Нæ республикæ хъæздыг у йе ‘рдзон æвæрæнтæй; йæ диссаджы æрдз, алыхуызон хосгæнæн суæрттæ æмæ улæфæн бынæттæй. Раздæры азты, царды авналæнтæ зæрдæйы фæндиаг куы уыдысты, уæд Дзауы санатори зындгонд уыд Советон Цæдисы æмбæстæгтæн æмæ йæм цыдысты се ‘нæниздзинад фидардæр кæнынмæ. Зындгонд уыд нæ уæды областы æмæ Гуырдзыстоны бирæ районтæн Знауыры районы Нагутнийы хосгæнæн бынат дæр æмæ йæм цыдысты алы рæттæй. Фæлæ царды уавæртæ куы аивтой, уæд ахæм хосгæнæн бынæттæ рохуаты аззадысты.

Рæстæджы цыдимæ махмæ дæр уавæр æрсабыр æмæ цард сындæггай æндидзын райдыдта алы фадыджы дæр. Хицæн æмбæстæгтæ сæ хъæппæрисон архайдæй рогдæр кодтой тыхст уавæрты бахауæг æмбæстæгты уавæр. Уыдонæй сæ иу – Знауыры комбæстаг Чилæхсаты Владимиры. Уый 20 азы размæ аскъуыддзаг кодта, цæмæй ногæй йæ куыст райдайа Нагутнийы хосгæнæндон æмæ йæ ныхас сæххæст  кодта хъуыддагæй. Æмæ ныр ам уал азы дæргъы баулæфыд æмæ се ‘нæниздзинад фидар кодтой бирæ æмбæстæгтæ. Ацы аз дæр дзы баулæфыд 150 адæймаджы.

Сезон райдайы 20 июны æмæ ахæссы 10 сентябрмæ. Улæфджытæн бон æртæ хатты вæййы хæрзад хæринæгтæ, се ‘нæниздзинадмæ та сын сæ хъус фæдарынц дохтыртæ Захарова Тина æмæ Майсурадзе Мананæ. Ис дзы алыгъуызон спортивон инвентарь æмæ сæхи фæирхæфсынц бильярдæй æмæ теннисæй хъазынæй, фæхъазынц шахматтæ æмæ шашкæтæй. Ис ма сæм дыууæ велосипеды æмæ сæ æхсызгонæй фæархайынц, ацы спорт чи уарзы, уыдон. Иудзырдæй, ардæм улæфынмæ чи æрбацæуы, уый хъæстагæй нæ баззайы æмæ бузынг фæзæгъы Нагутнийы хосгæнæн уагдоны хистæр Чилæхсайы фырт æмæ иннæ кусджытæн. Йæхи рады та Валодя бузныг зæгъы Знауыры районы сæргълæууæгæн, хосгæнæндонмæ йе ‘ххуысы къух кæй фæдары, уый тыххæй. Валодяйæн йæ бæллиц у, цæмæй ног улæфæн сезонмæ хæрзарæзт æрцæуа хосгæнæн бынатмæ фæндаг.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.