Кӕддӕр рагон пехуымпар афтӕ дзырдта, ӕз цы бон райгуырдтӕн, уыцы бон иннӕ бонтӕй куы фӕхъуыдаид, зӕгъгӕ. Уымӕн ӕмӕ йӕ алыхатт йӕ пехуымпары зӕрдӕ дзурын кодта рӕстдзинады фӕдыл. Абон ӕз дӕр ацы ныхӕстӕ куы фыссын, уӕд мӕм ӕвзӕры ӕнгӕс ӕнкъарӕнтӕ. Тӕхуды ӕмӕ мӕ куынӕ хъӕуыид ацы фӕстаг бонты нӕ цӕстӕй цы уынӕм, уыдон фӕдыл дзурын! Уымӕй дӕр сылгоймӕгты бӕрӕгбонмæ æввахс бонты. Фӕлӕ цы загъдӕуа цард зыгъуыммӕгӕнджытӕн! Уыдонӕн ӕвӕццӕгӕн, ацы зӕххыл сӕ куыст уый у, цӕмӕй ирон адӕмӕн ӕрулӕфты фадат ма дӕттой.

Цал ӕмӕ цал хатты ӕрӕвнӕлдтам нӕ царды пырхӕнтӕй ногӕй цард аразынмӕ! Ӕмӕ-иу нын, кӕд тынг зын уыди, уӕддӕр-иу нын алыхат дӕр бантысти. Уый фӕдыл дзурынц, ирон адӕмы ныхмӕ цы цалдӕр геноциды арӕзт ӕрцыд, уыдон фӕдыл историкты раиртӕстытӕ. Куыднӕ скуынӕг ис ирон адӕмы мыггаг зӕххы цъарӕй, зӕгъгӕ, куыд-иу ын бантысти ногӕй йӕ къахыл слӕууын! Ӕмӕ раст у уыцы хъуыды. Ныр дӕр та Хуыцауы стыр хъаруйӕ растадыстӕм ӕмӕ та дарддӕр кӕнӕм историйы арфмӕ не ‘нусон    балц.

О, фӕлӕ… Бирӕ ӕнӕнхъӕлӕджы амӕлттӕ ис фыдадӕймӕгтӕм. Ӕнхъӕл цы нӕ вӕййӕм, ахӕм маст та нын акӕнынц. Фӕмард гуырдзиаг ӕрвыст лӕг. Ӕрбацыди уыцы зӕхмӕ, бынтон ӕрӕджы йӕ тугӕйдзаг фӕдтӕ кӕм ныууагъта. Цы дзы агуырдта, цы дзы ферох? Ӕгӕр чысыл ӕм фӕкастытсты йӕ фыдракӕндтӕ? Йӕ уӕлвӕд ссардӕуыд рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ. Йӕ амӕлӕты хабар ын куы фехъуыстой йӕ рарвитджытӕ, уӕд хъӕр-замана систой. Цы хъуамӕ ӕнкъара адӕймаг мӕнӕ ацы ныхӕстӕм хъусгӕйӕ, зӕгъгӕ, уый ныхмӕ ӕрцахсын хъӕуы 50 ироны ӕмӕ сæ сæ  маст райсын. Ау, иу гуырдзиаг уыйбӕрц ирон лӕджы аргъ у!!! Ӕбуалгъы сӕрбӕрзонд ӕмӕ хъалдзинад! Ӕви уыдонӕн сӕ бӕдул дӕр мах куырыхонæй зынаргъдӕр у? Ӕви махӕн нӕ удтӕ уӕлдайаг уыдысты цалдӕр хӕсты дæргъы? Науӕд мах кӕмӕ арвыстам, рацу нӕм, ӕмӕ нӕ зӕххыл сусӕг митӕ кӕн ӕмӕ сусӕг фӕндтӕ нывӕнд?

Куыд уынӕм, афтӕмӕй нӕ фӕивта уыцы адӕмы удыхъӕд. Национализм ӕмӕ фашизм, национ уӕлбикъондзинад ӕмӕ хъалдзинад бӕстон ӕрбынат кодтой сӕ зӕрдӕты. Рагӕй фӕстӕмӕ цы тауинаг тауынц, уый ныр сӕдӕ ахӕмы дыргъ ӕрхаста, ӕмӕ дзы махӕн хай нал уыдзӕни, нӕ хъысмӕт, нӕ фӕндаджы арӕзт раджы аскъуыддзаг кодтам, фӕлӕ сӕхицӕн цӕрӕнбонтӕм фаг сты уыцы калмы маргӕйдзаг дыргътӕ, хуыздæр зонд сæм куынæ æрцæуа, уæд.

Бынтон диссаг та уый у, ӕмӕ се ‘хсӕн иунӕг куырыхон адӕймаг дӕр кӕй нӕ разыны, афтӕ сын чи зӕгъа, фаг уын у адӕмы ныллӕгдзинад ӕмӕ тугхордзинад! Ӕлгъыст цыппар фӕлтӕры ӕййафы, ӕмӕ уӕ фӕстагӕттыл уӕддӕр асагъӕс кӕнут! Нӕй! Хӕстӕг дӕр сӕм нӕ цӕуы фӕсмоны хъуыды. Афтӕмӕй та фашизмы маргӕй цы адӕм фӕхъӕстӕ вӕййынц, уыдонмӕ, рӕстдзинад ма йӕ тыхы куы уыд, уӕд ӕппӕтадӕмон тӕрхон ӕнхъӕлмӕ касти. Ӕрымысӕм ма Нюрнберджы процесс. Уыцы ран тӕрхонгонд ӕрцыдысты Рейхы хъузæттæ. Ӕгас дуне ӕмхуызонӕй размӕ ралӕууыдысты ӕмӕ сын бауайдзӕф кодтой. Фӕлӕ абон дунейы иумӕйаг хъуыды дӕр бынтон ӕнӕниз нал у. Кӕд раздӕр ИНО-йы рӕстдзинадыл фидарӕй ӕууӕндӕн уыди, уӕд абон та сси куырмыты къорды хуызӕн. Уымӕйдӕр дардмӕ уынынц, ӕввахсмӕ та нӕ. Теуайы ныхъхъуырынц, къогъойы та фӕрсудзынц. Тынг стыхстысты уыцы адӕймаджы мӕлӕты сӕраппонд. Ӕмӕ сын бамбарӕн дӕр ис. Кӕд, мыййаг, сӕ фӕнд хуырнбӕрӕг кӕй фӕци, ууыл батыхстысты ӕмӕ суртӕ ӕмӕ уадзгуытӕ уымӕн кӕнынц. Ӕниу уый дӕр равзардӕуыдзӕн йӕ рӕстӕджы. Искӕйы мардыл та, знаджы мард куы уа, уӕддӕр, ирон лӕг никуы баради. Уӕлдайдӕр та ахӕм дзырддаг мардыл.

Гъе, фӕлӕ мӕм ӕппӕт ацы хъуыддӕгтӕй иууыл диссагдӕр кӕсы нӕ адӕмы диссаг. Цӕмӕн?

Хӕст чи уарзы, уый ӕдылыйӕ дарддӕр цы хъуамӕ схонай. Хӕстмӕ чи тырны, уымӕн та дзы, ӕвӕццӕгӕн, исты пайдатӕ вӕййы… Фӕлӕ ныртӕккӕ махӕн нӕ стратегион партнер, ома ӕмдзугӕнӕг у Уӕрӕсе. Уый алчи дӕр зоны, ӕмӕ ма йыл ӕз цы дзурын. Фӕлӕ мӕм диссаг уый кӕсы, нӕ адӕмӕй иуӕй-иуты туджы кӕддӕры тас кӕй баззад ӕмӕ кӕддӕры дуг кӕй нал у, уый сӕ кӕй айрох вӕййы. Иуӕй-иутӕ ахӕм тас ӕмӕ ӕфсӕрмы уацары бахаудтой, раст цыма сӕ исчи лӕг маргӕ баййӕфта. Цымӕ цӕмӕннӕ сахуыр стӕм нӕхицӕн аргъ кӕнын куыд адӕм, куыд номдзыд фыдӕлты фӕдонтӕ? Ӕви нӕ зонынц уыдон, мах æнусты сæрты цалдæр хъаймæты сæрты чи рахызт æмæ цагъды уæлдæйттæй мыггаг чи скодта, уыцы адæмæн ацы зæххыл цыдæриддæр марæнгарз ис, уыдонæй нын тас ницæмæй-уал у… Уӕдӕ “ма тӕрс” мӕгуырӕн мӕсыг у, ӕмӕ тӕрсгӕ чи кӕны, уый та мӕгуыр у, уӕдӕ йӕ хъӕздгуытыл куыд бахынцӕм! Мах хæст нæ агурæм, фæлæ фарн, æмæ чи цы агуры, уый ссардзæн.

Ӕниу, сӕрысуангӕй хæст æмæ хӕцӕнгарз чи ӕрымсыд, уый Каин уыди, æмæ фӕлтау куынӕ райгуырдаид! Адӕм зӕххыл сабырадмӕ кӕсгӕ-бӕлгӕйӕ цӕрынц сӕ уӕвынадӕй фӕстӕмӕ, цӕуынц, сӕ цӕнгтӕ йӕм ивазынц, нӕ йӕм хӕццӕ кӕнынц. Фæлæ ацы тыхæвзарæнты ма хъуамæ сæфа адæймаджы зæрдæйы ныфс, уды хъару, цардарæзты фæнд. Нæ рагбонты хъæдгæмттæ куы риссынц, уæд та хъуамæ æууæндæм, фыдбон æмæ фыдлæг бирæ нæ хæссынц. Зæххыл та æнусон ницы ис, уарзондзинадæй дарддæр, æмæ дзы хайджын уæм!

Годжыцаты Нелли     

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.