Цытджын æмбæстæгтæ!

29 азы размæ Хуссар Ирыстоны æрцыд тыхджын зæххæнкъуыст. Зæххæнкъуысты амæттæгтæ фесты 59 адæймаджы, дæсгай адæймæгтæ та цæфтæ фесты. Ныппырх Дзауы райцентр йæ инфраструктурæимæ. Æрдзон æнамонддзинады фæстиуæгæн сыджыты лæсæны бын фæцис Хахеты хъæу.

Фæмардуæвджытæ фылдæр уыдаиккой, Дзауы цæрджытæ се ‘ппæт дæр Гуырдзыстоны хицауиуæгады ныхмæ протесты митингмæ куынæ рацыдаиккой, уæд. Уыцы митинджы  руаджы фæмардуæвджытæ 59-æй фылдæр нæ уыдысты.

Хуссар Ирыстон нырма абон дæр йæхимæ не ‘рцыд. Æгæрыстæмæй, æртын азы фæстæ дæр фæмардуæвджыты тыххæй маст нырма нæ банымæг. Мах нæ ферох кæндзыстæм æмæ кад кæндзыстæм алы фæмардуæвæгæн дæр.

  РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.