Райсом æртын аз æххæст кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны сырæзтыл. Ацы фарсты тыххæй уый фæдыл нæ уацхæссæг ныхас кодта горæты цалдæр æмбæстагимæ.

Уалыты Арсен, нæ горæты цæрæг.

Æрдз æмæ царды домæнтæ сты ахæмтæ, зæххыл, æхсæнады цы фæзыны хорзæй, уыдон хъуамæ рæзой, цæуой размæ. 1990 азы 20 сентябры Хуссар Ирыстоны автономон областы депутаттæ, сæ сесситæй иуы, республикæ  кæй расидтысты, уымæй сарæзтой, фыдæлтæй фæстæмæ нæ адæммæ цы бæллицтæ æмæ тырнындзинадтæ уыд, уыдонмæ иу стыр æмæ ахсджиаг къахдзæф. Уæд адæм æмæ депутаттæ дæр зыдтой æмæ æмбæрстой Гуырдзыстонимæ зындзинæдтæ кæй фæзындзæнис уый, уыимæ ма æмбæрстой уый дæр, æмæ не стыр паддзахад Советон Цæдисмæ стыр ивындзинæдтæ кæй æнхъæлмæ кæсы, адæмты сæ сомбоныл хуыздæр æмæ бæстондæр ахъуыды кæнын кæй хъæуы, уый дæр. Уыцы азты нæ адæм бавзæрстой бирæ æмæ алыгъуызон зындзинæдтæ, фæлæ нæ уæды депутатты фыццаг кахдзæф æркодта абоны сæрибар æмæ хæдбардзинадмæ. Ахæм къахдзæфæй не ‘ппæт дæр хуамæ уæм райгонд æмæ сæрыстыр. Хъуамæ æнкъарæм æмæ зонæм, цы зын æмæ уæззау фæндæгтыл рацыдыстæм, уыдон. Хъуамæ аргъ æмæ кад кæнæм нæ хæдбардзинадмæ активонæй чи цыд, уыдонæн. Хъуамæ зонæм уыцы хæдбардзинады цæрын, кæрæдзийæн æрмæстдæр хъуамæ уæм ныфсытæ. Афтæ куы аразæм, уæд нæ кад æмæ нæ цард дæр уыдзысты ноджы цымыдисон æмæ дзадджын дæр.

Сиукъаты Уырызмæг, службæгæнæг.

1990 азы нæ депутаттæ республикæ куы расидтысты уæд мыл иу мæй дæр нæма цыдис. Кæй зæгъынæй хъæуы, уæды циндзинæдтæй æз ницы банкъардтон. Дарддæр дæр мæ хъысмæт нæ рауад хорз. Иу аз мыл куы цыд, уæд фæхъуыд мæ мад. Дыууæ азы фæстæ та цардæй ацыд мæ фыд дæр. Хъомыл мæ кодтой мæ дадатæ æмæ нанатæ. Сæ хъус мæм лæмбынæг дарттой ме ‘вахс хæстæджытæ. Зын æмæ уæззау уыдысты рæстæджытæ, мæ цард, фæлæ схъомыл дæн. Райстон уæлдæр ахуырдзинад, æркодтон бинонтæ æмæ кусын. Ныр арæх æрымысын уæззау æмæ тасы рæстæджытæ, чи мæ схъомыл кодта, мæн тыххæй æнæ-хуыссæг æхсæвтæ чи æвзæрста, уыдон. Иууылдæр сæ дæн сæрыстыр æмæ сын алы хатт дæр фæзæгъын бузныг. Бузныг ма дæн мæнæн æмæ мæ ирон адæмæн абоны амондджын цард чи æрхæста æмæ хæссы, уыдонæй дæр. Сæрыстыр ма дæн уымæй дæр æмæ кæй дæн не ‘взонг республикæйы æмкарæн.

Къуылыхты Аннæ, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты 4 къурсы студенткæ.

Ссæдзæм æнусы нæ адæм, размæ цы стыр къахдзæфтæ сарæзтой, уыдон сæйраджыдæр райдыдтой 1990 азы 20 сентябры Хуссар Ирыстоны автономон областы депутаттæ республикæ куы расидтысты, уæдæй. Уæддæр æмæ абон дæр у бæрæг ахæм къахдзæф æнæмæнгхъæуæг кæй уыд, уый. Уымæн æмæ нæ адæм ахæм къахдзæф куы нæ сарæзтаиккой, уæд  абон дæр нæ хысмæт уаид катайаг. Нæхи базонын кодтам бирæ æндæр бæстæтæ æмæ адæмтæн. Кæд се ‘ппæт нæ фарс нæ уыдысты, уæддæр сын базонын кодтам, кæй уæвы Республикæ Хуссар Ирыстон. Мæн уырны нæ адæм уæд афтæ бæстон æмæ раст куынæ ахъуыды кодтаиккой, ахæм къахдзæфтæ куынæ сарæзтаиккой, уæд абон нæ горæт афтæ нæ рæсугъд кæнит, уыйбæрц цæрæн æмæ дзы административон агъуыстытæ нæ рæзит, не студенттæ абон ахæм рæсугъд æмæ ахуыр кæнынæн æппæт уавæртæ кæм ис, ахæм ахуыргæнæндоны нæ ахуыр кæниккой.

Зын фæндæгтыл рацыдысты нæ адæм абоны æнцон æмæ хорз уавæртæм æмæ ныр мах не ‘ппæт дæр хæсджын стæм, цæмæй сæйраджыдæр зонæм ахæм æхсæнады цæрын. Куыд æмбæлы афтæ, кæрæдзимæ хъусгæйæ, пайда кæнæм æппæт йæ хæрзиуджытæй. Кæрæдзийыл æууæндгæйæ нæ цард кæнæм, немæ цæрын кæй фæнды, уыцы бæстæтæ æмæ адæмтимæ.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.