Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли хайад райста, Цъинагары трагедийыл 29 азы сæххæсты тыххæй цы мысæн мадзал уагъд æрцыд, уым.

Цъинагары хъæуы трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ æрымысынмæ ма æрбацыдысты Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан, Хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады фæдыл Парламенты комитеты сæрдар Бибылты Ацæмæз, Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæг Мамытаты Витали, æхсæнады минæвæрттæ, фæмардуæвæг хъахъхъæнджыты бинонтæ.

1991 азы 28 апрелы Ленингоры районы Цъинагары хъæуы авд æнæгарзджын цæрæджы – Мæргъиты Отар, Бибылты Гиви, Чертхъоты Славик, Хуыбылты Зауыр, Дудайты Тенгиз æмæ Хуыбылты Таймураз сæ сæрвæттæй фос атæрынæй хъахъхъæнгæйæ, мард æрцыдысты гуырдзиаг аг-рессорты къухтæй.

Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты цырты раз дидинджытæ сæ-вæргæйæ, паддзахады сæргълæууæг æрæмбырдуæвджытæм æрсидт.

«Алы аз дæр мах æрæмбырд вæййæм ам, цæмæй ног æмæ но-гæй нæ сæртæй æркъул кæнæм, мах тыххæй, Республикæ Хуссар Ирыстоны фидæны тыххæй сæ цард  чи радтой, уыдоны раз. 1920 азæй 2008 азмæ Хуссар Ирыстоны цы хъизæмæрттæ бавзæрста хуссайраг сыхæгтæй, уыдоныл дзургæйæ, мах дзурæм ирæтты геноциды тыххæй. Цъинагары, Зары æмæ Ереды трагедийы амæттæгтæ сты уыцы геноциды фæстиуджытæ.

Мах нырма никуы фехъуыстам иу гуырдзиаг политикæй дæр ха-тыртæ, уыдонæй сæ иумæ дæр адæймагдзинад нæ разынд, нæ разынд ныфсхастдзинад æмæ æхсардзинад, цæмæй геноцид ба-нымайой», – загъта Бибылты Анатоли.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, гуырдзиæгтæ ирæтты геноцид уымæн нæ нымайынц, æмæ ирæтты скуынæг кæнын æмæ ныццæгъдын уыдонæн уыд сæ фыдвæнд план.

«Мах, ирон адæмы æмæ уыдонимæ иумæ нæ рагон культурæ скуынæг кæнын, растдæр уый уыд сæ нысан. Фæлæ Хуссар Ирыстоны хъæбатыр лæппутæ слæууыдысты знаджы ныхмæ. Уыдоны схонæн ис æрмæстдæр хъайтартæ. Æмæ махæн бар нæй, Фыдыбæстæйы сæрибардзинадæн нæ бирæ хъизæмæрттæ бавзæрæг адæмы фервæзын кæ-ныны тыххæй йæ цард чи радта, уыдоны рухс нæмттæ рох кæнын. Мах хæсджын стæм нæ зæрдыл дарæм Райгуырæн зæххы хъахъ-хъæнджыты рухс нæмттæ, кад сын кæнæм æмæ сæ бузныг уæм райгуырæн зæххыл цæрыны фа-даты тыххæй», – загъта уый.

Йæ ныхасы кæронбæттæны паддзахады сæргълæууæгæн йæ цæст бауарзта Республикæ Хуссар Ирыстонæн сабырад æмæ дидинæфтыд æмæ адæмæн та – фæрныгад.

Митингы фæстæ Бибылты Анатоли бабæрæг кодта Цъинагары хъæуы цы спортивон зал арæзты цæуы, уый.

Банысан кæнын хъæуы, ныртæккæ бæстыхайы æххæст кæй цæуынц къулсæрдæн куыстытæ, уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.