Æндæр дæсныйæдты хъауджыдæр аивады кусæгæн йæ цард, йæ архайд, адæммæ æргомæй зынынц æмæ йын аргъгæнæг дæр уыдон вæййынц. Ахæм у, канд аивады нæ, фæлæ алы сфæлдыстадон кусæджы хъысмæт дæр. Уыцы æнкъарынад цæры йæ зæрдæйы, æнкъары стыр бæрндзинад адæмы раз æмæ æппæт йæ курдиаты тыхыл нæ бацауæрды, уый сæраппонд.

Раст, ахæм адæймагæй бадардтой сæ зæрдыл хистæр кары адæм, Хуссар Ирыстоны зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд»-ы хуыздæр кафджытæй сæ иу  Джиоты Валентинæйы.

Ацы бонты Джиоты Валентинæйы райгуырдыл сæххæст 90 азы. Йæ царды йæхи сфæлдыстадон фæндагыл фæцыдис Джиоты чызг. Аивадмæ уарзондзинад йæ туджы уыдис æмæ йæ царды рæсугъддæр азтæ дæр аивадæн, культурæйы къабазæн уымæн снывонд кодта.

Джиоты Валентинæ гуыргæ нæ горæты ракодта, фæлæ стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд йæ ныййарджытæ цæрынмæ ацыдысты Тъбеты хъæумæ æмæ сæ хайбавæрд хастой иумæйаг хæдзарадмæ. Валентинæ ахуыр кæнынмæ бацыд Тъбеты хъæуы авдазон скъоламæ æмæ иу скъолайæ сæрибар рæстæджы та æххуыс кодта йæ ныййарджытæн колхозы куыстыты. Тъбеты авдазон скъола иттæг хорз нысæнттыл бакæсыны фæстæ ма иу азы бæрц та сахуыр кодта Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайы. Æмæ уый фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Цхинвалы медицинон ахуыргæнæндонмæ. Фæлæ зарынмæ, кафынмæ хорз кæй арæхст, уый йын æнцойад нæ лæвæрдта æмæ йæ ахуыр ныууагъта. Бацыдис кусынмæ зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд»-мæ. Уый уыдис 1949 азы. Йæ ахуыр кæй ныууагъта, уый тынг хъыг уыдис йæ ныййарджытæн. Уæд, цæмæй зыдтой, сæ хъæбул йæ диссаджы кафтæй, æхцондзинад кæй хæсдзæн сценæмæкæсджытæн, йæ арæхстдзинадимæ кæй зонгæ кæндзæн канд нæ бæстæйы нæ, фæлæ ма фæсарæнты аивадуарзджыты дæр.

Уæд ансамблы къухдариуæггæнæг уыдис Галаты Барис. Ансамблмæ йæ райсыны тыххæй йыл ауагътой чысыл фæлварæн. Уый хъуамæ равдыстаид йæ арæхстдзинад кафты аивады. Йемæ йын ракафын кодтой æвзонг, курдиатджын кафæг Цыбырты Владимиры. Уæд æй Валентинæ федта фыццаг хатт.

«Уæд, цæмæй зыдтон, цалдæр азы фæстæ не ‘хсæн уарзты арт кæй ссудздзæнис, цыренæй цырендæр кæй кæндзæнис, æмæ мын æнæ Валодя цард ад кæй нал кæндзæнис», – зæгъы мидбылхудгæйæ Валентинæ æмæ Валодяйы койæ йæ цæстытæ цинæрттывд фæкодтой.

Ансамбль «Симд»-мæ исæн фæлварæны рæстæджы нæ фæтыхстис Валентинæ, уымæн æмæ уæдмæ дæр йæхи æмцахъхъæн лæппутæ æмæ чызджытимæ цыд горæты Культурæйы хæдзары хæдархайгæ кафджыты къордмæ. Æмæ йæ уым цайдагъ кодтой кафты аивады сусæгдзинæдтимæ.

Ансамбль «Симд»-ы къхдариуæггæнæджы зæрдæмæ тынг фæцыд чызджы тæлтæг уæнгты айст. Уайтагъд фæхатыд æрыгон чызджы курдиат æмæ арæхстдзинад кафты аивадмæ. Уайтагъд æй райстой коллективмæ æмæ Джиоты чызг фырцинæй йæхи арвы милтыл асæрфта. Уарзта кафын æмæ йын ныр уыцы фадат фæ-зындис. Сæххæст йæ иууыл стырдæр бæллицц, ссис «Симд»-ы кафæг.

Зындгонд куыд у, афтæмæй, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы нæ горæты дæр уыдис æфсæддон госпитал. Ардæм фронтæй ластой цæф хæстонты æмæ сын хос кодтой. Ансамбль «Симд» æмцегад кодта уыцы госпиталимæ æмæ хæстонтæн арæх æвдыстой концерттæ. Афтæ ма арæх цыдысты хъæутæм дæр, хъæууон цæрджытæн концерттæ æвдисынмæ.

«Ныр афтæ нал у, фæлæ иу мах хъæууон фæллойгæнджытæн концерттæ æвдыстам, кæм куыстой, уыцы быдырты дæр, сæ улæфты рæстæджы. Машинæ кæдæм нæ цыдис, уыцы хъæутæм цыдыстæм къахæй. Фæстæдæр нын рахицæн кодтой уæзласæн машинæ, æмæ нæ уавæр фæхуыздæр ис.

Ансамбль уыд хæдзарадон хыгъдыл, ома, цы хæрдзтæ кодтам, уыдон æмбæрзта паддзахад. Фæлæ уыцы хæрдзтæ уыдысты æрмæстдæр æрдæг азæн. Иннæ æрдæг азы хъуамæ нæхæдæг нæхицæн исты амæлттæ кодтаиккам.

Нæ ансамблы бирæ кусджытæ уыдис, 60 адæймаджы бæрц уыдыстæм æмæ иу зæгъгæ, концерттæ æвдисынмæ ацыдыстæм, уæд-иу кæм æхсæвиуат кодтаиккам, уый нæ уыдис æмæ-иу фынæй кодтам комкоммæ сценæйыл. Бирæтæ иу бандæттæ баиу кæнгæйæ схуыссыдысты уыдоныл, иннæтæ та фынæй кодтой полыл. Уыдис иу афтæ æмæ-иу æнæхъæн бонты æххормагæй баззадыстæм. Суткæйы дæргъы нын фыстой бæрцæй иу сом æмæ 20 къапеччы, фæлæ мах уыдыстæм æнгом коллектив æмæ иумæ дих кодтам нæ хъыгтæ æмæ нæ цинтæ дæр.

Æз нæ уарзтон сабыр кæфтытæ. Иу ахæмы Гаглойты Хазби, мæнæн æмæ Битеты Умарæн сæвæрдта украинаг кафт, кæцыйы акафыдыстæм Тбилисы Хуссар Ирыстоны аивад æмæ культурæйы декадæйы рæстæджы.

Декадæйы концерттæ цыдысты Тбилисы оперæ æмæ балеты сценæйыл. Уыцы азты «Симд»-ы хореограф уыд æмæ дзы уыцы-иу рæстæджы кафыд Гуырдзыстоны ССР-ы сгуыхт артист, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы адæмон артист Дзаддтиаты Уакка. Хорз бахъуыды кодта уыцы бон Валентинæ.

«Мах нæхи тынг хорз бацæттæ кодтам. Мæ зæрдыл хорз бадардтон кæронбæттæн концерты рæстæджы залы кæй уыдысты Гуырдзыстоны хицауад æмæ компартийы разамонджытæ. Ансамбль «Симд»-ы концерт афтæ цымыдисон рауадис æмæ аивадуарзджытæ слæууыдысты æмæ лæугæйæ æмдзæгъд кодтой нæ артисттæн. Нæ кафджытæ тынг аив сæххæст кодтой «Симд», «Нарты гуыппырсæрты кафт», «Æхсаргæрдтимæ кафт», «Ирон хъæбатырты кафт» æмæ æндæртæ. Афтæ зындис, цыма нæ кафджытæ тæхгæ кодтой уæлдæфы… Уыцы рæстæджы ма Саулохты Мэльс та сæрмагондæй мæнæн сæвæрдта кафт «Суадоны цур». Кафыдтæн æй Дзаууаты Хетæгимæ æмæ ацы кафтæн дæр уыд стыр æнтыст. Ныр дæр ма тыхджын къухæмдзæгъд мæ хъустыл уайы», –  райгондæй дзырдта йæ мысинæгтæ Джиоты Валентинæ.

Джиоты Валентинæ «Симд»-имæ гастролон балцы уыд Сомихстоны, Азербайджаны, Цæгат Кавказы республикæты, Украинæ, Беларусь, Дард Хурскæсæны æмæ Уæрæсейы бирæ æндæр къуымты, афтæ ма фæсарæнты дæр. Æмæ иу йæ аив кафтæй кæддæриддæр уæзгæ хуын бахаста ансамбль «Симд»-ы æнтыстытæм. Хуссар Ирыстоны Зард æмæ кафты ансамбль «Симд» бирæ хæттыты хуынд æрцыдис раздæры Советон Цæдисы столицæ Мæскуымæ æмæ иу йæ аивад равдыста Кремлы съездты галуаны. Алыхатт дæр «Симдæн уыдис цæстæвæрæн æнтыст. Адæм иу сæ цæст æрывæрдтой ирон кафджыты æмбисонды аивадыл æмæ-иу уыцы кафджыты æхсæн уыд Джиоты Валентинæйы æнтыст дæр.

Бирæ азты дæргъы ирон аивадæн йæ æнувыд лæггæдты тыххæй Джиоты Валентинæйæн 1999 азы РХИ-йы Президент Цыбырты Людвигы указæй лæвæрд æрцыд «РХИ-йы Культурæйы сгуыхт кусæджы» кадджын ном. Уымæй дарддæр ма хорзæхджын у бирæнымæц кады грамотæтæй. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæуæлахизыл 70 азы сæххæсты цытæн та йын Уæрæсейы Федерацийы Президент В. Путины номæй лæвæрд æрцыдис юбилейон майдан.

Номдзыд кафæг Цыбырты Валодяимæ сæ ахастытæ, æцæг уарзтмæ куыд рахызтысты æмæ сæ цард куыд баиу кодтой, уый тыххæй та нын Джиоты Валентинæ афтæ радзырдта:

«Цыбырты Валодяимæ иумæ куыстам. Уый уыдис фæндвидар фæлæ хъæлдзæгдзинад, уарзта хъазæн ныхæстæ кæнын. Иуахæмы уыд Германы æмæ мын уырдыгæй æрæрвыста гæдыйы ныв. Нырма дæр мæхимæ ис.

Кæй зæгъын æй хъæуы, уæдмæ дæр мыл уыдис дзурджытæ. Валодяйæн дæр уыдис, кæй зæрдæмæ цыдис, ахæмтæ. Фæлæ, æвæццæгæн, хъысмæты фæндон уыдис, цæмæй баиу кодтаиккам нæ цард. Иумæ та фæцардыстæм 56 азы. Цардыстæм æнгомæй, кæрæдзи æмбаргæйæ. Тызмæг ныхас не ‘хсæн никуы уыдис, кæд цардæмбæлтты æхсæн алцыдæр вæййы, уæддæр. Ахæм нæлгоймæгтæ тынг цъус сты. Чизоны дзы æвзæрæй исты уæддæр куы зыдтаин, уæд мын ахæм зын нæ уыдаид йæ мæлæт…

Æз стыр райгонд дæн, мæ царды Валодяйыл кæй сæмбæлдтæн, уымæй. афтæ ма сæрыстыр дæн «Симд»-ы кафæг кæй уыдтæн, уымæй дæр», – загъта йæ раныхасы кæрон Джиоты Валентинæ.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.