Хъæуы историйæ

Адæм сæ царды кой кæм кодтой æмæ абон бынтондæр чи федзæрæг ис, уыдонæй сæ иу – Дзауы районы Хахеты хъæу. Ам фыдæлтæй фæстæмæ цардысты дыууæ мыггаджы – Бæззатæ æмæ Гæджитæ, æндæр мыггæгтæ дзы нæ уыд. Цæмæй цардысты, сæ цард куыд арæзтой, уыдонæн æвдисæн уыд сыхаг хъæу Синагуры скъолайы директор Бестауты Аркъади.

“Йæ равæрдмæ гæсгæ Хахеты хъæу рæсугъд æрдзы хъæбысы æрбынат кодта. Уыд хæхты рæбын, раст æй, цыма, аудаг мадау æрбахъæбыс кодтой, афтæ зынд дардæй йæм ракæсгæйæ. Æмæ сæ хæхтæ дæр уарзтой, уымæн сæ æлвæстой сæхимæ, уыдон сын лæвæрдтой тых, æнæниздзинады, уæнгрогдзинады, æхцондзинады хос. Цард сын æнæ хæхтæй, æнæ сæ уарзон хъæуæй æнæад уыд. Æнцонвадатдæр хъæуы, кæнæ горæты æрцæрын сæ фæсонæрхæджы дæр уымæн никуы æрцыд.

Хахеты хъæуы бæрзонд æмæ сæрыстыр хæхтæ, фыдæлтæй фæстæмæ дæр быгъдæг никуы уыдысты. Цал æмæ сыл цал хуыз зайæгойы задис, цал æмæ сæ цал хуыз хъæддаг цæрæгойы цардис. Ам алы ададжы дæр дæлвæз быдырты `рдæм згъордтой цъититы æмæ зæххы бынæй  абузгæ дæттæ. Фæлæ уæддæр, уыцы хæхтæн, сæ иууыл стырдæр хъæздыгдзинад уыдысты, сæ хъæбысы цæрынæн бынат чи равзæрстой æмæ сæ фæллойы зарæг уырдыгæй кæмæн хъуыстис, уыцы цæрджытæ”- загъта Аркъади.

Хахетæн йæ равæрд ахæм уыд æмæ дзы æппæт уавæртæ дæр уыд фосдард æмæ зæххы куыст райтынг кæнынæн. Æндæр хъæуты куыд уыд, зæххы тыххæй-иу сæм хъаугъатæ куыд рауад, ам афтæ нæ уыд. Дыууæ мыггагæй алкæмæн дæр уыд йæхи зæххытæ æмæ сæ хуыдтой, кæй уыдысты, уыцы мыггаджы номæй.

Зымæгон бонты, куыд æндæр бæрзонд хæххон хъæуты, афтæ Хахеты хъæуы дæр мит уараг уыд. Акæсæнтæ-иу нал уыдис къæсæрæй-къæсæрмæ. Фæлæ хахеттæгтæ сæ зымæгон бонтæ дæр æрвыстой кæрæдзийы æнцойæ. Хъæстаг нæ уыдысты сæ цардæй, цардысты сæхи тыхтæй. Дардтой фос, куыстой сæ хæдзаргæрон зæххытæ æмæ ма-иу сæм уæлдай цы аззад, уый та уæй  кодтой. Иудзырдæй, разы уыдысты сæ цардæй.

Хъæуы трагеди

О, карз сты хæхтæ, сæхи карз закъæттæ сын ис, фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ уæддæр цæрынæн ам равзæрстой хахеттæгтæ. Куыд ма загътам, æгæрон уарзтæй уарзтой сæ хæхты, сæ хъæуы фидауц сæ хуыдтой, буц æмæ сæ сæрыстыр уыдысты. Гъе, фæлæ сын уыцы бон – 1991 азы 29-æм апрелы æгæрон стыр маст æрхастой. Æмæ канд уыдонæн нæ, фæлæ æгас теделетгомæн, æгас Ирыстонæн дæр. Æниу, хæхты аххос дæр цы уыд, сæ быны сæвзæрыд æгæрон æрдзон тых, нынкъуысын сæ кодта æмæ иу уысммæ бабын сты хъæу æмæ йæ цæрджытæ. Рафæлдæхт сыл сæ сæрмæ иууыл стырдæр æмæ рæсугъддæр хох.

Уыцы уалдзыгон хъарм, рæсугъд бон æнцад нæ бадтысты хахеттæгтæ. Чи йæ хуымзæххытæ хуым кæныныл архайдта, чи та йæ хæдзарон митыл.

“Абон дæр мæ цæстыты раз лæууы, хъæуы кæрон дыууæ стыр галæй чи хуым кодта, уый æд галтæ зæхх уæлæмæ куыд систа, стæй сæ куыд аныхъуырдта, уый. Чи йæ федта, уыдоны абон дæр дисы æфтауы, ахæм цъæх-цъæхид сыджытцъыф рацыд хъæуыл æмæ дзы лæг иу ведрайы    бæрц не сфæрæзтаид.

Хахет… Нæ адæмы судзагдæр æмæ дудагдæр ристæй ссис сæ иу. Уæвгæй, алы фыдбылызмæ дæр æнхълмæкæсæн уыд, фæлæ Дзауы районы дæрддагдæр хъæу, ахæм райдзаст уалдзыгон бон иу уысммæ сыджыты хъæлæсы аирвæза, æмæ йæ цæрджытæн æфсымæрон ингæн суа, махæй уый æнхъæл ничи уыд,” – мæстылгъæдæй дзуры Аркъади.

Ацы стыр æнамонддзинадæй Хуыцау бахызта Теделетгомы иннæ хъæуты цæрджыты, фæлæ æвыдæй нæ аирвæзтысты уæддæр сæ хæдзæрттæ, скъолатæ, æндæр бæстыхæйттæ – ныппырх сты. Кæд тарст уыдысты уыцы адæм, уæддæр фæдисы лыгъдысты Хахетмæ, цæмæй ма сын исты баххуыс кодтаиккой.

Амонд сæ бахъахъхъæдта

Тынг тагъд кодта уыцы бон Хахеты хъæуы цæрæг Бæззаты Исидор горæты йæ хъуыддæгтæ бабæстон кæнынмæ, цæмæй рæстæгыл баздæхтаид хъæумæ. Райсом сæумæцъæхæй рахæццæ горæтмæ, цалдæр хатты сфæнд кодта уымæй размæ дæр горæтмæ рацæуын, фæлæ йын нæ æмæ не `нтыстис. Цы бакодтаид, уалдзæг уыд æмæ хъæуы бирæ куыст уыд. Уымæй дарддæр ма хъæууон администрацийы нымæрдарæй дæр куыста. Æмæ уыдон дæр гъа, фæлæ, фосмæ, изæрзылд афонмæ хъуамæ рагацау бахæццæ уыдаид… Фæлæ уæдмæ æрцыд æнамонд цау… Исидоры йæ амонд бахъахъхъæдта. Фæлæ дзы æнæхъæн фыдыфыртæй йæхиуæттæ бабын сты… Æдæппæт 23 адæймагæй.

Уæдæй фæстæмæ ноджы тынгдæр бауырныдта Исидоры ирон æмбисæндты рæстдзинад, зæгъгæ “амонд йæ хъахъхъæнæг,” “алкæмæн дæр йæ амонд йæ ны­хыл фыст у.” О,уыцы бон Исидоры, æцæгæйдæр бахъахъхъæдта йæ амонд.

Йе `фсымæры лæппутæ дæр дыууæйæ аирвæзтысты уыцы стыр фыдбылызæй. Сæ иу уыцы рæстæджы футболæй хъазыд Синагуры скъолайы кæрты, иннæ та Теделеты хъæуы `рдыгæй хъæдуртæн хъилтæ кæнынмæ ацыд. Фæлæ се `ртыккаг æфсымæры, мад, фыд æмæ сæ æртæ хойы хъæуы æрыййæфта… Уыдонимæ сæ фыдыфсымæры зæнæджы дæр. Æрмæстдæр æртыккаг бон федта Исидор, йе `ввахс адæмæн ын зæххæнкъуыст цытæ бакодта, уый. Къахæй, машинæйыл æм цæуæнтæ нал уыд æмæ æрмæстдæр æртыккаг бон Хицауады сæрдар Хуыгаты Резо æмæ вертолетон æфсæддон хайы командир Востриковимæ вертолетыл батахтысты йæ уарзон хъæумæ, растдæр зæгъгæйæ, хъæууат дæр кæм нал уыд, уырдæм. Уый уыд æгас Ирыстоны сæфт дæр æмæ йæ Хицауады Сæрдар, афтæмæй куы федта, уæд йæ цæссыг нал урæдта…

Исидор уым баззад, фæлæ Хуыгаты Резо æмæ Востриков ратындзыдтой Къуайсамæ, уым та æгъатыр зæххæнкъуыст цы  стыр зиæнттæ ракодта, уыдон бæрæггæнæг…

Уæззау фыдæвзарæн уыд уыцы рæстæг Исидорæн. Рацу дæ хæдзарæй, æмæ кæдæм бацæуай, уый дын мауал уæд. Мауал ахæсс дæ цæст, кæм хъомыл кодтай, цардæн йæ хæрзтæ æмæ йæ зындзинæдтæ дæр цы уæзæгыл бавзæрстай, ууыл. Мауал схæцæд дæ цæст, дæ иууыл æввахсдæр хиуæттыл, дæ сыхæгтыл, дæ   хъæубæстыл. Æххуысмæ сæм бæргæ фæзындысты горæтæй дæр, стæй Синагуры гуырдзиаг хъæутæй. Цыппар адæймаджы дзы бахаудысты гуырдзиæгтæй дæр. Уыцы бон уыдон калакъода кæрдæг тонынмæ рацыдысты Пъереуы хъæуæй æмæ сæ агуырдтой сæхиуæттæ…

Ардæм тагъдыл æрцыдысты Японæй æмæ Мæскуыйæ дæр ахуыргæндтæ. Фæ­зындысты сæм ирвæзынгæнджытæ дæр, фæлæ ма кæмæн цы йæ бон уыд баххуыс кæнын. Сæ бон ма æрмæстдæр цы бацис, уый – Исидорæн йе`фсымæры лæппуйы мард буары Пъереуы хъæуы цур ссарын. Уырдæм æй сыджытзæй йæ разæй аскъæфта. Ссардтой йын йе `фсымæры чызджытæй сæ иуы дæр. Фæлæ дзы йæхи хуызæнæй ницыуал уыд. Базыдтой ма йæ, йæ къухыл æдзух цы къухдарæн хаста, уымæй. Кæмæндæрты ма дзы ссардтой сæ буары хæйттæй – кæмæн йæ къух, кæмæн йæ къах… Иннæтæн Хахеты сæрмæ иууыл стырдæр хох – Исидоры зæрдæмæ чи цыд – йæ хæдзары дæр уыцы хохы хæдрæбын уый тыххæй сарæзта – уый ныр  хахеттæг­тæн, æппæт йæ хиуæттæн, 29-æм апрелы æнусон хъæццул ссис…

Ахæм уæззау уавæрты Теделетгомы цæрджытæ се `намонддзинады сæхи иунæг не `нкъардтой. Цхинвалы цы вертолетон æфсæддон хай уыдис, уый ардæм организаци кодта вертолетон рейсытæ.

Сарæзтой сын иумæйаг цырт

Цард уæддæр иу ран нæ лæууы. Цæуы дарддæр æмæ сæрæгасæй чи баззадысты ацы хъæуы цæрджытæй, стæй комы цæрджытæ дæр, кæд стыр фыдæвзарæнты ныххаудысты, уæддæр чи бабын сты, уыдоны рухс нæмттæ арынæн цыдысты ардæм æмæ сæм дзынæзтой хохсыджыты бынмæ, хæлар сын кодтой сæ цæссыджы хай. Скодтой сын иумæйаг хист. Аргæвстой цыппар галы æмæ сын рухс загътой. Уыцы бон фæстейæ ничи баззад Сачхерегомы цæрджытæй дæр. Цыдысты алы æмæ алы рæттæй æмæ сæхи цæстæй уыдтой, Иры зæххыл уæдмæ чи никуы æрцыдис, уыцы æнамонддзинады фæстиуджытæ æмæ фæстæмæ цæссыгкалгæйæ здæхтысты.

Ам, Хахеты трагедийы амæттæгтæн нæ республикæйы  хицауады  æххуысæй арæзта æрцыд иумæйаг цырт æмæ йыл ныффыстой Бæззаты Маруся, Бæззаты Петр, Бæззаты Вова, Бæззаты Фрося, Бæззаты Валери, Бæззаты Виленæ, Бæззаты Эллæ, Бæззаты Эммæ, Бæззаты Омар, Бæззаты Асиат, Гæбæраты Людмилæ, Бæззаты Ацæмæз, Бæззаты Гаврил, Бæззаты Зарæ Бæззаты Жаннæ, Бæззаты Вандæ, Бæззаты Джумбер, Бæззаты Оксанæ, Бæззаты Эльбрус, Бæззаты Аленæ, Бæззаты Альвинæ, Бæззаты Лаврент, Бæззаты Еленæ, Бæззаты Елисо, Бæззаты Ксения, Бестауты Соня, Гæджиты Эдуард, Гæджиты Абулла, Гæджиты Тикъо, Гæджиты Эльмæ, Гæджиты Иван, Гæджиты Наирæ, Гæджиты Роберт, Гæджиты Гамлет, Гæджиты Иринæ, Гæджиты Дуся, Гæджиты Тинæ, Гæджиты Варя, Гæджиты Евразия, Гæджиты Елизаветæйы нæмттæ. Æдæппæт 40 амæттаджы… Сæ иууыл кæстæрыл цыд фараст мæйы, иууыл хистæрыл та 84 азы. Иу стæмтæй дарддæр сабитæ, æвзонг адæймæгтæ, цардбæллон адæм…

Цы гæнæн ис, адзалæн мадзал нæй. Ахæм разынд сæ хъысмæт хахеттæгтæн.

Ууыл фæцис ацы адæмы хъæуы цард æмæ йæ цæрджытæ фæлтæрæй фæлтæрмæ цы истори фыстой, уый дæр. Ардæм ма æрмæстдæр цæудзысты, чи бабын сты, уыдоны хиуæтттæ. Фæлæ сæм хъæубæсты номæй ничиуал ракæсдзæн. Сæ дардыл угæрдæнтæй нал райхъуысдзæн сæ цæвджыты æхситт, сæ сæрвæттæй та фыййауы зарæг. Сæ уæзгуытæй нал райхъуысдзæн уасæджы уасын, куыдзы рæйын…

Уыцы бон ма хъæуы цæрджытæй хъысмæт кæй бахъахъхъæдта, уый дæр, æвæц­цæгæн, æнæхъуаджы нæ уыд – чидæр ма хъуамæ хахеттаджы ном хæсса, мыса сын сæ ном, цæмæй сæ ма рох кæной æмæ нæ кæстæр фæлтæртæ зоной, кæддæр кæй уыд ахæм фæрнæйдзаг ирон хьæу – Хахет.

Рухсаг у, Хахет дæ цæрджытимæ…

    БЕСТАУТЫ Валя

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.