Хорз бæрæгбонтæ ныл кæнæд!

Банысан та кодтам нæ ахсджиагдæр бæрæгбонтæй сæ иу – Уæрæсейы Федераци нын нæ хæдбардзинад куы банымадта, уыцы бон. Хъæуы йæ нысан кæнын. Нæ иннæ бæрæгбонтæй ноджы уæрæхдæрæй, парахатдæрæй. Афтæ чи хъуыды кæны, ома, ацы бон нысан кæнгæйæ алы хатт уый бæрц æхца хардз кæнын цæмæн хъæуы, нырма нæ проблемæтæ æмæ хъуагдзинæдтæй куынæ фервæзтыстæм, зæгъгæ, уыдон раст не сты… Хъуамæ нæхи æххормагæй дæр ныууадзæм, фæлæ æрвылаз дæр нысан кæнæм ацы бæрæгбон, дзурæм ын хъæрæй йæ нысаниуæгыл, дзурæм ыл афтæ хъæрæй, æгас дунейы адæмтæ нæ куыд хъусой æмæ уыной! Цæмæй афтæ кæмæн дзурынц, Уæрæсе Ирыстоны оккупаци скодта, зæгъгæ, уыцы адæмтæн сæ цæстытæ бакæнæм, базонын сын кæнæм æцæгдзинад, рæстдзинад.

Бæрæгбоныл дзургæйæ нæ фидауы, кæнæ не мбæлы аиппытыл дзурын, уайдзæфтæ кæнын, фæлæ ис ахæм цыдæртæ, кæцытæм кæсæн нæй куырмцæстæй, къуырмайы фсон скæнæн… Æхсызгон у алкæй зæрдæйæн дæр, ацы ахсджиаг бæрæгбоныл ирон адæм æмхуызонæй кæй цин кæнынц, фæлæ цыфæнды циндзинады рæстæджы дæр рох кæнын нæ хъæуы, нæ цинмæ нын кæй кæсынц ахæм адæм дæр, кæцытæ уыцы циндзинады агурынц фыдæх æмæ хæрам, нæ цин нын нæ фарсæй кæмæй фæкæной, ахæм къухбакæнæнтæ. Ома, йæхи цæсты къала бæлас дæр чи нæ уыны, уыдон нæ цæсты æрдуйы бæсты дæр къала бæлас уынынц.

Æрвылаз дæр ацы бæрæгбоны рæстæджы кæрæдзийæн, æппæт адæмæн арфæтæ кæнæм, æмбырдты, интервьютæ дæтгæйæ, интернеты, уæлдайдæр фейсбукы. Æмæ уыцы арфæгæнджытæн сæ нæуæдз проценты арфæ кæнынц хæдбардзинад банымайыны нæ, фæлæ хæдбардзинады боны фæдыл. Ома 26 августы бæрæгбон нымайынц Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады боныл. Æмæ ма иронау куы уаиккой уыцы арфæтæ, уæд ницы кæны, нæхи йедтæмæ сæ ничи уынид, фæлæ иууылдæр уырыссагау вæййынц, æмæ та нæм уырдыгæй дæр сомбон исты маст кæй æрхаудзæн, уыцы тасдзинадæй бынтондæр нæхи нæ хизæм. Йæ тасдзинад цæй мидæг и? Уый мидæг æмæ йын йæ историон нысаниуæг дзырдтаг кæнæм нæхæдæг. Кæд 26 август махæн хæдбардзинады бон у, уæд ма 20 сентябрь та цы бон у?.. Æмæ нын кæд уæды онг хæдбардзинад нæ уыд, уæд нын уыцы бон Уæрæсейы  Федераци  цы  банымадта?..

Ахæм цæмæйдæрты хи хизын хъæуы, уымæн æмæ ахæм цæмæдæртæм не знæгтæ гæппæввонгæй лæууынц, иу ранмæ, хуыздæр фадатмæ сæ æмбырд кæнынц. Абон дæр хъæр кæнæм, гуырдзы та нын радон геноцид кæй сарæзтой, уый тыххæй. Æмæ раст стæм, фæлæ… Фæлæ сомбон ацы фарст чи æвзара, уыдон суанг 1989 азæй фæстæмæ фыстæрцæуæг бирæнымæц официалон документтæм, нæ паддзахадон мыхуыры фæрæзтæм лæмбынæг куы ркæсой, уæд сæ бауырндзæн, гуырдзы нын геноцид æцæгæй кæй сарæзтой?.. О, хъуамæ сæ бауырна, фæлæ мах уал азы официалонæй «гуырдзиаг-ирон конфликт» кæй фыстам, уый ничи уыдта æмæ фендзæн?.. Конфликт у, истæй тыххæй æнæразыдзинад равдисын, дыууæ сыхаджы, организацийы ‘хсæн исты быцæу расайын… Мах та цæгъдгæ кодтой сабийæ зæрондмæ, удæгасæй нæ ныгæдтой…

Абон дæр Ирыстоны зæххыл цæрæг ирæттæй бирæтæй ис фехъусæн, йæ наци чи ауæй кодта æмæ гуырдзымæ чи алыгъд, уый куыд хорз лæг у, куыд «зæрдиагæй» баххуыс кæны, гуырдзымæ Ирыстонæй хос кæнынмæ чи ацæуы, уыцы ирæттæн, дунейы æхца сыл куыд бахардз кæны… Фæлæ ууыл ничи хъуыды кæны, лæвар цыхт æрмæстдæр мыстахсæны кæй вæййы. Хуымæтæджы логикон фарст: уыцы дунейы æхца чи калы, уыдон не нæниздзинадыл куы тыхсиккой, уæд нæ цæмæн цагътой, дунейы æхца нæ ныццæгъдыны тыххæй хæ-цæнгæрзтыл цæмæн хардз кодтой?.. Уыцы рынчынтæ уыдонæн пайда сты. Уыдон стыр номхыгъд аразынц уыцы адæмæн, лыстæггай фысгæ кæнынц алцы дæр æмæ сын куы сбирæ уой, уæд сæ равдисдзысты æмæ æнæхъæн дунейыл ныхъæр кæндзысты – кæд сын æвзæр стæм, кæд сæ æцæг мардтам æмæ цагътам, уæд нæм хос кæнынмæ куыд цыдысты?..  Историон рæстдзинад мах æвварс у, нæ рæстдзинад нын уыдæттæй нæ бамбæхсдзысты, фæлæ нæ мæппæт уыдæттæй стыр маст кæй æрхаудзæн, уый дызæрдыккаг нæу.

Бæргæ ахæм цæуылдæрты куынæ фыссиккам газеты, бæргæ нæ куынæ хъæуид  уыдæтты  сæр, фæлæ…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.