Хуссар Ирыстоны университеты клуб «Къоста» банысан кодта зынгæ ирон поэт, драматург æмæ тæлмацгæнæг Плиты Грисы райгуырдыл 105 азы сæххæсты бон.  Ацы мадзал уагъд æрцыд университеты ректорат æмæ ирон литературæйы кафедрæйы хъæппæрисæй. Хайад дзы райстой университеты лектортæ, студенттæ, скъолаты ахуыргæнджытæ æмæ Анахарсисы номыл национ библиотекæйы кусджытæ.

Паддзахадон университеты ирон лите-ратурæйы кафедрæйы сæргълæууæг Плиты Гацыр йæ раныхасы лæмбынæг æрдзырдта поэты цард æмæ сфæлдыстадыл æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Грисы сфæл-дыстадыл дзурæн ис æгæрон бирæ. «Нæхæдæг нæхиуыл куы нæ хæцæм размæ, нæхæдæг нæхи кой куы нæ кæнæм, уæд, искæмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, кæй зæгъын æй хъæуы, кæмдæр фæсдуар баззайдзыстæм. Бирæ куырыхон адæм нæм ис æмæ уыдонимæ, хъыгагæн, рæстмæ зонгæ не сты нæ кæстæр фæлтæр. Грис нымад цæуы арæхстджын драматургыл. Йæ ныхмæ тохгæнджытæ кæд бирæ уыдысты, уæддæр ын сæ бон ницы цыдис. Тох кодта семæ дзургæ æвзагæй дæр æмæ фыст æвзагæй дæр. Грисы ныхæстæ ма хъуамæ рох кæнæм, ирон лæг, зæгъгæ, хъуамæ уа сæрыстыр, йæ фыдæлтæ йын цы æвзаг æмæ æгъдæуттæ ныууагътой, уыдонæй», – зæгъы Плиты Гацыр.

«Юмор æмæ сатирæ Грисмæ уыдис тынг тыхджын. Иу ахæмы, Дзæуджыхъæуы театрыл 70 азы куы сæххæст, уæд юбилеймæ фæхуыдтой Грисы дæр æмæ йын рæсугъд арæзт къæлæтджын сæвæрдтой бандонæн. Грис сын къæлæтджыныл бадын нæ бакуымдта, зæгъгæ, уый æлдары бандон у æмæ æз цæрæнбонты семæ тох кæнын», – банысан кодта Плиты Гацыр.

Ныхасы ма рацыд Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон дæр æмæ уый дæр æрдзырдта Плиты Грисы царды хабæрттыл.«Бирæ адæмтæм уыйбæрц фысджытæ нæй, æрмæст Плиты мыггагмæ цас фысджытæ ис. Уыцы фысджытæй Грис у иууыл зынгæдæр. Афтæмæй дзы иууыл фылдæр æфхæрд æмæ хъизæмæрттæ бавзæрста Грис. Къостайæ фæстæмæ ирон æвзаг æмæ литературæйы иууыл хуыздæр чи куыста, иууыл тынгдæр-иу æй чи ныссыгъдæг кодта, дзырдты кæрæдзийы фæдыл тынг рæсугъд чи æвæрдта, уый у Грис. Йæ фыстытæм ын ницыуал дæр æфтаугæ бакæндзынæ, ницыуал дæр – æппаргæ. Цæмæй афтæ рæхсай, уымæн стыр курдиат хъæуы. Ӕнæхъуаджы тынг бирæ хатт баййæфта æфхæрд. Грисæн фыст ис «Рагон Ир», зæгъгæ, цыран дзуры, рагзаманы дыууæ паддзахад куы схæцыдысты æмæ дыууæ дæр ирæттæ кæй баххуырстой хæцынмæ æмæ сæ кæрæдзи куыд ныццагътой. Уый дзурæг у нæ фыдæлты историон факттыл, фæлæ мах нæ истори рæстмæ кæй нæ зонæм, уымæ гæсгæ йæ ныхмæ рацыдысты, зæгъгæ нын нæ фыдæлтæй хынджылæг кæныс. Уыцы историон факттæ ныммыхуыр кæнын дæр ын нæ бауагътой, журналы редакторы бынатæй дæр æй фæсырдтой æмæ йæ адæмы цæсты бафтыдтой æнæаххосæй», – зæгъы Хъазиты Мелитон.

Грисмæ юмор тыхджын кæй уыдис, уый Хъазиты Мелитон дæр бахахх кодта. «Грисы кæмæ нæ фæндыдис кæсын, уымæ-иу нæ кастис, сæфсон-иу кодта, ома, нæ уынын. Ӕмæ йын иу хатт иу поэт афтæ: «Уый хорз у, хорз! Гъеныр-ма хъусгæ дæр куы нæ кæнис, уæд алцы цъаммар хабæрттæ нæ хъусис». Уæд ын Грис афтæ зæгъы: «Хорз у, хорз! Сыгъзæрин фест! Гъеныр дын де дылы ныхæстæ дæр нæ хъусын», – банысан кодта Хъазиты Мелитон.

Мадзалы ма раныхас кодтой æндæр докладгæнджытæ дæр. Студенттæ та бакастысты æмдзæвгæтæ.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.