Куыдæй дзы ис фервæзæн?

 

Хуссар Ирыстоны цæрджытæй хæдтулджытæ кæмæн ис, уыдон бирæ азты дæргъы Зæрæмæджы та-можнæйы æмбæлынц зындзинæдтимæ – рæстæгмæ «ввоз»-ы гæххæтт сын нал фæдæттынц. Уымæй уæлдай ма не ‘мбæстæгтæй бирæтæ фесты хæсджын Уæрæсейы таможнæйæ – фидын сын кæнынц егъау æхцайы фæрæзтæ сæ автомашинæтæн «растаможка» саразыны тыххæй æмæ ма сын снымадтой ивартæ дæр. Æппæт ацы проблемæтæн ис бæрæг аххосæгтæ.

Не ‘мбæстæгтæй бирæтæ ацæуынц Уæрæсейы территоримæ сæ автомашинæтыл æмæ сæ уым сæ зонгæтæм кæнæ хиуæттæм ныууадзынц. Афтæмæй та цыдæриддæр фиддонтæ æмæ ивартæ вæййы автомашинæйы эксплуатацийы рæстæджы, уыдон хицауыл фыст æрцæуынц. Уымæй уæлдай ма не ‘хсæн разыны ахæмтæ, кæцытæ æцæгæлон адæймагæй райсынц æхцайы фæрæзтæ, цæмæй йын йæ автомашинæ йæхиуыл формæйыл скæна æмæ йын «ввоз» райса. Уый фæстæ уыцы автомашинæ азæй фылдæр куы вæййы Уæрæсейы территорийыл, уæд æй стæй æнæмæнг фæхъæуы «растаможка» кæнын æмæ ма сæрмагонд фиддонтæ фидын. Дзæвгар рæстæгмæ ма дзы æрæмбырд вæййы ивартæ дæр. Æмæ автомашинæ хæлын дæр зоны, кæнæ аварийы бахауы æмæ аразынæн нал фæбæззы. Ахæм автомашинæйæн уæд ссарæн дæр нал вæййы, фæлæ таможнæйы номхыгъдты баззайы. Уымæ гæсгæ хицауæй фæдомынц йæ хæдтулгæ, цæмæй йын йæ сæрмагонд фиддонтæ æмæ ивартæ бафида.

«2010 азæй ранымайгæйæ Уæрæсейы территорийæ хуссарирыстойнаг номыртимæ автомашинæтæй фæстæмæ нал æрбаздæхтысты иу минæй фылдæр. Уыдонæн сæ «ввоз»-ы æм-гъуыд раджы ацыд æмæ сыл æрнымадтой ивартæ таможнæйы закъон фехалыны тыххæй. Уымæ гæсгæ не ‘мбæстæгтæй бирæтæ сæмбæлдысты зындзинæдтимæ – нал уæндынц Уæрæсемæ цæуын, уымæн æмæ сæ æрдомдзысты сæ транспорты «растоможка»-йы аргъ, сæрмагонд фиддонтæ, хъалонтæ æмæ ма ивартæ. Махмæ æрбахатынц, ома баххуыс нын кæнут, æмæ нæ бон куы вæййы, уæд сын сæ проблемæ аскъуыддзаг кæнæм», – зæгъы РХИ-йы таможнæйы комитеты сæйраг инспектор Хъæцмæзты Тамерлан.

Тамерлан сиды не ‘мбæстæгтæм, цæмæй ма халой таможнæйы закъон æмæ ма æууæндой сæ автомашинæтæ æцæгæлæттыл. Æрæджы ма социалон хызæджы не ‘мбæстаг хъусын кодта, зæгъгæ, æхцайыл искæмæн рæстæгмæ «ввоз» сараздзынæн. Уый йæ бынтондæр не ‘мбары, йæхи фыдбылызы кæй æппары. Милицимæ ныридæгæн цалдæр адæйма-джы хъаст балæвæрдтой, зæгъгæ æцæгæлоныл рæстæгмæ «ввоз» сарæзтон æмæ мæ ныр егъау фиддонтæ домынц. Уыцы фиддонтæй кæцыдæртæ ахызтысты иу миллуан сомæй. Æмæ цыбыркъух адæймагæн та йæ бон нæу ахæм суммæтæ бафидын.

Рæстæгмæ «ввоз» хуыйны таможнæйы процедурæ, кæцыйы фæстиуæгæн фæсарæйнаг товарæн ис Уæрæсейы территорийыл рæстæгмæ уæвыны бар. Хæдтулгæйыл куы цæуа дзырд, уæд иу адæймагæн бар ис, цæмæй иу автомашинæйæн райса рæстæгмæ «ввоз», фиддонтæ æнæбафидгæйæ. Рæстæгмæ «ввоз» дæттынц æрмæстдæр иу азы æмгъуыдмæ, стæй та йæ хъуамæ адарддæр кæнын кæнай. Кæннод автомашинæ урæд æрцæуы æмæ йын йæ хицауæй æрдомынц «растаможка» саразын æмæ фиддонтæ бафидын.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.