8-æм августы изæры аст сахатыл Цъинагары хъæууон администрацийы бæстыхайы цурмæ æрбамбырд сты Дзукъаты хъæу, Гдулет, Цъинагары хъæуты цæрджытæ. Æрæмбырдуæвджытæн сæ цæсгæмттыл зынд æрхæндæгдзинад, сног та сын сты 2008 азы августы хæстон цаутæ. Сыгъдысты цырæгътæ æмæ афтæ зынд, цыма дзыллæты бæсты дæр цырæгътæ дзыназынц.

Мысæн мадзал байгом кодта ацы рæнхъыты автор. Ныхасы рацыд Ленингоры районы администрацийы ахуыры хайады сæргълæууæг Гуссойты Ласко. Уый лæмбынæг æрдзырдта, 2008 азы августы хæсты рæстæджы ирон адæм цы тухитæ бавзæрстой, уыдоны тыххæй. Зæрдыл æрлæууын кодта Цъинагары зонæйы хъæуты цæрджытæ хъæды ‘рдæм куыд лыгъдысты æмæ сæ знæгтæ фæстейæ куыд æхстой, сывæллæтты кæуын дардмæ куыд хъуыст, уыдæтты тыххæй.

Мадзалы раныхас кодта Ленингоры районы Цъинагары зонæйы милицийы хайады хистæр Дзеранты Александр, уый æрдзырдта уыцы уæззау бонты хабæрттыл.  «2008 азы 7-æм августы адæм сæ изæры зылдтытæ куы бакодтой æмæ сæ хуыссæнуæтты куы æрулæфыдысты, уæд айхъуыстысты тыхджын æхстытæ. Чысыл фæстæдæр машинæтæй рахызтысты гуырдзиаг лæгмартæ æд хотыхтæ æмæ апырх сты хъæутыл. Гуырдзиаг агрессортæн сæ фылдæр æрбацыд Цъинагармæ. Бацыдысты Цъинагары хъæууон администрацийы бæстыхаймæ æмæ дзы æрсагътой Гуырдзыстоны тырыса, фæлæ гуырдзиаг фашистты тырыса уым бирæ нæ фæцис, раппæрстой йæ нæ хъæбатыр лæппутæ. Гуырдзиаг абырджытæ хастой, сæ зæрдæмæ цы цыд, æппæт уыдæттæ. Пырх кодтой хæдзарон дзаумæттæ. Адæм лыгъдысты Багъиты хъæуы хъæдмæ. Фæлæ фыдлæг æмæ фыдбонæн бирæ цæрæнбон нæй æмæ нæ хъизæмæрттæн кæрон æрцыд, абон цæрæм хæдбар республикæйы.

Цъинагары культурæйы хæдзары директор Бестауты Емзар загъта, зæгъгæ, кæд стыр фыд-æвзарæнты бахаудтой Цъинагары хъæуы цæрджытæ, уæддæр бафæрæзтой зындзинæдтæн. Никуы, дам, ахъуыды кодтон хуыздæр цардагур æндæр ранмæ алидзын.

 Мадзал бацæттæ кодтой Уалыты Зоя, Бестауты Емзар æмæ Гуссойты Ласко. Йæ ауадзынæн сын баххуыс кодтой Елойты Нана æмæ Чъыбылты Эльзæ.

 Кæронбæттæны мысæн мадзалы хайадисджытæ иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссардтой фæмардуæвджыты рухс нæмттæ, афтæ ма сын сæ цыртыл сæвæрдтой венок дæр.

УАЛЫТЫ Зоя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.