29 азы размæ   Хуссар Ирыстоны хæсты арт куы ссыгъдис, уæд æрцыдис ахсджиаг цау.   20-æм сентябры, адæмон депутатты Хуссар Ирыстоны областон Советы сесси райста уынаффæ Хуссар Ирыстоны Советон Демократон Республикæ саразыны тыххæй. Республикæ расидын нæ уыд хицæн адæймæгты фæндон, фæлæ уыд нæ адæмы фидар объективон домæн. Зындгонд куыд у, афтæмæй Советон Хицауад бирæ хорздзинæдтæ æрхаста чысыл нацитæн, фæлæ уыдонмæ ахасты уæддæр бирæ фарстатæ скъуыддзаг не ‘рцыдысты æмæ ахæм политикæйы фæстиуæгæн уæлдай уæззаудæр уавæры бахаудысты хуссайраг ирæттæ. Цæвиттон, 1920 азы гуырдзыйы меньшевикты ‘рдыгæй сæ ныхмæ арæзт æрцыд геноцид. Ивгъуыд æнусы 30-æм азты троцкизмы ныхмæ тохы хуызы куынæг æрцы-дысты мингай зынгæ æхсæнадон архайджытæ, интеллигенцийы минæвæрттæ, раззагон кусджытæ æмæ зæхкусджытæ.

Æппæт дæр арæзт цыдис уый тыххæй, цæмæй скуынæг кодтаиккой, ирон адæммæ цыдæриддæр ирондзинадæй ис, уыдæттæ, цæмæй куынæг æрцыдаид национ химбарынад, фæцух сæ кодтаиккой историон мысынадæй. Уый тыххæй æхгæд цыдысты ирон скъолатæ, баконд æмæ биноныг æрцыд гуырдзиаг фыссынад. Ахæм политикæимæ разы чи нæ уыд, уыдонæн сæ фæдыл зылдысты, æфхæрдтой сæ, ахæстæтты сæ æппæрстой.

Кæй зæгъын хъæуы, рацарæзт куы ралæууыд, уæд ирон адæм, кæд тæрсгæйæ, уæддæр баууæндыдысты æхсæнадон ивындзинæд-тыл, стыр æмæ къаннæг адæмты ‘хсæн ахастыты æвæрццаг демократон ивындзинæдтыл. Фæлæ æлгъагдзинæдтæ, социалон æмæ национ æнæрастдзинæдтæ аиуварс кæныны бæсты рацарæзт уыдонæн радта æххæст сæрибардзинад. Гуырдзыстоны националон шовинисттæ уайтагъд спайда кодтой, рацарæзт сын нæртонæй кæй радта, уыцы фа-дæттæй æмæ æвæстиатæй æрæвнæлдтой къаннæг адæмты ныхмæ егъау идеологион агрессимæ. Митингты, прессæйы фæрстыл, радио æмæ телеуынынадæй хъуыст сидтытæ: «Ивд æрцæуæд афтæхуыйнæг Хуссар Ирыстоны автономон област», «Æхгæд æрцæуæд Ручъы тъунел!», «Ирæттæ брæттау мæрзт æр-цæуæд æфцæгæн фалæмæ!». Гуырдзиаг лексиконæй иуварс цыд термин «Хуссар Ирыстон», уый бæсты парахат цыдысты ног терминтæ: «Самачабло», «Шида Картли», «Цхинвалы регион». Райст æрцыд гуырдзиаг æвзаджы паддзахадон программæ – уым æргом дискриминаци цыдис ирон æвзаг æмæ ирон адæм дæр. Иудзырдæй, нæ разы слæу-уыд трагикон фарст – уæм æви мауал уæм?

1989 азы фæззæджы нæхи фервæзын кæныны тыххæй нæ фыццаг къахдзæфтæ – Хуссар Ирыстоны автономон областæй Гуырдзыстоны сконды Хуссар Ирыстоны автономон республикæ саразын æмæ официалон уырыссаг æмæ гуырдзиаг æвзæгтимæ иумæ Хуссар Ирыстоны территорийыл паддзахадон æвзагæй ирон æвзаг расидын нæ хæлдтой ни-кæйы интерестæ. Фæлæ сыл гуырдзиаг разамонджытæ сæмбæлдысты фыдæхимæ. Идеологон агрессиимæ уайтагъд райдыта хотыхджын агресси дæр.

1990 азы 20 июны Гуырдзыстоны ССР-ы Уæлдæр Совет аивта 1921 азы 25 февралæй фæстæмæ Советон дуджы райсгæ æппæт уынаффæтæ æмæ закъæттæ дæр. Уымæй ивд æрцыд Хуссар Ирыстоны автономон област  саразыны тыххæй акт дæр. Бæлвырд уыд, мах кæй ничи бахъахъ-хъæндзæн, ныфс бавæрæн кæй никæмæй ис, æмæ нæ кæй хъуыд нæхи сбæлвырд кæнын. Æмæ Хуссар Ирыстон йæхи ра-сидт хæдбар республикæйæ. Ахæм уынаффæ райсын домдта цард йæхæдæг. Фæстæдæр 1990 азы 9 декабры уыдысты æвзæрстытæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советмæ. Адæм сæ хъæлæстæ радтой Республикæйы тыххæй, цæмæй сæ хъысмæты æх-хæстбарджын хицау уыдаиккой сæхæдæг. Адæм сæ хъæлæстæ лæвæрдтой хæст æмæ блокадæйы зынтæ иуварс кæнгæйæ, адæм республикæйы тыххæй хъæлæс лæвæрдтой, сæ тугæй æмæ сæ цардæй знаджы ныхмæ тохгæнгæйæ. Мингай лæппутæ сæ риуæй хъахъхъæд-той се ‘взонг республикæйы, сæ адæмы, сæ райгуырæн зæххы, содæгæйттæй сæ сæртæ нывон-дæн æрхастой сæ сæрыл. Хуссар Ирыстоны трагедийы азар басыгъта Гуырдзыстоны мидæггаг районты ирон цæрджыты дæр æмæ сæргой фесты, фæтардтой сæ сæ уæзгуытæй.

Нæ ног райгуыргæ Республи-кæйы разамонджытæ фæдфæдылонæй куынæ архайдтаиккой, уæд нæ уыдаиккой 1992 азы 24 июны Дагомысыл сразыдзинæдтæ дæр, кæцыты руаджы урæд æрцыд тугкалд, æрхастой нын сабырад.

Ахæм уавæрты райгуырд, йæ къахыл лæууыд æмæ фидарæй-фидардæр кодта нæ Республикæ. Абон ууыл æххæст кæны 29 азы. Мах, Хуссар Ирыстоны цæрæг адæм, æвдисæн уыдыстæм, куыд гуырдис, уымæн, æвдисæн уы-дыстæм, йæ фыццаг къахдзæфтæ куыд арæзта, æвдисæн стæм, уыцы къахдзæфтæ куыд фидар-дæр æмæ уæндондæр кæнынц, уымæн. Кæд зæрдæйы фæндиаг къахдзæфтæ нæма кæны, уæддæр бæлвырд у иу хъуыддаг – республикæ лæуд у рæзты фæндагыл æмæ йæ абонæй йæ сом уыдзæнис хуыздæр. Рох кæнын нæ хъæуы уый, æмæ стыр бынтæн кæй райста æрмæстдæр раууатмæ æрцæуæг хæдзарад, пырх æмæ сыгъд горæт æмæ бирæ  дæсгай хъæутæ. Ахæм уавæрты та цыбыр рæстæгмæ цард сæндидзын кæнын, йæ гаччы йæ сбадын кæнын зын у.

Рацыди дыууын фараст азы нæ республикæйыл. Уыцы азты зынгæ фæрæвдздæр сты куыд йæ мидæггагон хъуыддæгтæ, афтæ йе ‘ддагон бастдзинæдтæ дæр. Рæзы йæ авторитет Уæрæсейы, Кавказы адæмты цæсты. Йæ хъуыддæгтæм ын тынгдæр цымыдис кæнынц дунеон организацитæ. Нæ хъуыддæгтæ та ноджы хуыздæр, рæвдздæр цæудзысты, нæ кæрæдзи хуыздæр куы æмбарæм, кæрæдзийы фарсмæ æнгомдæр куы æрбалæу-уæм, уæд. Хæдбардзинад, сæрибардзинад хорз у, фæлæ ма уыдон домынц алы адæймагæй дæр стыр бæрндзинад æхсæнады раз. Иугæйттæй, къордгæйттæй нæ, фæлæ не ‘ппæт дæр иумæ хъуамæ архайæм, кусæм æмæ тох кæнæм, цæмæй нæ республикæ сфидар уа æмæ дзы аккаг цард кæнæм иууылдæр.

20-æм сентябры йæ райгуырæн бон у нæ республикæйæн. Уый стыр цины бон у махæн. Фæлæ та афтæ рауад, æмæ нæ раст уыцы бон баййæфта ног æнамонддзинад – фæсхохæй нæм æрыхъуыст Хъæрмæдоны æрцæугæ трагеди. Гæналдон æмæ Хъолайы цъити фыццаг хатт нæ сæрра сты. Хъолхъа йе ‘рра митæ райдыдта 1856 азæй, стæй та сæ сфæлхатт кодта 1902 азы. Гъе, фæлæ гъеныры хуызæн никуы сæрра, ныры бæрц адæм никуы байсæфта.

Цымыдисаг у йæ аххосаг, зæгъынц, зæгъгæ, цъитийы змæлды аххосаг вæййы, йæ быны фыцгæ дон куы фæцæуы, чи та зæгъы, уыдис дзы зæххæнкъуыст, йæ тых 2-3 балы кæмæн уыд, ахæм, зæгъынц, зæгъгæ, тæвд рæстæг кæй ахаста, уый дæр фаг уыд Хъолайы базмæлынæн. Нысан кæнынц æндæр аххосаг дæр. Джимарайы хохы цъуппыл рагæй фæстæмæ ауыгъдæй лæууы, йæ уæз 4 мин тоннæйы кæмæн уыд, ахæм их фæзгъæр. Уый куы æрхауд, уæд йæ уæзæй расхуыста, æнæуыйдæр æфсоны сæрыл цы хох-цъити лæууыд, уый. Аххосæгтæ бирæ сты, сæ фæстиуæг та – иу: бабын сты адæм, кæм – иугæйттæй, кæм – дыгæйттæй, кæм – æнæхъæн хæдзары бинонтæй.

Ацы бон нæ цины бонимæ ссис уыцы трагедийы амæттæгты мысæн бон дæр. Дыууæ дæр сты тугæйæхсад  зæрдылдарæн бонтæ. Уымæн æмæ сæ хъæбыстæй хъуысынц ирон мадæлты хъарджытæ, топпы гæрæхтæ, сармадзаны богътæ æмæ, чизоны, адджын уымæн стут æмæ  уыл нæ туг кæй ныккалд, чизоны, адджын уымæн стут æмæ уæ нæ тугæй кæй ныхсадтам!!!

Ныр 29 азы дæргъы Хуссар Ирыстоны фæллойгæнджытæ цæ-рынц сæ фыдæлты зæххыл хæдбарæй, зæхх та ахæм у, æмæ йын ис йæхи арв, йæхи арæнтæ, йæхи дон, йæхи уæлдæф, йæхи тырыса, йæхи герб, йæхи гимн, йæхи Хицауад, йæхи Парламент æмæ йæхи Президент.

Фидарæй нын фидардæр кæн, нæ Ирыстон! Æмæ цæргæ-цæрæнбонты æрвит дæ кадджын бæрæгбон!

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.