Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли хайад райста Дзауы районы Къуайсайы горæты  хосгæнæндон байгом кæныны церемонийы.

Символикон сырх лентæ алыг кæнгæйæ, паддзахады сæргълæууæг бабæрæг кодта бæстыхай æмæ базонгæ ис хосгæнæндоны архайдимæ. Уый бузныджы ныхæстæ загъта компани «Амонд»-ы къорды президент, Самарайы областон национ-культурон центры ирон диаспорæ «Алани»-йы сæрдар Хуыгаты Ростикæн.

«Ирыстонæй рацæугæтæ республикæйы ахæм объекттæ кæй аразынц, уый æркæны позитивон хъуыдытæм. Дуæрттæ гом сты алкæмæндæр, йæ ресуртæ баххуыс кæнынæн кæмæн ахъаз кæнынц, уыдонæн. Ахæм адæймæгтæй сæ иу у Хуыгаты Ростик. Уый бирæ аразы республикæйæн: Теделеты хъæуы клубы арæзтад, Джусойты Нафийы номыл литературæйы æрвылазон преми сфидар кæнын, ацы хорз хосгæнæндон байгом кæнын», – загъта Бибылты Анатоли.

Йæ рады  Хуыгаты Ростик, кæцы ацы проект среализаци кодта йæхи æхцайы фæрæзтæй, радзырдта, зæгъгæ, уый размæ азты адæм   хосгæнæндонмæ цыдысты 6 км хохы рæбынмæ. Рæстæг цæугæйæ хосгæнæндонмæ зынвадат бацæуæны тыххæй йæ популярондзинад фæкъаддæр ис.

«Хосгæнæндоны проекты идейæ рагæй сæвзæрд. Фæнды мæ, цæмæй адæм ардыгæй цæуой æнæниз æмæ æххæст цардон тыхтæй. Мах ма фæнд кæнæм объект рауæрæх кæнын, кæд ардæм цы адæм цæуынц, уыдоны контингент уа бæрзонд, уæд», – загъта Хуыгаты Ростик.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, донхосгæнæндонмæ дон бауагътой фарон, объектæн йæ арæзтад райдыдта ацы аз. Ныртæккæ хосгæнæндон нырма балансыл нæй.

Афтæ ма Хуыгаты Ростик раргом кодта Начърепайы æмæ Къобеты хъæуы туристон базæйы арæзтады тыххæй пълæнттæ, цыран йæ ныхæстæм гæсгæ паддзахад сараздзæни фæндаг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.