Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинæн йæ гуырæн боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Владимир Владимиры фырт!

Айс иууыл зæрдиагдæр арфæтæ дæ гуырæн боны цытæн.

УФ-йы Президенты бынаты æмæ æндæр бæрнон бынæтты дæр дæ къухы бафтыд бæрзонд авторитет, куыд æмфыдыбæстæйонты ‘хсæн, афтæ дунеон аренæйы дæр. Уæрæсейы æндидзынады процесстæ рæстагæй бæттынц дæ номимæ, дæ æвæллайгæ архайдимæ.

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн ахастыты æмвæзадæн стыр аргъ кæнгæйæ мæ фæнды банысан кæнын нæ бæстæты ‘хсæн æппæтфарсон æмгуыстад фидар  æмæ рæзын кæныны хъуыддагмæ дæ сæрмагонд хайбавæрд.

Фидарæй мæ уырны, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн традицион хæларадон ахастытæ дарддæр дæр фидар кæндзысты æмæ рæздзысты нæ бæстæты æфсымæрон адæмты хæрзиуæгæн.

 Мæ цæст дын уарзы, цытджын Владимир Владимиры фырт, дæ бæрнджын куысты дарддæры æнтыстытæ, фидар æнæниздзинад æмæ уды хъæддыхдзинад, амонд æмæ дидинæфтыд дæуæн æмæ дæ хиуæттæн».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.