Ирыстоны адæмон поэт Ходы Камалыл сæххæст 80 азы

Ходы Камалы поэтикон сфæлдыстад зынгæ бынат ахсы ирон дзырдаивады мидæг. Сыгъдæгзæрдæ æмæ уæздан адæймаг, курдиатджын поэт æмæ йæ æнувыд æхсæнадон кусæгæй зонынц поэты Ирыстоны дзыллæ. Йæ цард æмæ йæ куыст фæзминаг сты сфæлдыстадон фæсивæдæн. Йæ архайд, йæ хъуыды, йæ бæллицтæ – æгасæй дæр баст сты аивад, рæстдзинад æмæ Фыдыбæстæйы фидæнимæ. Йæ хуыздæр уацмыстæ стыр æвæрæн сты национ дзырдаивады хæзнадоны. Фыдызæххы историйы æртæ цæджындзы поэтæн сты – Ивгъуыд, Абон æмæ Фидæн. Уыдон куы нæ уой, уæд Нарты фæдонтæ никуы банкъардзысты Фыдызæххы ад, Уарзты хъарм æмæ Рæстдзинады сыгъдæгдзинад. Камалы поэтикон сфæлдыстад у дуджы айдæн, – ирдæй дзы зынынц рæстæг, цард æмæ æхсæнады сагъæстæ, цинтæ, бæллицтæ æмæ хъынцъымтæ. Ирон монон культурæйы дуæрттæ кæмæн байгом сты, ахæм разагъды лæг уæвгæйæ, Ходы-фырт чиныг чиныджы фæдыл нæ уадзы, фæлæ йæ алы уацмысы хъайтары фæлгонц дæр сгары уырзæй, райсы зæрдæйæ, зондæй скæрды. Уымæ гæсгæ Камалы лирикæ мидисæй у хъæздыг, сурæттæй – аив æмæ нывæфтыд. Уымæн нæм хъуысынц йæ хъæлæс,    йæ ныстуан, йæ бæллицтæ.

Цæгат Ирыстоны адæмон поэт, республикæйы Фысджыты цæдисы правленийы сæрдар, (1990-2018) Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, Цæгат Ирыстоны Паддзахадон гимны автор, зынгæ æхсæнадон архайæг Ходы Камал сфæлдыста, æнæцæугæ ахадындзинад кæмæн ис, ахæм уацмыстæ. Сфæлдыстадон адæймаг, поэт, критик, драматург, тæлмацгæнæг æмæ публицист ссис XX æнусы кæрон – XXI æнусы райдайæн Ирыстоны литературон царды нывылгæнджытæй иу. Нæ разагъды фыссæг уæрæх зындгонд у канд Иры зæххыл нæ, фæлæ æнæхъæн бæстæйы дæр. Йæ поэтикон уацмыстæ тæлмацгонд æрцыдысты дæсгай æвзæгтæм, уыимæ йæхæдæг дæр ирон æвзагмæ раивта Софоклы, Расины, Шиллер æмæ Франкы драмæтæ, Джованни Бокаччо, Лопе де Вега, Шекспиры, Гейне, Пушкины, Плещеевы æмæ иннæты поэзи. Ходы Камал рагæй-æрæгмæ дæр æнгом баст у уырыссаг æмæ фæсарæйнаг поэтикон культурæимæ. Ходы-фырт райгуырд Ирыстоны, ахуыр кодта Мæскуыйы Максим Горькийы номыл литературон институты, йæ дарддæры цард та баст у фыдызæххы цин æмæ хъыг, кад æмæ рад, фарн æмæ æгъдауимæ.

Фæлæ уæддæр дзырдаивады дæсны æнцой нæ зоны. Йæ фараст чиныгæй алкæмæндæр (“Бонвæрнон”, “Цæхх æмæ кæрдзын”, “Кæмдæр ирон лæппутæ зарынц”, “Кар”, “Урс цæхæртæ”, “Ном”, “Æрттигъ”, “Хи радæй”, “Мыртæ”, “Балсæджы цалх”) ис йæхи цæсгом, йæхи мотивтæ, йæхи темæты тымбылæг, йæхи поэтикон жанрты алдымбыд. Уыцы æмбырдгæндтæй алкæй бындурæн дæр ис йæхи сæйраг ныхасыздæхт æмæ комулæфт. Чиныгæй-чиныгмæ фæлтæргай ивы йæ аивадон мадзæлтты ахадындзинад. Ходы Камалы лирикæйы бирæвæрсыгад райгуыры стихамайæджы хи æмæ æхсæнадон фæлтæрддзинадæй. Сæ фæстæ та мах банкъарæм, царды фæлварæнты æххæстæй чи бахсыст, ахæм адæймаг. Поэты лирикæйæн ис сабыр хъæлæс, фæлæ йæ бон у удгоймагон æмæ уыцы-иу рæстæг æппæтадæмон зæлтæ райсын. Ахæм æмиуад Ходы-фырты поэзийæн иугъæдон у, уымæн æмæ дзы автор дзуры йæхи тыххæй, мæн тыххæй, дæу тыххæй, ома, алкæй тыххæй дæр. О, уый афтæ у, фæлæ лирикæйы ахæм æрдзыхъæд сбæрæг вæййы æрмæстдæр стыр дæсныты сфæлдыстады мидæг.

Ходы Камалы поэзи бирæфæлтæрон у, фæлæ йæ кæсын æмæ æмбарынхъом сты иууылдæр, уымæн æмæ уый чиныгкæсджытæй йæхи иуварс нæ ласы, йæ хъузджы нæ бацæуы. Поэты лирикон хъæлæс мидсагъæс нæу, фæлæ дзыллон æхсæнадмæ – æргом ныхас. Зындгонд куыд у, афтæмæй автор сæрибар æмдзæвгæтæм кæй рахызт, уый дæр баст у уыимæ. Ирон поэзийы сæрибар æмдзæвгæмæ рахызт уæды заманы нымад цыдис “нырыккондзинады” æвдисæныл. Ходы Камал – бирæ литературæтæ хорз чи зоны – уымæн сæрибар æмдзæвгæ кæнæ верлибр “ногдзинад” нæу, фæлæ Гетейы номимæ баст дунеон поэзийы æгъдæуттæй иу. Поэт сæрибар æмдзæвгæмæ рахызтимæ стихамады иннæ хуызтыл йæ къух нæ систа – бафтыдта йæ йæ алдымбыды сыфтыл. Æмæ уыцы куырыхон къахдзæфы уыдис арф хъуыды. “Арф æнкъараг лирик, аив дзырды дæсны, уый æцæг уæлмонцадимæ зары гуманизмы идеалтæ, адæмты хæлардзинад æмæ æфсымæрдзинадыл. Йæ æмдзæвгæтæ дзаг сты адæймагмæ уарзтæй. Йæ зæрдæйæ цæуæг æргом рæнхъытæ сты æхцон, лирикон æмæ арф философон. Йæ фæлгонц дзырдарæзт йæ фæдыл ахоны, йæ зæрдæйы бын поэтæн царды рæстдзинады тыххæй бузныгад чи хæссы, уыцы чиныгкæсæгæн”.

Æцæгæйдæр, Ходы Камалы поэтикон дзырд у ирд, хъомысджын æмæ куырыхон стихамайæджы хæрсæ (дыгуронау – урок). Цы сæйраг хатдзæг дзы скæнæм, уый нæ хоны сагъæс кæнынмæ, нывгæнæджы ныхас нырыккон æхсæнады цы бынат ахсы, уый фæдыл. Удгоймагон æмæ æхсæнадон – уымæ сты, хи хъуыды æмæ поэтикон фæндиæгтæ быцæу ныхас кæм кæнынц, ахæм бындуры быцæутæ. Кæм агурын хъæуы поэтикон сфæлдыстады – цард æмæ фæлдзусад, йæ идеалтæ, йæ фæдыл сайæг нысан – адæймаджы мидæг æмæ æрдзы хъæбысы. Цæгат Ирыстоны адæмон поэты сфæлдыстад айдæны хуызæн æвдисы уыцы сфæлдыстады монон уавæры ныхмæвæрдад. Æмæ дæтты раст дзуапп уыцы фарстæн. Фæлæ ам нæ размæ рахизы ныхас поэты дæсныйады тыххæй, уый та райдайын хъæуы æвзагæй.

Ходы Камалы сæйраг нысан, фыццаджыдæр, баст у дзырды бæрзонд аивадимæ. Поэзийы æвзаг уый æвæры æмдзæвгæйы ранывæстæй бæрзонддæр: хорз уацмысæн уæвæн ис æнæфæуд ранывæстимæ дæр, фæлæ хорз æмдзæвгæйæн рæстæмбис æвзагимæ уæвæн нæй. Ходы-фырт йе ‘гас сфæлдыстадæй дæр мах ахуыр кæны хи рæдыдтытæй хизын, рæдигæ йæхæдæг дæр кодта, æцæг, сæ сæрты хизын базыдта. Уымæн дæр уыдис хорз ахуыргæнджытæ: Литературон институты цымыдисимæ архайдта Владимир Федоров æмæ Вероникæ Тушновайы сфæлдыстадон семинарты. Лæмбынæгæй хъуыста суинаг ирон поэт уæлдæр скъолайы зындгонд уазджытæ – Илья Эренбург æмæ Александр Твардовскимæ. Уыдон зæрдиагæй аудыдтой сфæлдыстадон фæсивæдыл, тырныдтой сын æххуыс кæнынмæ хъуыддагæй дæр æмæ ныхасæй дæр. Хистæр кары ирон фысджытæй та йæ дунеæмбарынадыл арфдæр æнкъарæнтæ ныууагътой нæ адæмон поэттæ Плиты Грис æмæ Цæрукъаты Алыксандр. Æмæ сыл цæуыл сахуыр ис, уымæ бафтыдта хи фæлтæрæнтæ. Хъысмæт, æвæццæгæн, алы стихамайæг дæр рахæссы тызмæг тæрхон æвзаг æмæ ныхасыздæхтæй æнусон дæлбарады тыххæй. Уый у, поэттæ барвæндонæй кæуыл сразы вæййынц, ахæм тæрхоны “æмгъуыд”.

Ходы Камалы иннæ “рухсгонд” сурæт та у поэтикон бæрцбарынад. Хъуыды æмæ зонынады бæркад домы хуыз æмæ мидисы хъæздыгад, ома, сæрмагонд дæсныйад. Бæрзонд сфæлдыстадон курдиат уымæн фадат дæтты йæ хъайтарты зæрдæйы хъыг æмæ цин уырнинагæй æвдисынæн. Дзырды фидыц æмæ рæстдзинад, æмдзæвгæйы алы хæйтты ранывæст, арф æнкъарæнтимæ æндавынц чиныгкæсджыты æмбарынад æмæ мидуавæрыл. Фæлæ æрмæст иунæг æддаг фидыцæн йæ бон нæу зæрдæйы тæгтæн сæ арфмæ æххæссын. Дзырдаивады æцæг æмвæзад поэты хъуыдæгыл мигъ нæ абадын кæны, фæлæ йын раргом кæны йæ рухсæнкъарæг айдæн. Ардыгæй æрдзон хуызы сæвзæры уацмысы аивадон æмвæзад, барæн æнтыстджын фæрæз. “Джиппы рæдыдтытæ ды куы уынай, – амоны нын йæ курдиатджын сфæлдыстадæй дзырдаивады дæсны, – уæд агур дæ мидисы хъæндзинæдтæ”. Уымæй æз зæгъынмæ хъавын, дунейы рæстдзинад Ходы Камалы фæлдзусад тауынмæ кæй разæнгард кæны, уый. Æмæ, куыд фæлтæрдджын поэт, афтæ уый рох нæ кæны йе сфæлдыстады хæрзхъæддзинад сбæрæг кæнынмæ. Ахæм æмгуыстады архайынц канд йæ курдиат нæ, фæлæ адæймаджы культурæ, профессион зонындзинæдтæ æмæ нывгæнæджы хи фæлтæрддзинад. Æрмæст рох кæнын нæ хъæуы сæйраг хъуыддаг: æмдзæвгæйы дæсны – уый стыр хорзæх кæнæ республикæйы адæмон поэты кадджын ном нæу. Æцæгдзинад поэтикон хуызы æнкъарынадæн нæдæр рæстæгон, нæдæр тематикон арæнтæ ис. Суанг стыр дæснытæм дæр æмбæлынц рæдыдтытæ, фæлæ уыдон дæснытæ уымæн систы, æмæ æппæт царды мидæг дæр тох кодтой сæ хъæндзинæдтимæ. Ходы Камалы поэтикон фæлтæрддзинад уырнинагæй куыд æвдисы, уымæ гæсгæ æмдзæвгæйы дæсныйæн куыд дарддæр, афтæ у зындæр. Фæлæ уыцы “зындзинад” у зæрдæйы уæлтæмæнадон уавæры бæлвырд монц æмæ æцæг цин.

Ходы Камалы нуарджын поэзийы æртыккаг миниуæгыл банымайæн ис йæ бæрзонд идейондзинады. Кæрæдзиуыл баст хъуыды æмæ аивадондзинады æмба-рынæдтæ æргомгæнгæйæ, мах иугъæдонæй февзарæм хуыз æмæ мидисы къæсæрыл. Уыцы æрдзон “къаимæ” абаргæйæ, поэты дæсныйадæн иннæ фарстытæн стыр ахадындзинад нæй. Формæ æмæ мидисы иудзинад эстетикæйы сæйраг уагæвæрд хуымæтæджы нæу. Сæ æмиуад ис, фыццаг – иннæйы кæй æххæст кæны, дыккаг та, ныхмæ хуызы мидисыл кæй æндавы, уым. Ардыгæй ратæдзы уацмысæн йæ аивадон ранывæстимæ иумæ æнгом бастæй аргъ кæныны зондахаст. Дзыр-даивадон уацмысты идейон мидис æвзарыныл къух сисын нысан кæны, критик формализммæ кæй рахизы, уый. Нывгæнæг æмæ æхсæнад, нывгæнæг æмæ сæрибары темæтæ зæххонты зондахаст сагъæстыл æфтауынц Афинаг демок-ратийы заманæй нырмæ. Ходы Камалы поэтикон аивадæн æхсæнадон ныхмæвæрдты цырен кæныны рæстæджы уыдис æнтыстытæ дæр æмæ къуыхцытæ дæр. Йе сфæлдыстадон мадзалы рæзтæн ахæм ахаст кæй ис, уый дæр уырнинагæй ууыл дзурæг у. Абон та, поэты алыварс дуне дыууæ дихы куы ацис, уæд нывгæнæг æмæ æхсæнады темæ ногæй схызтис æхсæнадон процессты сæрмæ. Поэт æмæ йе ‘мсис æфсымæртæ кæд раздæр паддзахады дæлбар уыдысты идейон æгъдауæй, уæд абон та бахаудтой “ног ирæтты” базарадон амынæты. Ходы Камалы йæ хъысмæт кæд бирæ хуызты фæлвæрдта, уæддæр æууæнкджынæй баззадис дзырдаивады бæрзонд æмвæзадыл. Æмæ уый зын бамбарæн нæу: алы æцæг стихамайæг дæр æвдисы йæ уæлмонц æнкъарæн, йæ адæм æмæ йæ курдиаты раз куыд æмбары, уымæ гæсгæ.

Ходы Камалы поэзийы цыппæрæм хицæндзинад ис æцæгдзинады сфæлдыстадон хуызы иртасынады. Аивадон æрмæг та йын сси царды уынгæ цау нæ, фæлæ, бирæ кæуыл фæсагъæс кодта, уыцы æнкъарæн. Ам, кæй зæгъын æй хъæуы, айдагъ хъуыды фаг нæу, хъæуы ма дзы зæрдæйы куыст фæлгонцы алыварс. Æмдзæвгæтæ райгуырынц арф хъизæмæртты бындурыл. Æмæ цас арфдæр уой уыцы æнкъарæнтæ, уыйбæрц тынгдæр бахъардзысты чиныгкæсæгмæ. Æнкъарæнтæ тæлмæнты фæрцы баныхæсынц кæрæдзиуыл. Уыдон дæр поэты зæрдæйы куы цæрой, уæд ис цардхъомыс æрмæг кæронбæттæн сагъæстæ æмæ хатдзæгтæн. Алцыдæр æвæрд ис нæ хъуыдæджы рæбинагдæр къуымты æмæ цардмæ рахизы уацмысы хъуыдыйы фæрцы, амайгæ та йæ скæны адæймаджы фантази. Ходы Камалы сфæлдыстадон фæлтæрддзинад куыд æвдисы, уымæ гæсгæ цардхъомыс æрæджы вазыгджын суадон у поэтæн йæхи цардæрфыст. Мæскуыйаг, хæххон æмæ денджызон æнкъарæнтæ зынгæ фæхъæздыгдæр кодтой стихамайæджы æмæ хорз бындур сæвæрдтой бирæ оригиналон уацмыстæн æмæ аивадон тæлмацтæн италиаг поэзийæ. Æндзыг азты заман Ходы Камал рæст-дзинадыл куы нæ тох кодтаид, уæд йæ бирæ программон æмдзæвгæтæ фыст не ‘рцыдаиккой. Иннæрдыгæй та, поэт æдзухдæр царды уавæртæм йæ хъус кæй дары, уый йын дæтты вазыгджын æууæлтæ йе сфæлдыстадæн. Афтæ зæгъæн ис поэты “национ колориты” тыххæй дæр. Уымæн дæр ис уыцы цардæгон æмæ биографион уидæгтæ.

Ходы Камалы поэтикон сфæлдыстады фæндзæм фарс та у нырыккондзинад. Уымæн йе ‘мбарынад фæлхатгонд цæуы тынг уæрæх. Фæлæ йын йæ мидис поэт æрмæст иунæг рæстæгимæ нæ бæтты – æмбындур æй кæны, æрдзимæ йын цы ахастдзинад ис, уыимæ дæр. Нырыккондзинад дзы домы фæлдзусад æмæ рæстдзинадмæ тырнынад. Нывгæнæджы уæлдæр хæс ис сæрмагонд æрттигъы (архайд – рæстдзинад – фæлдзусад) мидæг. Уырдыгæй гуыры Ходы Камалы бæрн – Абон æмæ Фидæны раз. Зындгонд куыд у, афтæмæй поэзийы эмоцион райдайæн йæхи ивазы ивгъуыдмæ, зондахастон та – фидæнмæ. Уымæ гæсгæ Ирыстоны адæмон поэт иу цалдæр дæсазоны дæргъы æнтыстджынæй пайда кæны дыууæ аивадон фæрæзæй дæр, уымæн æмæ хорз æмбары дунейы уынынад, авторы æрмдзæф æфсады æрмæстдæр нырыккондзинадимæ бастæй. Æмæ йе ‘нкъарæнты æвдисы йæ дзыллæйы хæс, курдиаты фарн, йæ аивадон æрмдзæфимæ æнгом бастæй. Æнæхъуаджы æрмæг ын у, арф кæй банкъардта æмæ бирæ кæуыл фæсагъæс кодта, уый. Æрдзон фæзындтæ кæрæдзиуыл арæхстджынæй кæй ныхасы, уый фæрцы Ходы Камал йе ‘нкъарæнтæ байтауы рæстæг æмæ тыгъдады дæрддзæфы мидæг. Уый йын фадат дæтты æххæст æмæ мидисджын уацмыстæ фæлдисынмæ. Абоны цард поэты размæ сæвæрдта ног фæлварæн. Фæлæ уæддæр Ходы-фырты сфæлдыстадон царды фæндаг цæуы донæн йæ æрфыты æмæ бæрзонд хæссы поэт æмæ адæймаджы ном. Камал у æнусон фæллойгæнæг цард æмæ бæрзонд ныхасы сæраппонд. Фæндаг та йын уырдæм рæстæджы къæйдуртыл скарстой – æрдзон курдиат, монад æмæ фæлдзусад.

ХОЗИТЫ Барис

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.