Рауагъдад «Южная Алания» 2021 азы цы чингуытæ рауагъта, уыдонæй иуы автор у Бекъойты Майя. Уый  ацы чиныг – «Ногазон лæвæрттæ»-мæ цы 12 радзырд æмæ 55 æмдзæвгæйы бахаста, уыдон иууылдæр фыст сты скъолайы агъоммæйы кары сывæллæттæ æмæ кæстæр кълæсты ахуыргæнинæгтæн. Ацы чиныгы размæ дæр ма æвзонг чиныгкæсджытæн  уыд Майяйы дыууæ æндæр чиныгыл бацин кæныны фадат дæр. Уыдонæй  иуы уыд аргъæуттæ, иннæйы та сын автор балæвар кодта  радзырдтæ.

Ацы чиныгыл дæр сабитæ æхсызгон æмæ цины æнкъарæнтимæ кæй сæмбæлдзысты, уый дызæрдыгкаг нæу. Уымæн æмæ чиныг фæлындзыд у, сабиты йæхимæ чи æлвасы, ахæм рæсугъддзинадæй. Уый тыххæй бузныг æмæ арфæйы ныхæстæ зæгъын æмбæлы Хуссар Ирыстоны Полиграфион баиугæнды разамынд æмæ йæ чиныгаразджытæн.

Чиныг байгом радзырд «Зæлинæйы бæллиц»-æй. Афтæ мæм кæсы æмæ автор радзырд фысгæйæ йæ разы цы хæс сывæрдта, уый арæхстджынæй æххæст æрцыдис. Радзырды хъайтары автор равдыста цæрдæг, цардбæллон сабийæ «Залинæ фысты скъæты фæмидæг кодта, йæ къæбылайæн хæринаг æркодта, кæрчытæн мæнæу акалдта æмæ хæдзары фæмидæг».

Чиныгмæ хаст цы радзырдтæ æрцыдысты, уыдоны ирдæй зыны, автор æвзонг чиныгкæсджыты зæрдæйыуаг хорз кæй æнкъары, сæ миддунемæ арф кæй бахызт æмæ уыцы хорз миниуджытæй арæхстджынæй кæй пайда кæны, уый. Цы дзырдтæ æмæ хъуыдыуæттæй пайда кæны, уыдон æнцонæй хизынц æвзонг чиныгкæсæджы зæрдæмæ.

Радзырдты æмбæлæм дызгъуыдтыл дæр. Зæгъæм радзырд «Митын дадайы лæвæрттæ»-йы иу ран автор зæгъы: «Алан та Хъазийау кæд ахуыр иттæг фæндзтыл нæ кæны, уæддæр у тынг коммæгæс, кусаг, æфсæрмгæнаг æмæ алцæмæ дæр зæрдæргъæвд лæппу». Ам дзырд «иттæг» цæмæн хъæуы, уый æмбæрстгонд нæу. Кæд бирæ æмæ арæх нæ, уæддæр ма радзырдты æмбæлæм, цæсты сындзау чи фæныхсы, ахæм æндæр дзырдтыл.

Кæстæр фæлтæртæн æмдзæвгæтæ фыссын хуымæтæджы хъуыддаг нæу. Ахæм хæс йæ разы чи ‘рывæра, уый сабитæн хъуамæ зона сæ ахаст æппæтмæ дæр се ‘нкъарæнтæ, æнцонæй хъуамæ цæуа æмæ хиза сæ миддунемæ. Бæрæг у, уыцы миниуджытæй Майя хайджын кæй у, уый. Ацы хъуыдымæ та мæ æркодта уый æмæ чиныгмæ хаст цы æмдзæвгæтæ æрцыдис, уыдонæй цалдæрæй дарддæр, иууылдæр сты, суанг чиныгкæсæг фæлмæцгæ нæ, фæлæ цымыдисимæ кæй бакæса, ахæмтæ.

Банысан кæнын ма мæ фæнды уый дæр æмæ автор йæ уацмыстæ мыхуырмæ куы балæвæрдта, уæд сæ, мæнмæ гæсгæ, хъуамæ «бахсæстаид» ноджы хуыздæр. Куы сæ фæкъаддæр кодтаид, уæд уырнинаг у, æвзонг, стæй хистæр кары адæймæгтæ дæр йæ рацыдыл ноджы тынгдæр кæй бацин кодтаиккой, уый.

Мæ уацы кæрон ма мæ зæгъын фæнды æмæ чиныг ног азы размæ кæй рацыд, уый дæр у раппæлинаг хъуыддаг. Уымæн æмæ уый рæзгæ фæлтæртæн ног азы хæдразмæ суыдзæнис зæрдиаг лæвар.

                                                                                               ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.