(ПОЭТ ХЪОРОТЫ ХЪАЗБЕДЖЫ РАЙГУЫРДЫЛ ÆХХÆСТ КÆНЫ 110 АЗЫ)

Зынгæ ирон советон поэт, æхсæнадон архайæг, Хъороты Хъазбег бирæ фыдæвзарæнты бахауд æмæ  йæ царды бонтæ дæр цыбыр уыдысты. Рацард  æрмæстдæр 56 азы.

Хъазбег цы фæцард, уыдонæй уыд нæртон зиууон, хъæлдзæг æмæ ныфсджын, куысты – фæразон. Поэт йæхицæй куыд домдта, афтæ домаг уыд йе ‘мсисонтæй дæр. Уæндонæй сæм дзырдта:

        «Кæд поэты ном хæссæм, –

       Хъуамæ зарджытæ фыссæм,

       Хъуамæ хъуыса уæд нæ зард,

       Не’ мдзæвгæтæй худа цард».

Хъазбегæн йæ гуырæн бæстæ, йæ фыдæлты уæзгуытæ уыдысты бæрзонд Урстуалтæ, Беджызаты Чермены мæсгуыты бæстæ, Беджызаты Леуан æмæ Хъороты Агор фыдæлты хæзнатыл кæм дзырдтой, уыцы бæстæ.

Стæнæг ис Хъазбеджы Урстуалгом, фæлæ йыл йæ рæстæджы кады зарæг чи ныккодта – Беджызаты Чермен æмæ Уасо, Хъороты Дауыт æмæ Хъазбег, Дзесты Куыдзæг, Фæрниаты Дзибуш, Галуаты Аким, Гугкаты Шамил, Хæмыцаты Георги æмæ æндæртæ, Уыдоны нæргæ хъæлæс æй федзæрæг кæнын нæ бауадздзысты.

Хъазбег бирæ уарзта цард, арæх фæлхатт кодта: «Куыд хорз у цард».

Нæ уыдысты бæллиццаг йæ сабион бонтæ, райгуырд тугуарæн азты 1908 азы Ерманы хъæуы. Бинонтæ зæххъуаг, цыбыркъух уыдысты. Æнахъомæй райста фыййауы лæдзæг, æххуырст фыййауæн – схуыст къæбæр. Ахæм уыд йæ дуг Хъазбегæн.

Æвзонг лæппу федта 1918 – 1919 азты хабæрттæ, уæд бабын сты йæ мад æмæ йæ фыд, 1920 азы – 12-аздзыдæй фæхауæккаг Ирыстонæй, бахауд сидзæрдонмæ.

1923 азы Хуссар Иры сывæллæттæй иу хайы Дзæуджыхъæуæй æрæрвыстой Тбилисмæ. Уыдонимæ бахауд Хъазбег дæр. Ам ын фæцис фадат ахуырмæ бацæуынæн. Каст дзы фæцис 7- азон скъола, стæй йæ 1925 азы барвыстой типографимæ, куыста дзы чингуытæн цъæрттæ аразæн цехы. Уым ссис фæскомцæдисы секретарь. 1928 азы ахуыр кæнын райдыдта изæрыгон скъолайы –  комвузы. Иу афæдзы фæстæ Гуырдзыстоны Централон комитет Хъазбеджы æрбарвыста Цхинвалмæ типографийы директорæй.

Арæхстджын уыд куысты, нæ типографийы йæ къахыл сæвæрыны хъуыддаджы стыр куыстытæ бакодта. Фæкуыста дзы 1932 азмæ.

Æхсæнадон куысты цæхæр уыд, сæ зæрдæ дзы рухс кодта нæ хицауадæн æмæ йæ ракодтой фæскомцæдисы обкомы хистæрæй. Фæстæдæр та нысан æрцыд Рауагъдады директорæй. Бакуыста дзы 1937 азмæ.

1937 аз уæззау фæд ныууагъта нæ адæмы царды, уæд бабын сты нæ Иры интеллигенцийы хуыздæр минæвæрттæй бирæтæ. Тарды дуг уыд. Бирæтæ дзы сæ мæлæт кæм ссардтой, уый абон дæр нæ зонæм, дзæвгар азты фæстæ ма дзы сæ фыды зæххыл сæмбæлдысты иугæйттæй. Уыцы  скъæрæнты бахауд Хъазбег дæр. Табу Хуыцауæн, æрирвæзт йæ Ирыстонмæ, фæкуыста дзæвгар азты нæ типографийы директорæй. Амард 1964 азы.

Хъороты Хъазбег литературон куыстмæ æвзонгæй бавнæлдта, кæд ирон периодикон мыхуыры йæ ном раджы фæзынд, уæддæр, зæгъæн ис, Хъазбеджы ном Ир æмæ ирон чиныгкæсджыты ‘хсæн хуры тынау рарттывта 1932 азæй, уæд фæзынд мыхуыры йæ фыццаг чиныг, кæцыйы схуыдта «Æндон зæлланг». Поэт æнæхъуаджы нæ радта ацы ном йæ чиныгæн. Йæ сæйраг бæллиц 1930 азты уыд, адæм æндоны зæллангмæ хъуамæ райхъал уой, иумæйаг куыстмæ бавналой хъæуты æмæ горæтты дæр, талынг цардæй рахизой рухсмæ кæрæдзи уарзгæйæ, кæрæдзи фарсмæ лæугæйæ.

Чиныг «Æндон зæлланг»-ы фæстæ фæзынд Хъазбегæн йæ иннæ чиныг 1935 азы. Уый та схуыдта «Ног хъæлæс». Йе сфæлдыстад кæд æххæстæй нæ, уæддæр йæ уыцмысты æмбырдгонд фæзынд 1958 азы.

Хъазбеджы литературон бынтæ сæйраджыдæр дихгонд цæуынц мæнæ ахæм ахсджиаг фарстытыл: «Фыдыбæстæ æмæ дзыллæйы раздзæуджытæ», «Куыст æмæ ахуыр», «Хæст æмæ сæрибардзинад», «Лирикон рæнхъытæ», «Хъазбег-сатирик», «Сабитæ æмæ Хъазбег».

Бирæ ахсджиаг фарстытæ агайдтой поэты зæрдæ, фæлæ уыдоны ‘хсæн Хъазбегæн иууыл ахсджиагдæр æмæ зынаргъдæр уыдысты йæ адæм. Райгуырæн къуым, Фыдыбæстæ.

Хъоройы фырт хорз зонгæ уыд Ирыстоны царды уагимæ, рыст дзы уыд йæ зæрдæ æмæ йæ æргомæй зæгъы:

«Цы уыди Ирыстон,

                 Цы уыди сæрæй? –

Бынтондæр гæныстон, –

Ныффыссæн ын нæй»                                                                              

(Æмдз.«Ирыстон»)

Поэт ацы æмдзæвгæйы бирæ фарстытæ хæссы рæгъмæ: цæуылнæ дзырдтой адæм сæ бартыл, æви нæ уарзтой сæрибардзинад, цæмæн æрцыд сыгъд æмæ тард Хуссар Ирыстон. Дзуры поэт лидзæг адæмы тухитыл, Уырысы æфсады æрцыдыл, ног Ирыстоны сырæзтыл. Ныр поэтæн барухс йæ зæрдæ æмæ зæгъы:

«Ирыстон, Ирыстон,

          Мæ ныййарæг мад,

          Ды нал дæ гæныстон,

        Ды нал дæ æнкъард».

Уыцы  уæззау царды нывтæ æмæ ног дуджы ралæуд поэт æвдисы йæ поэмæ «Æцæгæйдæр чи уыд мæ фыд»-ы. Поэмæйы автор йæхи царды хабæрттæй дæр бавæрдта цыдæртæ, фæлæ уацмыс сæйраджыдæр дзурæг у хæххон адæмы уæззау царды нывтыл, куыд тухиаг уыд сæ цард рево-люцийы агъоммæ.

Поэмæ кæсгæйæ нæ зæрдыл æрбалæууы Дзесты Куыдзæджы «Хорхæссæг». Лирикон хъайтар дзуры йæ сабион бонтыл: нæ зоны йæ фыды, мад чындзы фæцыд, баззад иунæгæй, мæн у зæгъæг ын нæй, æмæ афтæмæй æрвыста йæ бонтæ. Ахауд царды фæндагæй, ралæууыд ног дуг, бахауд сидзæрты скъоламæ, буц у ног царды хæрзиуджытæй.

Цæуынц удисгæ сæ фæстаг балцы фæндæгтыл зæронд цард, зæхджынтæ, ауæдзтæ, бырсы размæ ног цард. Куыд рæзы уыцы цард, уый йæхи цæстæй уыдта цардбæллон лæппу æмæ сыл цингæнгæйæ дзуры йе ‘мдзæвгæтæ: «Кæм кусы ныр кусæг йæхицæн», «Æз зонын мæ хæстæ», «Ам», «Худут, нæ хæхтæ» æмæ æнд.

Поэт зары ахæм зæххыл, цыран кусæг кусы йæхицæн, цыран æххуырст нал ис, кæм нал хæссы ауæдз фыдæх, кæм рæзынц скъолатæ, кæм басыгъд мæгуырдзинад, кæм раивта галты трактор, кæм цин кæнынц адæмтæ иумæ. Уыцы хорздзинæдты уынгæйæ поэт сæрыстырæй зæгъы:

«Мах уыцы Фыдыбæстæ уарзæм,

     Нæ сæр ын нывондæн хæссæм,

    Æмæ йыл æфсымæртау зарæм,

      Нæ фидæнмæ райгæ кæсæм».

Хъазбег йæ адæм æмæ йæ Фыдыбæстæйы раз зоны æмæ æмбары кæддæриддæр йæ хæсты. Уымæн зæгъы сомыгæнгæйæ:

«Дæуæн у кæронмæ,

    Кæронмæ нывонд

     Мæ мæлæты бонмæ

     Мæ хъару мæ зонд».

   «Нæ ферох кæндзынæн

    Дæ бирæ лæггад,

    Фæндырты цæгъддзынæн

     Дæ намыс, дæ кад».

 

Ног дуджы æрцыд æмæ йæ хæрзиуджытыл Хъазбег зары йе ‘мдзæвгæ «Ам»-ы дæр. Поэт раст фыста: дуг йæ къабæзтæ ивазы, бæстæ ам дидинæг æфтауы, нæ рæстæг у нæртон:

«Ам алкæм уарзонад ысфидар,

Хæлардзинад – мыггæгты ‘хсæн.

Цард – хъæлдзæг, амондджын, сæрибар,

Нæй, нæй дуджы мах хуызæн».

Хъазбег уыдта, царды стыр ивындзинæдтæ кæй цæуы хорзæрдæм. Сæрыстырæй афтæ зæгъы:

«Æрцæудзæн рæстæг

           Хорз цардæн,

Цæхæртæ калдзæн бон.

            Нæ фарн, нæ ис,

            Нæ бæркадæн

            Нæ уыдзæнис кæрон».

(æмдз.«Цард раивдзæн йæ хуыз»)

 

Хъороты Хъазбег царды скъæрæнты бахауд, нæ уыд йæ фадат Фыдыбæстæйон хæсты хайад райсынæн, фæлæ йемæ, тугуарæн бонтимæ, æнæзонгæ нæ уыд. Æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты темæ йæ иувæрсты нæ ахызт Хъазбегæн. Йе ‘мдзæвгæтæ: «Фæндараст», «Рауай мæм», «Фæлтæрд у къухты кард», «Ызнаг æрцæудзæн саст», «Стыр цин», «Нæ амондæн куыстам», «Цæмæй дунейыл ма уа хæст», «Бахизæм сабырад зæххыл», «Нæ фæнды хæст», «Хæсты ныхмæ», «Ахæм тых дунейыл нæй» æмæ æндæрты уынæм алыгъуызон нывтæ. Хæсты райдианæй йæ фæудмæ, стæй фæсхæсты азты дæр адæм цы цæстæй кастысты хæст æмæ хæстæндзарджытæм æппæт уыдæтты.

Фæсхæсты азты дуджы уавæр реалон нывты æвдисы поэт. Адæм нæ хъæуы хæст, «фæлæ, æмбал, цæхæрцæст у», знагыл æууæнк нæй. («Цæмæй дунейыл ма уа  хæст»). Поэт зыдта, уыдта æмæ хъуыста:

 

«Дунейы сау тыхтæ ногæй

 Сау фæндтæ цардæн кæнынц.

    Ног хæстмæ рагæпп æввонгæй

    Туджы лæсæнтæм бæллынц».

(Æмдз.«Бахизæм сабырад зæххыл»)

 

Йæ иннæ æмдзæвгæ «Нæ мæ фæнды хæст»-ы поэт фидарæй зæгъы, æгъгъæд у æргæвдæнтæ аразынæн, æгъгъæд у фыдбылызы æртытæ æндзарынæн, атом уадзынæн:

«Фашисттæн нæ радтам,

       Нæ бартæ, нæ цард,

      Сымахæн та ноджы уæлдайдæр».

Хъороты Хъазбег арæхстджын сатирик уыд. Кæд уыцы фадыджы бирæ цыдæртæ нæ ныффыста, уæддæр, зæгъæн ис, поэт ирон æвзаджы авналæнтæ хорз кæй зыдта, зыдта иттæг хорз йæ адæмон сфæлдыстад, уæлдайдæр та нæ ирон æмбисæндты.

Сатирæйы фадыджы йын цы æмдзæвгæтæ фыст ис, уыдон дзурæг сты алыгъуызон фарстытыл. Уыдон æввахс лæууынц Гæдиаты Секъайы “зондамонæнтæ æмæ мини-атюрæтæм”.

Поэт зæгъы: лæгæн сæдæ хатты йæ къух куы саразай, иу хатт та нæ, уæд де знаг фестдзæнис. Зæгъы уый дæр: Де ‘взагыл хæцынхъом куы уай, уæд цæрдзынæ, уалдзæг куы байтауай, уæд фæззæджы æркæрддзынæ.

Амоны поэт, кæд дын дæ фыд бынтæ нæ ныууагъта, (йæхæдæг дæр мæгуыр уыд), уæд хъæц, цы дын ис, ууыл, зыд нæ бæззы. Йе ‘мдзæвгæ «Фæлмæн – йæ бандон»-ы поэт карзæй æфхæры бынаты урæд хицауы, йæ сæрмæ никæй уал хæссы, бады фæлмæн бандоныл, хъарм уаты. Йæ ном ын рахуыдта Бюрократ.

Лæгау лæгтæн егъау аргъ кодта Хъазбег æмæ афтæ зæгъы:

 

       «Кæд бæззыс æцæг лæгæн,

        Ма къах де ‘мбалæн ингæн,

        Кæннод уырдæм уæд дæхæдæг

       Ды ныххаудзынæ æнæмæнг».

Æвзаг адæмы дарæг æмæ царды хос у, рæсугъд,фæлмæн, рæвдауæг ныхасмæ, дам, калм дæр хъусы, – зæгъы ирон æмбисонд. Хæрам, фыдæвзаг, дывзагон – уыдон æнæуынон уыдысты ирон адæмæн. Уымæн фыста йæ рæстæджы Гæдиаты Секъа:

«Фыдæвзагæй бæстæ хæлы, –

   Макуы йæ схæсс дæ сæрмæ».

Секъайы хъуыдыйыл хæст у Хъазбег дæр. Уый фыссы:

«Æвзаг, дам дур сæтты, – фæдзурынц, –  

У бирæтæн сæ низ,

  Хуыцауæй адæм уымæн курынц: –

Фыдæвзагæй нæ хиз».

1930 азтæй ирон литературæмæ цы курдиатджын фæлтæр æрбацыд, уыдонæй Плиты Харитоны фæстæ Хъазбеджы хуызæн нæ сабиты ничи барæвдыдта. Æвæццæгæн, йæхицæн йæ сабион дуг мæгуыр, тæригъæддаг кæй уыд, уый йæ æркодта уымæ, цæмæй ирон сабиты барæвдауа, сæ ном сын ссара, сæ къухмæ сын исты радта.

Сабитæн Хъазбег цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдон алыгъуызон фарстытыл дзурынц. Æмдзæвгæ «А-ло ло кæн, цæй»-йы мад ныхас кæны йæ авдæныккон сабиимæ, бæллы, цæмæй тагъддæр айрæза, зæгъы йын, дуг амондджын у, хæстæ дзы бирæ ис. Мад йæхæдæг у куысты бæгъатыр, фыд фесæфт хæсты, фæлæ дæу ног дуг рæвдауы. Хъазбеджы сæйраг бæллиц уыд, – сабитæн ног дуджы ис фæндæгтæ æмæ хъуамæ кæной ахуыр. Ахуыримæ хъуамæ зоной хи дарын, æгъдау, хистæртæн аргъ кæнын, мад, фыды уарзын, куыстыл æнувыд уæвын. Уыдæттыл æмæ сабиты егъау бæллицтыл дзурæг сты æмдзæвгæтæ: «Сабитæ», «Ахуырмæ тырнæм», «Сабийы фæсмон», «Райæм», «Дзоцци», «Зонын, мæ ныййарæг», «Пионерты балцы зарæг», «Ахуыр кæн», «Мады фæдзæхст» æмæ æнд.

Автор йе ‘мдзæвгæтæй бирæты æмбарын кæны сабитæн иу ахсджиаг хъуыддаг – куыст цардæн фæрæз кæй у, уый.

Сывæллон буц у, йæ мад ног дуджы нымад, раззагон кусæг кæй сси, уымæй (æмдз. «Нæ мад»). Æмбары саби мад-ныййарæджы фыдæбæттæ, уый фæдзæхстытæ. Уыдон сæйрæгтæ та сты ахуыр, мады уарзын, Фыдыбæстæйæн аргъ кæнын, куыстыл æнувыд уæвын.

Куысты рæсугъд нывтæ поэт сабитæн æвдисы мæнæ ахæм æмдзæвгæты, куыд: «Колхозон фыййау», «Хосдзæутты зарæг», «Кусæг æмæ хъæууон», «Цомут», «Къæпи», «Мыхуыргæнæг», «Чи нæ кусы, уый нæ хæры», «Хъазуатон Федыр» æмæ æнд.

Афæдзы афонтыл саби куыд фæцин кæны, уый иу æмæ дыууæ фыссæджы не сныв кодтой, ныв сæ кæны Хъазбег дæр йе ‘мдзæвгæтæ: «Зымæг», «Уалдзæг æрцу» æмæ æнд.

Хъазбег курдиатджын поэт уыд, кæд рæстæй æфхæрд баййæфта, уæддæр йæ фыссæн сис æмæ йæ адæмыл йæ къух никуы систа. Уый уыдис æцæг патриот, æцæг ирон лæг, йæ дзырдтæ зæлдагау фæлмæн, рæсугъд кæмæн уыдысты, ахæм адæймаг.

Зæрдæмæдзæугæ у Дзуццары Х. – М. ныхас Хъазбеджы тыххæй:

«Йе ‘мдзæвгæтæ тыхджын æви лæмæгъ уой, уæддæр ахæм сыгъдæг, намысджын, лæгуарзон адæймаджы трагикон хъысмæт йæхæдæг поэзийы аккаг у!».

Æрдæг æнус йедтæмæ нæ фæцард Хъазбег, уый дæр цы хуызæн цардæй, фæлæ йын уæддæр бантыст адæмы размæ рæгъмæ  рахæссинаг хуынтæ æмæ абон кæнæм сæ кой, Хъазбеджы райгуырдыл 110 азы куы сæххæст, уæд. Æгæр рохуаты аззад Хъоройы фырт, фæлæ уый рæстæджыты аххос дæр у.

ПЛИТЫ Гацыр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.