Паддзахадон телеуынынад бакодта ног проект «Алло, мах агурæм амонæг». Проекты автортæ сты Бестауты Юля æмæ Мамиты Григори. Ацы конкурсмæ хуынд æрцыдысты нæ горæты иумæйаг ахуырадон скъолаты хистæр-къласонтæ. Конкурс ауадзыны нысан у рæзгæ фæлтæрæй журналисты курдиат кæмæн ис, уый сбæрæг кæнын æмæ сын фадат радтын сæхи экраныл фенын, стæй сæ сæ сомбоны профессимæ сразæнгард кæнын. Мамиты Григори куыд зæгъы, афтæмæй кастинг уагъд цыд 9-11 кълæсты ахуыргæнинæгты ‘хсæн. Уымæн æмæ раст ацы кары сывæллæттæ райдайынц хъуыды кæнын сомбоны профессийыл. Кастингмæ цы хайадисджытæ æрбацыд, уыдон нымæц уыд 70 бæрц. Фæлæ къамис кæй равзæрста, ома, сæ чи бацымыдис кодта, уыдонæй ныууагътой 50 хайадисæджы. Уыдонимæ эфирмæ рахизыны размæ бакуыстой телеуынынад «Ир»-ы журналисттæ Гæбæраты Иринæ æмæ Сабанты Мадинæ. Ныр хайадисджытæ къуыри иу хатт телекæсджыты размæ рахæсдзысты интервью, ног хабæрттæ  æмæ репортажты жанры цы æрмæджытæ бацæттæ кодтой, уыцы æрмæджытæ. Конкурс аххæсдзæн æртæ мæйы æмæ уый фæстæ сæрмагонд къамис равзардзæн иууыл хуыздæр амонæджы, жанрмæ гæсгæ. Уый фæстæ проект «Алло, мах агурæм амонæг» телекæсæгæн фехъусын кæндзæн йæ хъуыды. Фæлæ телекæсæгæн дæр уыдзæнис фадат, цæмæй йæ зæрдæмæ  кæцы амонæг тынгдæр фæцæуа, уый тыххæй SMS барвита мæнæ ахæм номырмæ  8-929-803-83-89. Иу смартфонæй SMS æрвитæн ис æрмæстдæр иу хатт æмæ иу хайадисæджы номыл. Финалы, æвзарæн туры фæуæлахизгæнæгмæ æнхъæлмæ кæсы журналистты хорзæх, кæд æмæ «Алло, мах агурæм амонæг»-ы уæлахиздзауы бафæнда, уæд ын бар ратдзысты, цæмæй TV уадза йæхи авторон алæвæрд.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм,ахæм æнгæс конкурстæ телеуынынады кæй уыд ивгъуыд азты дæр – «Стъалыты ферттывд» æмæ «Кафт». Ацы телепроекттæм дæр хуынд æрцыдысты нæ бæстæйы курдиатджын фæсивæд. Уыдон комкоммæ эфиры къуыри  иу хатт дисы æппæрстой телекæсджыты сæ арæхстдзинадæй. Уыцы хъуыддаджы активон хайад истой сывæллæттæн сæ ныййарджытæ æмæ сæ ахуыргæнджытæ дæр. Стыр æхсызгондзинад райстой рæзгæ фæлтæр сæхæдæг телепроектæй. Цыфæнды цыбыр æмæ хуымæтæг алæвæрд дæр комкоммæ эфиры куы цæуа, уæддæр домы стыр куыст. Телеоператортæ, амонæг, жюрийы уæнгтæ се ‘ппæт дæр дзæвгар бафыдæбон кодтой. Фæлæ сæхæдæг куыд загътой, афтæмæй райстой стыр æхцондзи-над рæзгæ фæлтæримæ кусынæй. Хъомыладон-эстетикон нысаниуæг кæй ис ахæм конкурстæн, ууыл дзурæг та у, сывæллæттæ кæй сахуыр сты комкоммæ эфиры хидарыны æгъдауыл, ирон аив дзырдæй раст пайда кæныныл.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.