæ дæ дæндаг риссы.

Аннæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны стоматологийы æмвæзад у бæрзонд, зæгъгæ, республикæйы фаг ис хорз цæттæ специалисттæ, кæцытæ ахуырад райстой Уæрæсейы хуыздæр уæлдæр ахуырадон уагдæтты. «Уыдон цæрджытæн кæнынц ахæм лæггæдтæ дæр, куыд зæгъæм, брекеттæ æмæ импланттæ сæвæрын. Фæлæ уыимæ, ацы фадыджы Хуссар Ирыстоны нæй дæндагтехникон лабораторитæ, цыран аразынц виниртæ, люминиртæ, иу ныхасæй нырыккон эстетикон стоматологиимæ баст цы у, уыдæттæ. Ахæм лаборатори хъæуæг у Хуссар Ирыстоны», – ба-нысан кодта Тасойты Аннæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны цæрджытæн стоматологон лæггæдтæй иууыл хъæуæгдæр у кариесæн хос кæнын. «Арæхдæр æрбацæуынц, сæ дæндæгтæ тынг куы сриссынц, уæд. Фæлæ ис цæрджыты ахæм категоритæ дæр, кæцытæ тынг лæмбынæгæй сæ хъус дарынц се ‘нæниздзинадмæ æмæ активонæй архайынц сæ дæндæгты профилактикæйыл», – дзуры Тасойты чызг. Аннæйы хъуыдымæ гæсгæ, лæггæдты гъæд Хуссар Ирыстоны ницæмæй ныллæгдæр у дзæуджыхъæуккаг клиникæтимæ абаргæйæ. «Ам дæр пайда кæнынц, уæрæсейаг клиникæты цахæм нырыккон технологитæ æмæ æрмæджытæ ис, ахæмтæй», – банысан кодта уый.

Тасойты Аннæ йæ цардæмбал Хъуылымбегты Васяйæн, кæцы кусы барадхъахъхъæнæг органты, Хуыцауы цæст бауарзта æртæ хорз хъæбулы – иу лæппу æмæ дыууæ чызджы æмæ сæ хурæй æфсæст уæд.

Стоматологы дунеон боны арфæ кæнæм  куыд Аннæйæн, афтæ ма ацы хъæуæг профессийы иннæ минæвæрттæн дæр. Адæймаг йе ‘ппæт царды, гæнæн ис, æмæ балцы дæр макуыдæм ацæуа, æндæр дохтырмæ дæр ма бацæуа, фæлæ йæ стоматологы æххуыс æнæмæнгæйдæр бахъæудзæн.  Аннæ, бирæ азты дæргъы æнæнизæй лæггад кæн дæ пациенттæн.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.