Ивгъуыд къуырийы кæрон нæ республикæйы Национ музейы бацæттæ кодтой æмæ ауагътой мысæн изæр «Ирон литературæйы æртæ стъалыйы», зæгъгæ, ахæм номимæ, кæцыйы ардтой Ирыстоны номдзыд фырттæ, патриоттæ, курдиатджын фысджыты рухс нæмттæ. Уыдон уыдысты Джусойты Нафи, йе ‘фсымæр Хаджеты Таймураз æмæ Джыгкайты Шамил.

Мадзалмæ æрбацыдысты æмæ дзы хайад райстой Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты ирон литературæйы кафедрæйы сæргълæууæг, профессор Плиты Гацыр, Уанеты Захары номыл зонад-иртасæн институты директор, историон зонæдты кандидат Гаглойты Роберт, Джусойты Нафийы хо  Клавдия, фыссæг Чехойты Оля, сфæлдыстадон æмæ зонадон интеллигенцийы минæвæрттæ, нæ горæты скъолаты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ, ХИПУ-йы студенттæ.

Мысæн изæр бацæуæн ныхасæй байгом кодта Национ музейы директор Зассеты Мераб. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Нафи, Шамил æмæ Таймураз сты ирон литературæйы æртæ æрттиваг стъалыйы, нæ фыдæлты æгъдæуттæн, традицитæн æмæ культурæйæн аккаг аргъгæнджытæ. «Мах ацы æртæ адæймаджы нæмттæ мысæм, фыццаджыдæр, уый тыххæй æмæ сæ гуырæнбонтæ сты кæрæдзийы фæдыл. Ацы аз сæ алкæмæн дæр у йæ юбилей. Джыгкайты Шамил райгуырд 25-æм февралы, 27-æм февралы гуырд та у Нафи, уалдзæджы фыццаг бон – 1-æм марты та райгуырд Хаджеты Таймураз. Ацы æртæ гоймаджы ирон литературæйæн æгæрон лæггад кæй бакодтой, мадæлон æвзаг æмæ литературæ кæй хъæздыг кодтой, уый мах хъуамæ хæссæм нæ рæзгæ фæлтæры размæ æмæ сын кад кæнæм се стыр нæмттæн. Макуы сын рох кæнæм сæ рухс нæмттæ. Уыдон се ‘ртæ дæр уыдысты философтæ, зондджын, дардмæ чи уыдта æмæ сæ райгуырæн бæстæ стыр уарзтæй чи уарзта, ахæмтæ. Уыдонæн ацы бонты сæ нæмттæ арынц Ирыстоны Цæгаты дæр æмæ Хуссары дæр æмæ уый махæн у арфæйаг æмæ кады хъуыддаг», – загъта Зассеты Мераб.

Национ музейы директор дарддæр ныхасы бар радта Плиты Гацырæн, кæцы тынг хорз зыдта æртæ фыссæджы дæр. Уый, фыццаджыдæр, бузныджы ныхæстæ загъта, мадзал чи бацæттæ кодта æмæ йæ адæмы рæгъмæ чи рахаста, æппæт уыдонæн æмæ банысан кодта æртæ фыссæджы стыр курдиат æмæ уыдонæй сæрыстырдзинад. Уый ма дзырдта йæ мысинæгтæ Нафи, Шамил æмæ Хаджеты Таймуразы тыххæй. «Нафийæн йæ хайбавæрд нæ истори æмæ литературæйы у егъау. Уый йæ фæстæ цы бынтæ ныууагъта, уыдон тынг стыр хæзна сты Ирыстоны адæмæн. Нафийы сисы бынæй рацыдысты бирæ зонадон куыстытæ. Уыдон æмæ ма йæ аивадон уацмыстæн сæ фылдæр ивд æрцыдысты дунейы бирæ æндæр æвзæгтæм. Нафийы сфæлдыстады сæрмагонд бынат ахсынц публицистикæ, ахуыргæнæн чингуытæ, дзырдуæттæ, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг классикты уацмысты тæлмæцтæ. Ирыстоны – Хуссары дæр æмæ Цæгаты дæр Нафийы кой куы скæнай, уæд дæ мыггагæй ничиуал бафæрсдзæн. Мах абон, хъыгагæн, ацы æртæ адæймаджы нæмттæ кæнæм мысгæ, не ‘хсæнæй кæй фæхъуыдысты, уый тыххæй. Уыдонæн сæ ацыд махæн у стыр хъыгаг хъуыддаг, нæ нын фаг кæнынц. Фæнды мæ зæгъын уый дæр, æмæ Шамилы фæзианимæ дæр кæй фесæфтам стыр адæймаджы, ахуыргонды æмæ йæ радтæг адæмы æцæг патриоты. Шамил уыдис поэзийы пехуымпар, кæддæриддæр рæстыл дзурæг æмæ йæ мæлæт дæр æрцыдис уый тыххæй. Баххæссыдис æм знаджы къух æмæ йын абон уымæн дæр арæм йæ рухс ном. Шамил тынг уарзта, кæм райгуырдис, уыцы хъæу Дзомагъы. Йæ уд, йæ дзæцц уыдис уыцы комы баулæфын сатæг уæлдæфмæ, нæ йын æфсæст йæ рæсугъддзинадæй», – банысан кодта Плиты Гацыр. Уый ма æрдзырдта Хаджеты Таймуразы стыр курдиатыл, цы хæзнатæ ныууагъта ирон литературæйæн, уыдонæн аккаг аргъ скæнгæйæ: «Нафи æмæ Таймуразы сæ ныййарджытæ зындзинæдты фæхъомыл кодтой, фæлæ Ирыстонæн, ирон культурæйы рæзтæн ацы хæдзарвæндаджы йас ничи балæггад кодта, ис дзы, фæлæ стæмтæ сты. Нафи æмæ Шамилимæ абаргæйæ, Таймураз æрыгондæрæй фæхъуыд не ‘хсæнæй… Мах сæрыстыр стæм, ацы æртæ гуырды ахсджиаг бынат кæй ахсынц нæ литературæйы, уымæй». Гацыр ма цыбыртæй банысан кодта, ацы æртæ стъалыйы æппæтмæ дæр æвзыгъд, курдиатджын кæй уыдысты, сæ кад бæрзонд кæй у æмæ уымæй кæй сæнусон кодтой сæ нæмттæ дæр, уый. Куырыхон хистæр ма бахатыдис скъоладзау фæсивæдмæ дæр, цæмæй хуыздæр æмæ арфдæр ахуыр кæной уыдонæн се сфæлдыстад, ирон литературæ, дæнцæг исой ахæм адæймæгтæй.

Мадзалы раныхас кодта Джусойты Клавдия дæр. Уый сæрмагондæй бузныджы ныхæстæ загъта, мадзал чи бацæттæ кодта æмæ йын йе ‘фсымæрты, Шамилы ном чи ссардта, æппæт уыдонæн. Сæрмагондæй ма бузныджы ныхæстæ загъта нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли æмæ нæ республикæйы раздæры президент Тыбылты Леонидæн, Нафийы чингуытæ рауадзынæн сын финансон æххуыс кæй бакодтой, уый тыххæй. «Нафи æмæ йе сфæлдыстадæн стыр аргъ кæны нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли æмæ дзы уæлдай бузныг дæн, æппынæдзух йæ хъусдарды бын кæй ис Нафийы чингуытæ рауадзыны хъуыддаг, уый тыххæй. Ныр дæр та йæ фæрцы ацы аз рухс фендзысты Нафийы куыстытæ цыппар томæй. Бибылты Анатоли, Нафийæн кадгæнгæйæ, стыр кад скодта йæхицæн æмæ арфæгонд уæд кæддæриддæр. Сымахæн та уе ‘ппæты цæрæнбон бирæ æмæ арфæгонд ут», – загъта Клавдия. Уый ма йæ мысинæгтæ дзырдта æрæмбырдуæвджытæн æмæ, банысан кодта, Нафи сын хъомылгæнæг æфсымæр кæй уыдис æмæ, Ленинграды ахуыргæнгæйæ, йæ стипендийы иу хай алы хатт дæр бинонтæн кæй æрвыста æмæ сæ кæй дардта. «Нафи Ленинграды иста сæдæ сомы æмæ дзы æртын сомы æрвыста махæн. Афтæмæй ахуыр дæр кодта æмæ мах дæр дардта. Таймуразæн та уæд Нафи афтæ загъта, зæгъгæ дын ис Хуыцауæй ратгæ курдиат æмæ йыл кус, цæмæй дын ноджы райтынг уа», – загъта Клавдия æмæ уый фæстæ бакаст Хаджеты Таймуразы æмдзæвгæтæй.

Мысæн мадзалы раныхасæй раныхасы ‘хсæн нæ горæты скъолаты ахуыргæнинæг-тæ аив кастысты Нафи, Шамил æмæ Таймуразы фыст æмдзæвгæтæй.

Мысæн изæрæн ма аргъгæнæг уыдысты мадзалы æндæр хайадисджытæ дæр. Уыдон дæр бирæ хъарм ныхæстæ загътой ацы дзæнæттаг фысджыты номыл. Афтæ ма мадзал ауадзыны хъуыддаг æмбæлон æмæ ахсджиаг кæй у, уый загъдгонд æрцыдис æмæ æппæт æрæмбырдуæвджытæ дæр бузныджы ныхæстæ загътой Национ музейы директорæн.

Зассеты Мераб ма нын куыд фехъусын кодта, афтæмæй æртæ фыссæгæн дæр музейы уыдзæнис сæхи къуым. Мадзалмæ цы стендтæ бацæттæ кодтой, уыдон ма баххæст кæндзысты Нафийы хисæрмагонд дзаумæттæй. «Джусойты Клавдия нын куыд загъта, афтæмæй Нафийы æппæт хисæрмагонд дзаумæттæ ратдзæнис Национ музей-мæ. Мах та сараздзыстæм ахæм æмбæлон экспозици, кæцыйы аккаг у Нафи. Кæд нæм Шамил æмæ Хаджеты Таймуразы тыххæй дæр цы хъæуы, уыцы æрмæг æрбафта, уæд уыдонæн дæр сараздзыстæм экспозицитæ. Уыдон хъуамæ уыной нæ сомбоны фæлтæр æмæ макуы уой рохуаты», – загъта Зассеты Мераб.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.