10-æм октябры Анахарсисы номыл Паддзахадон национ библиотекæйы ауагъдæуыд номарæн изæр зынгæ ирон поэт, прозаик æмæ тæлмацгæнæг Плиты Грисы райгуырдыл 105 азы кæй сæххæст, уый сæраппонд. Мадзалы хайад райстой Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты лектортæ æмæ студенттæ, скъолаты ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæ, афтæ ма интеллигенцийы æндæр минæвæрттæ. Уыдис дзы уазджытæ Цæгат Ирыстонæй дæр, кæцытæ лæгæй-лæгмæ зыдтой Плиты Грисы.

Мадзал йæ раныхасæй байгом кодта библиотекæйы кусæг Тъехты Ингæ. Уый фæстæ Плиты Грисы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй доклад бакастис библиотекæйы ирон хайады сæргълæууæг Сланты Заирæ.

Паддзахадон университеты ирон литературæйы кафедрæйы сæргълæууæг Плиты Гацыр йæ раныхасы лæмбынæг æрдзырдта поэты цард æмæ сфæлдыстадыл æмæ банысан кодта, зæгъгæ Грисы æнæаххосæй æфхæрдтой йæ рæстæджы.

«Грис йæ бонтæ арвыста тохы, Фыдыбæстæйон хæсты нæ, фæлæ бынæттон тохы, йе’сфæлдыстадыл, йæ хæдзарвæндагыл ын цъыф чи калдта, йæ фæндæгтæ йын чи æхгæдта, уыдонимæ. Тынг бирæ рæстæг Грис йæ къух мыздыл никуы æрфыста, фæлæ никæмæ дæр куыстагур бацыдис, никæмæн дæр лæгъстæ бакодта » – банысан кодта Плиты Гацыр.

«Грисы фæрцы ирон æвзагмæ тæлмац æрцыдис Шекспиры сфæлдыстад. Театры кусджытæ йæ хорз зонынц, куыд тæлмац сты, оригинал тексты хъуыды куыд хорз радæтта» – загъта ма Плиты Гацыр.

Ныхасы ма рацыдысты филологон зонæдты кандидат Дзабиты Зарбег, Цæгат Ирыстоны адæмон артист Мамсыраты Тасолтан æмæ æндæртæ.

Студенттæ æмæ скъоладзаутæ бакастысты Плиты Грисы фыст æмдзæвгæтæ.

Кæронбæттæны библиотекæйы директор Кокойты Валерия бузныджы ныхæстæ загъта мадзалмæ æрбацæуджытæн.

 Джиоты Александр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.