Æрвылаз дæр 28-æм октябры банысан кæнынц дзюдойы æппæтдунеон бон. Ацы боны цытæн абон ссардзыстæм 1960 азты кæрон 1970 азты райдианы Советон Цæдисы тыхджындæр дзюдоисттæй иу – Танделаты Геннадийы ном.

Райгуырд 1947 азы 12-æм августы Знауыры районы Дидмухайы хъæуы. Æрдз ын схай кодта тынг хорз физикон бæрæггæнæнтæ. Кæстæр кълæсты ахуыр кæнгæйæ, Геннади архайын райдыдта гуырдзиаг национ хъæбысхæст «чъидаоба»-йæ. Хуссар Ирыстоны хистæр фæлтæр хорз хъуыды кæнын Советон Гуырдзыстоны хъæууон районты улæфтбонты регулярон æгъдауæй хъæбысхæсты ацы хуызæй ерыстæ. Геннади алыхатт архайдта ерысты æмæ-иу алы хатт дæр фæуæлахиз йæ ныхмæлæуджытыл.

Цалдæр азмæ ноджы сфидар æмæ йæхицæй хистæр æмæ фæлтæрдджындæр спортсменты-иу рамбылдта. Уыцы рæстæджы хъæбысæйхæцджыты нæ дих кодтой уæзты категоритæм гæсгæ. Фæлæ-иу Танделы фырт йæ уæхсчытыл авæрдта йæхицæй уæззаудæр спортсменты.

1966 азы  Советон Гуырдзыстоны æвзæнгты ‘хсæн ерысты ирон лæппу ссис иууыл тыхджындæр. Уымæй иу азы фæстæ та сыгъзæрин майдан рамбылдта фæсивæдон чемпионаты. Цалдæр хатты Хуссар Ирыстоны Автономон областы чемпионатты бацахста фыццаг бынæттæ хистæр кары спортсменты ‘хсæн. Чъидаобайы йе стыр æнтыстыты тыххæй йын саккаг кодтой «Гуырдзиаг хъæбысхæстæй Советон Гуырдзыстоны спорты дæсны»-йы кадджын ном. Спорты ацы хуызы турниртæй сæ иуы Геннадийы архайдмæ каст дзюдойæ зынгæ тренер Гурам Папиташвили. Уый бацæттæ кодта тыхджын спортсменты къорд. Фæлтæрдджын тренер уайтагъд фæхатыд Геннадийы потенциал æмæ йæ фæхуыдта Гурмæ  уымы дзюдойы секци уыд зонгæ кæнын Советон Цæдисы тыхджындæр секцитæй сæ иуыл.

Танделы фырт сразы æмæ æппæт тыхтæй архайын райдыдта спортивон дзюдойы дæсниады сусæгдзинæдтимææ. 1968 азы не ‘мзæххон Советон Цæдисы æмбырдгонды сконды хайад райста Япон æмæ Германы æмбырдгæндтимæ хæларадон матчты æмæ ацы турниры фæлгæтты тохтæ иууылдæр рамбылдта. Ганнади йæ спортивон карьерæйы иу ххатт рамбылдта фидæны дунейы дыууæ хатты чемпион (1975 æмæ 1979 азты) чи сси æмæ Монреалы Олимпион хъæзтыты бронзæйон призер  чи уыди, уыцы япойнаг  Эндо Сумиойы. 1969 азы Геннади дыккаг бынат бацахста дзюдойæ Тбилисы традицион æхсæнадæмон турниры, уым уæд истой хайад дунейы хуыздæр дзюдоисттæ. 1971 азы та Таллины рамбылдта сыгъзæрин майдан уагъдцæуæг Советон Цæдисы абсолютон чемпионаты. Татамийыл стыр æнтыстыты тыххæй 1973 азы 24 декабры Танделайы фыртæн радтой «Дзюдойæ æхсæнадæмон къласы Советон Цæдисы спорты дæсны»-йы кадджын ном.

Стыр æнтыстытæ йæ къухты бафтыдис самбойæ дæр: 1968 азы ссис Советон Цæдисы Универсиадæйы чемпион æмæ Мæскуыйы егъау æхсæнадæмон турниры æвзист призер. Уыцы азы 25 октябры та йын радтой «Самбойæ Советон Цæдисы спорты дæсны»-йы ном. 1969 азы æвзист майдан рамбылдта Цахкадзоры Советон Цæдисы фæсивæдон чемпионаты. 1971 азы Танделы фырт фыццаг бынат бацахста æхсæнад «Буревестник»-ы ‘хсæн Советон Цæдисы чемпионаты æмæ дыккаг призон бынат та –  Советон Цæдисы адæмты Спартакиадæйы. Уымæй дарддæр ма, 1968, 1969 æмæ 1971 азты Хуссар Ирыстоны Автономон областы спортсмен фæуæлахиз Советон Гуырдзыстоны чемпионаты.

Дзюдойæ хуссарирыстойнаг ветерантæ сæ мысинæгты куыд зæгъынц, уымæ гæсгæ Геннади уыд техникон æгъдауæй тынг фидар спортсмен. Йæ сæрты, дам-иу æнцонтæй фехста йæ ныхмæлæуджыты. Æмæ-иу сæ рамбылдта. Спортивон карьерæйы баззад дунейы тыхджындæр дзюдоист Сумио Эндойыл кæй фæуæлахиз, уый. Танделы фырт  цæвиттойнаг уыд кæстæр фæлтæрæн. Дисгæнгæ-иу ын кастысты йæ хъæбысхæстмæ куыд дзюдо, самбо, афтæ чъидаобайæ дæр. Уыимæ уыди удвидар æмæ ныфсхаст адæймаг. Хистæр, уæззаудæр æмæ фæлтæрдджындæр спортсментимæ  ерысты никуы фæтыхст æмæ-иу сыл æнцонтæй фæуæлахиз.

Спортивон карьерæ фæуыны фæстæ нæ зынгæ æмзæххон кусын райдыдта тренерæй Гуры. 1980 азты кæроны Гуырдзыстон ирæтты ныхмæ хæст куы расидт, уæд йæ бинонтимæ ацыд Цæгат Ирыстонмæ. Йæ фæллойадон архайд куы ныууагъта, уæд йæ цардæмбал Гæззаты Раяимæ æрцардысты Алагиры. Стыр хъыгагæн, зынгæ спортсмен æмæ йæ цардæмбалыл æрцыд уæззау трагеди – фæмард сты сæ дыууæ фырты. Уый тынг бандæвта Геннадийы æнæниздзинадыл. Йæ царды фæстаг азты уыд уæззау рынчын æмæ 2021 азы 12-æм апрелы зынгæ спортсмен цардæй ахицæн 74-аздзыдæй. Баныгæдтой йæ  Алагиры. Йæ ном рох никуы уыдзæн йæ радтæг ирон адæмæй, æмткæй спортуарзджытæй.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.