Фыццæгæм май Цхинвалы: куыд æй нысан кодтой советон дуджы
Иу дуг иннæйы аивта, фæлæ 1-æм май республикæйы бирæ цæрджытæн баззад ирд æмæ цинхæссæг уалдзыгон бæрæгбонæй.
Хуссар Ирыстоны Фæллойгæнджыты æмзæрдæдзинады дунеон бон – афтæ хуынд раздæр Уалдзæг æмæ фæллойы бон. Нысан æй кодтой уæлдай зæрдиагæй.
Горæт сырх тырысатæй фæлыст, лозунгтимæ плакаттæ ауыгъд, оркестрон цинхæссæг музыкæ – афтæ-иу райдыдта æрвылазон бæрæгбонон цыд-демонстраци.
Театралон фæзуат йедзаг уыд адæмæй, иууылдæр кодтой цин, æмæ арфæ кодтой сæ кæрæдзийæн.
Цхинвалы цæгат хайæ Сталины уынгыл бæрæгбонон колоннæйы цыдысты заводты, фабрикæты, уагдæтты коллективтæ, скъолаты, ахуыргæнæндæттæ ахуырдзаутæ. Бæрæгбонон мадзалы хайад иста автоцалцæггæнæн завод ЦАРЗ, йæ колоннæйы уыдысты цалцæггонд автобустæ. Завод «Электровибромашина» æвдыста вибрацион машинæтæ. Уыдон арæзт цыдысты Алжир, Египет, Чехословакийы заказгæнджытæн. Хъæуы районтæй демонстрацийы хайадисджытæ æвдыстой уæрдоныл ифтыгъд галты, сæ уæлæ мæнæу æмæ нартхор, афтæмæй. Хастой Советон Цæдисы разамонджыты къамтимæ плакаттæ, æхсæнадæмон кусæгон змæлды минæвæртты къамтæ.
1992 азы, ССРЦ-ы ныппырхы фæстæ 1 май сси Уалдзæг æмæ фæллойы бæрæгбон. Æмæ ацы бон баззад бæрæгбонæй.
Фæрнджын æмæ райдзаст уæнт дæ уалдзæг æмæ дæ фæллой, нæ Ирыстон!
Къамтæ газет «Республикæ»-йы архивæй