(Йæ райгуырды 110 азы бонмæ)

Рукъ, Цъалагомыл ныхас куы фæцæуы, уæд нæ ахиздзынæ нæ номдзыд поэт æмæ драматург, арæхстджын тæлмацгæнæг, публицист, активон æхсæнадон кусæг, зынгæ актер, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, Ирыстоны адæмон поэт, Плиты Дзамболаты фырт Грисы иувæрсты.
 Нæртон зиууон уыдис Грис йæ дуджы, нæртон бынтæ ныууагъта йæ фæстæйы фæлтæртæн, йæ раттæг адæмæн.

Адæм се ‘взаг æмæ се ‘гъдæуттæй адæм сты. Уыдоныл Грис хъардта йæ уд æмæ сыл рыг абадын никуы бауагъта. Уыцы зондахастыл лæуд уыдысты йæ цардæмбал, Советон Цæдисы адæмон артисткæ, Дзуккойты Афассæ, йæ фырттæ Лео æмæ Алан, йæ чызг Мадинæ. Сæ хæдзарвæндагæй уыд поэт Плигер (Плиты Георги), сæ хæдзарвæндагæй у поэт Плиты Виктор, цæры Ленинграды. Йæ романтæ «Михаил Ломоносов» æмæ «Ска-зания о Николозе, снежном барсе и святом Георгии» дзурæг сты, кæмдæр ма Иры лæппутæ змæлынц.

Грис йæ лæппуйы бонтæй йæ зæронды бонтæм уыдис нæ адæмы царды ахсджиагдæр фæдисонтæй иу. Йæ адæмы царды хъæздыг æвæрæнты къæбицтæ кæд исчи зыдта, уæд уыдонæй иу уыдис Грис. Куырыхон уыд кæддæриддæр не ‘взаг æмæ не ‘гъдæутты æвæрæнтыл дзургæйæ.

Грис уыдис æцæг ирон лæг хæдзары дæр, куысты дæр, фæндагыл дæр. Уарзта цард æмæ йын аргъ дæр фæрæзта. Йе ‘взаджы алгъыл кæддæриддæр дардта йæ арфæ: «Сыгъзæрин фест», зæгъгæ. Хæцын кæм хъуыдис, уым хæцгæ кодта, рæвдауын кæм хъуыд, уым та – рæвдаугæ.

Абоны бон не ‘хсæн нал ис Грис, æгъатыр мæлæт æй атыдта не ‘хсæнæй 1999 азы 86- аздзыдæй.

Уыцы азтæй Грис йæ адæм, нæ литературæйæн, æмткæй ирон аивад æмæ культурæйæн, схай кодта 65 азы.

Æнæкæрон уыд Грисы уарзондзинад йæ адæм, йæ Фыдыбæстæмæ, йæ Ирыстонмæ. Кæддæриддæр-иу сæрыстырæй дзырдта:

 

 «Зæххыл рæсугъд цæрынæн фидар

 Дыууæ стыр ныфсы ис лæгæн:

 Фыдыбæстæ æмæ сæрибар, –

 Циу цард æнæ сымах? Ингæн…».

Грисы сфæлдыстадыл кæд арæх цæуы ныхас, кæд ыл диссертацитæ бахъахъхъæдтой, уæддæр афтæ зæгъæн нæй, нæ дзул лæвæрд фæцис Плийы фырты тыххæй.

Поэты æмдзæвгæты фæдыл аккаг хъуыдытæ загътой (кæд дзы цъыфкалдтытæ уыдис, уæддæр), йæ пьесæтыл дæр ныхас кодтой æмæ кæнынц (кæд сыл рæстæй дуæрттæ æхгæд цыдысты, уæддæр), йæ тæлмацты фæдыл дзырдтой æмæ дзурынц, Грисы сфæлдыстад фæлгъауджытæй, сæ фылдæр цæсгомджын аргъ скодтой Грисы фыдæбæттæн.

Хорз у, æмæ æдзæстуарзон «критиктæ» лæмæгъдæр æмæ цъусдæр уыдысты, Грисæн абоны бон дæр табу чи кæны, йе сфæлдыстад ын Сæнайы хохы бæрзæндмæ чи систа, уыдонæй. Цъыфкалджытимæ абаргæйæ, Грис уыдис комы йаргъ, йæхи загъдау, хуымыдзаджы аргъ. Æниу бæрæг уыд уый дæр, Грис уыдонæн ахуыргæнæгæн кæй бæззыд, Грисимæ уыдонæй æфсондзы ифтыгъдæй ничи ранцадаид, иувæрсыгæй сæ куы сифтыгътаис, уæддæр.

Байхъусæм уал фыццаг цæстуарзон критикты хъуыдытæм æмæ уый фæстæ ракæндзыстæм, гæдыйы хъуырыл дзæнгæрæг чи кодта, уыцы мыстыты кой дæр.

Грисы ном, кад æмæ йе сфæлдыстады тыххæй Нафийæн ахæм мысинаг баззад: «Как-то зашел среди наших писателей спор: кого из поэтов Осетии выставить против дагестанского Расула? Подумали и решили: кроме Гриса Плиева – некого. И по своим энциклопедическим знаниям, и по мудрости, и по эстетической культуре стиха». Нафи уæд сагъæсгæнгæйæ фыста: «Ушли и патриархи Кавказской поэзии. Кто теперь займет их место?».

Дуг йæ бон калы, дæ къух дын куы араза рæстырдæм дæр æнæраст митæн дæр, уæд царды хъулон митæ сарæх вæййынц. Йæ рæстæджы Хъаныхъуаты Инал йе ‘мдзæвгæ «Фæцæрæн нæй»-ы афтæ загъта: «Фæцæрæн нæй ахæм ран, цыран хæрам лæг растыл райы».

Грисы хæстон поэзи, ивгъуыд историон дуг æвдисæг æмдзæвгæтæ, йæ диссаджы хæрзгъæд поэмæтæ, йæ пьесæтæ æмæ æндæр куыстытæм цы фаутæ хастой, уыдон рæстаг дуджы атадысты, нал разындысты, уыцы уацмыстæ абоны бон дæр æнæфау, рæсугъд фæлыстæй кæсынц сæрбæрзондæй.

Грисыл æрхъулагæнджытæ рæстдзинады раз лæмæгъ разындысты. Поэт уыдон ныхмæ хъазуатон тохгæнæг уыд. Тых æмæ йын ныфс лæвæрдтой, йæ рахиз фарсмæ чи æрлæууыд, уыдон. Уыдон та уыдысты: Нафи, Цæрукъаты Алыксандр, Джыгкайты Шамил, Хъодзаты Хсар, Гафез, Бестауты Георги, Ходы Камал, Дзуццаты Хадзы-Умар.

Раст у, Грисæн бирæ хæлæрттæ уыд Ирыстоны æмæ уымæй дарддæр, фæлæ, зæгъæн ис, уыдонæй иууыл æввахсдæр йæ зæрдæмæ уыд Нафи.

Ирыстоны культурон фронтыл хъуыдыгæн-гæйæ, Грис иу ран афтæ зæгъы: «Тæрсын, æртынæм азты фæуды нæм хистæр фæлтæр хицæн культы азарæй куы фесæфтысты, уæд нæм цы афтид уавæр сæвзæрд, ахæм та куы фæзына ногæй. Фæлæ иунæг хуыцауы фæрцы, Нафи ис, йемæ ма иу цалдæр адæймаджы, кæд уыдон сæфты уавæр нæ  бауадзиккой» (æппæлы Шамилæй Г.П.)

Нафи бирæ ахсджиаг ныхæстæ загъта Грисы лæгдзинæдты фæдыл, стæй йæ вазыгджын æмæ алыварсон сфæлдыстады фæдыл дæр. Йæ сæйрагдæр хъуыды у ахæм: «Грис –     поэтическая личность – явление большое и значительное в истории осетинской литературы. В лице Гриса Плиева осетинская художественная мысль имеет дело с крупной поэтической фигурой, требующей серьезного внимания и верных критериев оценки».

Нафийæн ацы ныхæстæ дзурæг сты – хорз зонгæ уыд Грисы вазыгджын сфæлдыстадимæ.

Грисы сфæлдыстадон къæбицимæ хорз зонгæ уыд зынгæ ирон поэт Цæрукъаты Алыксандр дæр. Уый хъуыды та ахæм у: «Ирон лирикæйы Къоста æмæ Нигеры фарсмæ адæймаджы миддунейы æрфыты дарддæр чи ацыди, уый (Грис-Г.П).  Æмдзæвгæйы байтаман, дæсны зæрингуырд, ног байтаман, формæтæ аразæг æмæ агурæг, нæ поэзийы авналæнтæ фæуæрæхдæр кодта, систа йæ бæрзонддæр къæпхæнтæм, æз зæгъин: ранæй-рæтты æппæтдунеон поэзийы уæзæгмæ!

Грисы аивад – æнусмæ æрыгон, рæсугъд, цæрдхъом, размæ тындзæг». Плион йе ‘нусон бынатмæ куы ацыд, уæд Алыксандр зæрдæрыстæй ныуулæфыд æмæ загъта:

 

«Поэт хуыцауæй уæлдай нæу,

Æрвон йæ судзгæ монц, йæ хъуыды…

 Нæ Ирæн чи раива дæу,-

 Æндæр нæ фæзындзæн рæхджыты!».

 

Арф ныхъхъуыды кодта Шамил Грисы адæймагадон æууæлтыл, йе сфæлдыстадон фæндæгтыл. Йæ хъуыды ахæм у: «Грисы эстетикон быцæу у æрдзон ныхас, фæнды йæ ахæм стихтæ фæлдисын «Цыма сыл иу æрмдзæф дæр нæй», цыма æрдзы фæзындау сæхигъæдæй сæнтыстысты, ахæм сыгъдæг æмæ сæрибар рæнхъытæ. Грисæн поэты идеал у Къоста – уый уыд æмæ у «æлвæст æхсаргард» тыхми, фыдæх æмæ æлдарады раз».

Куырыхон Грисы уарзон кæсдæртæй иу уыд Цомартаты Изæтбег дæр. Егъау аргъ кодта Грисы лæгдзинад æмæ стыр курдиатæн. Йæ хъуыды ахæм уыд: «Плиты Грис райгуырдис Хуссар Ирыстоны, йæ цард та арвыста Цæгат Ирыстоны. Дыууæ Иры баиу сты йæ зæрдæйы, æмæ дзы ссыгъди рæсугъд поэтикон стъалы. Цалынмæ зæххыл ирон адæймаг цæра æмæ йæ фыдæлты хæзнатæ, цæсты гагуыйау, хъахъхъæна, уæдмæ, Бонвæрнонау æрттивдзæни уыцы стъалы».

Йæ буц хистæрыл нымадта Грис Дæбейы. Хæсты быдырæй уымæ дæр фыста: «Пусть твои песни, поэмы, рассказы, романы и драмы множатся и становятся все изящней и изящней».

Йæ царды бонты Грис ирон литературæйы рæзтмæ тынг дардта йæ хъус. Цы ногдзинæдтæ гуырди, уыдоныл-иу фæцин кодта, стæй-иу схæцыд арфæтыл сæ автортæн, аргъ кæныныл сæ уацмыстæн.

Гафезы пьесæ «Бæсты фарн» куы бакаст, уæд æм афтæ фыссы: «Язык твой, как всегда соответствует мыслям и идее произведения, он выразителен, поэтичен и, главное, легко будет играться актерами в произношении».

Грисы йæ хæлæрттæ сæ чингуытæй куыд рæвдыдтой, уый æргомæй зыны, цы дзуаппытæ сын дæтты, уыдонæй. Зæгъæм, Дзугаты Геормæ фыссы: «Цы чиныг мын æрæрвыстай, уый æхсызгонæй бакастæн, бирæ бæрзонд поэтикон нывтæ, сагъæстæ, зæрдæрайæн æмæ хæрзудгæнæн хъуыдытæ дзы ис, бирæ поэтон ног аивдзинæдтæ, бæрзонд поэтон культурæ».

Тынг барухс йæ зæрдæ Нафийы хуынæй дæр. Зæгъы дзы: «Нафи мын йæ арæзт Къостайы чиныг рарвыста йæ раздзырдимæ. Мæ зæрдæ мын иттæг барухс кодта разныхасæй дæр æмæ чиныджы арæзтæй дæр. Кæдæй-уæдæй Къоста раст арæзтæй рацыдис мыхуыры, арф хъуыдыджын æмæ уарзон ныхас æрцыдис йе сфæлдыстадыл».

Стыр æмæ хъаруджын зиууоныл банымадта Грис Бестауты Гиуæргийы.

Фыссы йæм 1963 азы: «Дæсны быд æвзагæй узæлынц де стихтæ зæрдæйыл».

Стыр лæгдзинадыл банымадта, Грис Бестау «Стайы цармдарæг» иронмæ куы раивта, уæд уыцы хъуыддаг, рахуыдта йæ «Саг лæг».

Тынг фæмаст кодта Бестауы рынчыныл, нымадта йæ Хуыцауы фыртыл.

Грисы цæсты кадджын уыд Дзуццаты Хаджи-Мурат дæр. Гафезмæ афтæ фыссы: «Он один из тех, на кого можно и должно надеяться, – талантлив, трудолюбив, скромен».

«Хадзыйы фыстытæй бирæтæ барухс кæнынц мæ зæрдæ, баззайынц мæ хъуыдыйы, æхсызгон дисыл мæ бафтауынц, сæ ногдзинадмæ, расыг лæгау джихæй баззайынц».

Рæстдзинады сæрвæлтау йе ‘хсаргард йæ къухæй никуы ахауд. Йæ удхæссæг уыдысты Гæгутæ, лыскъ зæрдæйы хицæуттæ, Гамхуды бын зарæггæнджытæ, фæлитойтæ æмæ быныбырдтæ, Секъайы загъдау – «дæлбынтыдзæуæг къæбылатæ».

Ирон лæг ирондзинадыл рыг абадын чи нæ уагъта, саргъ æмæ уарт чи уарзта, Чермены зарæг чи ныццæлхъ ласта – уый уыд Грис Роцки. Лæгæй лæджы тæф хъуамæ цæуа, – ахæм зондыл хæст уыдис Грис йæ царды бонты.

Æрдз ын радта хъару æмæ зонд, лæгдзинад æмæ намыс, куырыхондзинад æмæ мæлгъæвзаг æмæ сæ пайда кодта йæ адæмы рухс фидæны сæраппонд.

Æнæрынцой зæрдæйы хицау уыд, фæллад нæ зыдта, бон нæ бадт, æхсæв нæ хуыссыд    æмæ Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау агуырдта царды фæндæгтæ. Бирæ цæлхдуртæ уыд йæ разы; бирæ хъылма тыдтой йæ фæндæгтыл, фæлæ тохгæнæг поэт никуы фæтарст, никуы æркъул кодта йæ сæр.

Разагътайы поэт, куырыхон драматург, курдиатджын тæлмацгæнæг, йæ Иры, хион къабæзты бирæ чи уарзта, уыцы Грис цæрдзæн, цалынмæ фæстаг ирон лæг иронау дзурæг уа, уæдмæ.

ПЛИТЫ Гацыр,

Хетæгкаты Къостайы номыл

                                    Паддзахадон премийы лауреат

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.