Хуссар Ирыстоны Республикæ зын фæндæгтыл рацыд, йæ адæм бирæ хъизæмæрттæ æмæ тухитæ бавзæрстой нæ хуссайраг сыхæгты æрдыгæй. Фæлæ уæддæр лæууыдысты фидар, тырныдтой размæ, рухс фидæнмæ, æууæндыдысты сæ райдзаст сомбоныл æмæ сыл уыцы хæрзиуæгон хъуыддаг дæр сæмбæлд. Афтæ æмæ къорд азты дæргъы Хуссар Ирыстон фæхъомысджындæр, йæ къухты æфты иу æнтыст иннæйы фæдыл, иу хæрзиуæгон хъуыддаг иннæйы фæдыл. Æмæ йыл цин кæнæм, райы нæ зæрдæ.

Фæллойгæнæгæн йæ куыст æмæ архайды хорз фæстиуджытæ куы уа, æнтыстытæ куы æфта йæ къухты, уæд уый у республикæйы иумæйаг æнтысты гуырæн. Зæхкусæг йæ зæххы фадыгмæ дзæбæх куы базила, йæ хуымты бæркадæй фæззæджы йæ зæрдæ куы байрайа, уæд уый æрмæст йæ цæнгты фæллой нæу, фæлæ ма йын кусынæн фадæттæ арæзт кæй цæуы, уымæй кæнгæ дæр. Афтæ æндæр фадгуыты кусджытæн дæр. Уымæ гæсгæ нæ алчи дæр буц æмæ сæрыстыр у, абон фæллой кæнынæн уавæртæ арæзт кæй цæуы æмæ Хуссар Ирыстоны Республикæ уæндон къахдзæфтæй кæй цæуы йæ рухс фидæнмæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, æнцонтæй къухты ницы бафты, ууыл æдзухдæр хъæуы фыдæбон кæнын, уæхскуæзæй кусын. Æнцонтæй нæ сырæзт махæн дæр нæ хæдбар паддзахад, æрмæст 2008-æм азы августы хæст нæ сабыруарзаг адæмыл цы сау бонтæ æркодта, адæмон хæдзарад раууатмæ куыд æрцыд, æппæт уыдæттæ куы фæмысæм, уæд зæрдæ ныккæрзы. Фæлæ нæ тохвæллад адæм цудын нæ бакуымдтой, æхсæвæй-бонæй хъæддых фæлæууыдысты знаджы ныхмæ. Уæдмæ нæ фарсмæ æрбалæууыд Стыр Уæрæсе дæр æмæ нæ зæххыл æрфидар, нæ адæм цæмæ бæллыдысты, уыцы сабырад. Уæдæй фæстæмæ Хуссар Ирыстоны адæмæн Уæрæсейы æххуысы фæрцы бирæ бантыст пырх æмæ æртхутæг горæт æмæ хъæутæ сæндидзын кæныны. Сырæз-тысты нæм, сæ бакаст æмæ уындæй зæрдæ кæмæн рухс кæны, ахæм ног бæстыхæйттæ. Рæзынц азæй-азмæ горæты уынгтæ, кæд би-рæ нæ, уæддæр нæм фæзынд ног куыстуæт-тæ, уыцы нымæцы – сæнуадзæн завод, БТК-йы фабрикæ, дзулфыцæны ног бæстыхай…

Хуыздæр кæнынц хъæууон фæллойгæн-джыты цардуагон уавæртæ, аразынц бы-нæттон фæндæгтæ. Советон дуг хорз уыд, фæлæ уыцы рæстæджы дæр хъæууон адæмы нуазыны доны ифтонгад ныры хуызæн нæ уыд. Цæвиттонæн æрхæсдзынæн мæ райгуырæн Къостайыхъæу. Республикæ æмæ Цхинвалы районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад хъаруджынæй архайынц хъæуы цæрджыты нуазыны донæй æххæстæй сифтонг кæныныл. Иннæ ахæм августы хæсты рæстæджы сыгъд æмæ пырх хæдзæрттæ саразыныл, стæй æххуысхъуаг æмбæстæгты ног хæдзæрттæй сифтонг кæныныл. Ныртæккæ ног цæрæн хæдзæрттæ хъæуы сырæзт 30. Уымæй дарддæр ма иуæй-иу цæрæн хæдзæртты бакодтой арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ, уыцы нымæцы сты Хаситы Бабули, Гоцъиты Елдар, цæрæн корпус æмæ æндæрты бæстыхæйттæ. Раст у, хæсты рæстæджы цы хæдзæрттæ багæндон сты, уыдонæй ма аразинаг ис цалдæр, фæлæ сæ хицæутты уырны, уыдон дæр рæхджы арæзт кæй æрцæудзысты.

  Цин дыл кæнæм, нæ республикæ, размæ кæй тырныс, уый тыххæй. Цин ныл кæныс ды дæр,  нæ фарсмæ дæ кæддæриддæр. Æмæ иумæ æнгом æмæ хъæддыхæй цæуæм размæ, нæ рухс фидæнмæ.                                                                  Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.