25 августы мидхъуыддæгты органты æрыгон кусджытæн, кæцытæ рæхджы хъуамæ афæндараст уой Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм, Кады Аллеяйы уагъд æрцыд Ард бахæрыны цытджын церемони. Ацы рæсугъд мадзалмæ æрбамбырд сты Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгад, барадхъахъхъæнæг органты ветерантæ, курсантты ныййарджытæ, хæстæджытæ æмæ æмбæлттæ, æмæ горæты цæрджытæ. Цытджын церемонимæ фæуазæг сты бæстæйы Президент Бибылты Анатоли, нæ республикæйы къухдариуæгады æндæр бæрнон кусджытæ æмæ дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ.

Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм ацы аз  Мидхъуыддæгты министрады хаххыл æрвыст æрцыд 25 адæймаджы – 18  лæппуйы æмæ 7 чызджы. Бæлвырдæй та хъæугæ специалисттæ  бацæттæ кæндзысты Нижегороды академи, Воронежы æмæ Краснодары институттæ æмæ Орловы юридикон институт ахæм дæсныадтæй, куыд «Правовое обеспечение национальной безопасности», «Компьютерная безопасность», «Специальные радиотехнические системы» æмæ «Экономическая безопасность». Бибылты Анатоли йæ раныхасы зæрдиагæй раарфæ кодта курсанттæн сæ царды фæндаджы фыццаг æнтысты фæдыл æмæ сын сæ зæрдыл æрлæууын кодта, ныридæгæн кæй лæууынц Кады Аллейæйы хъайтарты бюстыты хсæн.

«Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй мæнæ ацы Аллейæйы хъайтарты кад дæлæмæ макуы æруадзат æмæ уат цæстæвæрæн, æгъдауджын, зæрдæргъæвд. Сымах абон Ард бахордтат Ирыстоны адæмы раз, кæй архайдзыстут не хсæнады фæткæрæвæрыныл, кæй хъахъхъæндзыстут нæ адæмы бартæ. Нæ æрыгон республикæйы хъæуы ахуыргонд специалисттæ барадхъахъхъæнæг органты, – уыимæ баст сты фыдгæнджытимæ тохы фæстиуджытæ, цæрджыты æдасдзинад æмæ сабырад. Мæн уырны æмæ сымах, фыццаджыдæр, нæ фæхудинаг кæндзыстут уæ ныййарджыты, стæй та барадхъахъхъæнæг органты аккаг ветеранты æмæ дзы цæсгомджынæй чи кусы, уыдоны. Ахуырмæ ацæугæйæ ма зивæг кæнут, райсут хъæугæ зонындзинæдтæ æмæ сæ фидæны спайда кæнут уæ оперативон-службæйон архайды. Арфæйаг ут», – банысан кодта бæстæйы Президент.

Мидхъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Пухаты Мераб та йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, ахуырмæ æрвитыны фадат нын кæй ис Стыр Уæрæсейы фæрцы æмæ ныр цалдæр азы дæргъы Мидхъуыддæгты министрад ифтонг кæй цæуы хъæугæ специалисттæй, уый.

«Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр ахуыргæнæндонмæ ацæуын стыр æнтыстыл дзурæг у æмæ мæ фæнды, цæмæй уым уæ уагахаст дæр, æмæ уæ ахуыр дæр уой бæрзонд æмвæзадыл, æмæ уæ райгуырæн бæстæмæ æрæздæхат цæттæ специалисттæй. Ардбахæрды цы ныхæстæ ис фыст, уыдон тугæй æлхæд сты, иу дзырдæн дæр дзы аппарæн нæй, æмæ йæ уæ зæрдыл хъуамæ дарат æдзух», – загъта Пухаты Мераб.

Ныхасы ма рацыдысты æмæ курсанттæн арфæйы ныхæстæ загътой милицийы ветерантæ æмæ курсантты ныййарджытæ. Æрæмбырдуæвджытæ ма иу уысм æмырæй алæугæйæ ссардтой барадхъахъхъæнæг органты кусджытæй йæ службæйон хæстæ æххæст кæнгæйæ чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ. Уымæй уæлдай ма курсанттæн радтой службæйон æвдисæндартæ æмæ абоны бонæй уыдзысты милицийы рæнхъон сконды, нымад цæудзысты мидхъуыддæгты органты кусджытыл.

Кæронбæттæны курсанттæ къамтæ систой бæстæйы Президентимæ æмæ сæ ведомствæйы сæргълæуджытимæ.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.