Æрæджы мыхуыры рацыд Остъаты Аланы чиныг «Сау тымыгъ». Чиныджы æвдыст цæуынц 20-æм æнусы Хуссар Ирыстоны трагикон цаутæ, уæды дуджы реалон гоймæгты хайадист Гуырдзыстоны хæстон агрессийы ныхмæ. Йæ редактор у Зæгъойты Радæ, йæ рецензент та – Джиоты Мурат.
2020 аз, хуссарирыстойнаг адæмы геноцидыл 100 азы кæй сæххæст, уымæ гæсгæ расидт æрцыд геноциды азæй. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ чиныг кæй рауад тынг цымыдисон. Къухмæ йæ куы райсай æмæ йæ кæсын куы райдайай, уæд дзы нал фæхицæн уыдзынæ, йæ фæдыл дæ асайдзæн, цалынмæ йæ кæронмæ бакæсай, уæдмæ. Автор афтæ ирдæй равдыста уыцы рæстæджыты уæззау царды трагикон цауты тыххæй, раст цыма йæхæдæг дæр уыцы дуджы цард.
Чиныджы редактор йæ разныхасы фыссы: 20-æм æнусы райдианы Гуырдзыстоны хицауад ирон адæмæн цы тугкалæн геноцид сарæзта, уымæй рацыд сæдæ азы. Аивгъуыдта æнæхъæн дуне, фæлæ уæддæр 1920 азы уæззау цаутæ нацийы историйы кæронмæ иртæст не ‘рцыдысты. Ирон адæмы геноциды темæйыл иуæй тынг цъус документалон æмæ историон æрмæг ис, иннæмæй та бæрæг аххосæгтæм гæсгæ æмбæлон бынат не ссардта национ аивады, сæрмагондæй та – ирон литературæйы. Остъаты Алан ирон чиныгкæсæгæн æнæзонгæ автор нæу, мыхуыры йын рацыд цалдæр чиныджы – «Цардивæн», «Уæззау мысинæгтæ», «Царды уылæнтыл». Ныртæккæ кусы журнал «Фидиуæг»-ы бæрнон нымæрдарæй. Уый геноциды темæйыл кусын райдыдта фæстаг цалдæр азы. Ацы темæйыл йæ фыццаг драмон уацмыс – трагеди у «Фæстаг æвдисæн», кæцы æвæрд цæуы Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры сценæйыл. Йæ дыккаг куыст та у уацау «Сау тымыгъ». Уацауы сæйраг мидис у 1920 азы цаутæ æмæ уыдон фæстиуджытæ бæлвырд адæймæгты хъысмæтимæ бастæй равдисын».Чиныг «Сау тымыгъ» конд у дыууæ хайæ: фыццаг хайы автор ирдæй æвдисы ацæугæ æнусы дыууынæм азы трагикон цаутæ, Гуырдзыстоны гвардийы фыдмитæ, уыцы дуджы реалон гоймæгты характертæ, знаджы ныхмæ сæ иузæрдион архайд æмæ удуæлдай тох. Санахъоты Мате, Гаглойты Рутен, 13 Коммунары æмæ æндæр зынгæ гоймæгты тохы фæндæгтæ реалон историон хабæртты фæлгæтты æвдыст æрцыдысты уæрæхæй. Автор иттæг реалистонæй равдыста знæгты фæлгæнцтæ дæр – Валикъо Джугъели, Георги Квинитадзе æмæ æндæрты. Бæрæг у, фыссæг лæмбынæг зонгæ кæй у документалон æрмæгимæ. Уацауы сæрмагонд сæргæндты æвдыст æрцыдысты лигъдæтты тухæнтæ, сæ уæззау фыдæвзарæнтæ хæхты сæрты Цæгат Ирыстонмæ лидзгæйæ.
Чиныджы дыккаг хайы та автор æвдисы геноциды цæхæры стъæлфæнтæй чи басыгъд, уыдоны æмæ сæ цæуæты дарддæры хъысмæт. «Сау тымыгъ» Ирыстоны историйы æрмæст иу дугимæ баст нæу – ирон адæмы фыдæвзарæнтæ та адарддæр сты 20-æм æнусы райдианы. Ацы цаутæ дæр ссардтой бынат банысангонд уацмысы. Чиныгæн ис историон нысаниуæг, ныры онг ацы темæ уæрæх æмæ алыварсонæй æвдыст кæй не ‘рцыд ирон литературæйы, уый хынцгæйæ. Иудзырдæй, ног чиныгыл стыр цымыдисæй сæмбæлдзысты чиныгкæсджытæ.
Остъаты Алан йæхæдæг куыд дзуры, уымæ гæсгæ 20-æм азы цауты тыххæй уый хъуыста хистæр кары адæмæй. Уыимæ, телеуынынады кусгæйæ, цыд Хуссар Ирыстоны хъæутæм æмæ уым дæр цæрджытæй иста бæрæггæнæнтæ ирон адæмы геноциды тыххæй.
Сæргонд «Фыдвæндаджы райдиан»-ы автор афтæ ирдæй равдыста ирон адæмы сабыр цард иу уысммæ куыд æрбайхæлд гуырдзиаг лæгмарты аххосæй, уый. Дзомагъгомы цæрджытæ Барсæгаты Борæ æмæ Гадзыбе райсомæй кæсынц æмæ уынынц фæскъæдзæхæй ставдкъах фос æмæ сæ фæстæ та бæхджынтæ кæй æрбазындысты, уый. Семæ уыд сывæллæттæ сылгоймæгтæ, кæцытæй иу йе ‘ккой хаста авдæн. Сæ размæ схæццæ сты Борæ æмæ Гадзыбе æмæ сын дзурынц, зæгъгæ, бæрæг у тыхст уавæры кæй бахаудтат, уый. Барвæндонæй йæ фыды уæзæгæй адæм ахæм уавæрты нæ фæцæуг вæййынц. Чи стут æмæ кæдæм дарут уæ фæндаг?, – уæзбын хъæлæсæй дзырдта Барсæгаты Борæ. «Уæ ныфс нын бирæ, кадджын Дзомагъгомы цæрджытæ. Козаты Лекса дæн, адон та мæ хъæубæстæ. Гуырдзы æрбабырстой, судзынц хъæуты, марынц адæмы, нал ауæрдынц стыр æмæ гыццылыл дæр. Басыгътой махæн дæр нæ фыдыуæзæг. Фæсивæд хъæддых лæууынц сæ ныхмæ, фæлæ мах кардзыд адæм, сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ туджы тымыгъæй лидзæм. Рустауыл схызтыстæм, Хъорсеуыл, стæй Раройы хохвæхстыл ацырдæм æрбафтыдыстæм æмæ ныр Бæхвæндаджы æфцæгыл ахиздзыстæм цæгатмæ. Дыууæ боны Чъехы нарæджы цæуы стыр хæст», – радзырдта сын уый. Уæдмæ та кæсынц æмæ та ноджыдæр æфцæгæй æрбазындысты æндæр лигъдæттæ…
Сæргонд «Тихреуæн ма баззадис йæ ном»-ы автор дзуры: «Чъребайы сæрмæ, Тъбеты хъæумæ хæстæг, нарæг комы цы хъæу уыд, Тихреу, уымæн дæр, Ирыстоны æндæр хъæутау, калд йæ сау фæздæг. Хъæуы сæрмæ, уæлмæрды онг арты æвзæгтæ нæ ахæссыдысты æмæ дзы адæймаджы цæст дзæбæх æвзæрста ног къахт ингæнтæ. Ингæнтæй ма иу уыд афтид, иннæтæн сæ бурбын сыджыт дзæбæх зындис обæуттæй. Тæнæггонд хъæдæй хъуыст халоны зæрдæхалæн марой æмæ арты æвзæгтæ кæй аныхъуырдтой, уыцы хъæууатæй та сылгоймаджы сабыр хъарæг». – Нал мæ хауы иу цæссыг дæр, нал. Дыууæ боны мæ хъæубæсты ныгæнын. Æнæзæнæг уыдтæн. Уыдис мæ ныфс, мæ хъæу кæддæр мæ ныгæнæг уыдзысты. Фæлæ фæдæн фыдæнхъæл, æнæхъæн хъæу мæхи ныгæнинаг фæцис, – уыцы саударæг ус уыд Барсæгаты Борæйы хо.
Автор афтæ лæмбынæг æвдисы уыцы уæззау рæстæджы трагикон цаутæ æмæ адæймаджы зæрдæ фырмæстæй фæцæйтоны, цæссыгтæ рустыл æнæвгъау æргæр-гæр кæнынц. Ау, цы ракодтой ирон адæм æмæ сын сæ цæрæнбонты знæгтæ иу æнусы дæргъы цалдæр геноциды саразой?
Сæргонд «Чи куырдта йæ мард мадæй æхсыр?»-ы автор равдыста лигъдæтты хъизæмæртты тыххæй. «Кæд Чъребайæ Ручъы хохрагъы онг куы цыдысты, уæд арæх æмбæлдысты адæмы мæрдтыл, кæмæн-иу дзы йæ сæр æхсаргардæй уыд фаст, чи та-иу дзы нæмыгдзæф уыд, уæд цæгаты ‘рдыгæй афтæ нал уыд. Кæмдæрты-иу федтой ног ингæнтæ, уыдон-иу фылдæр уыдысты къæйдурты рæдзæгъдтæй конд. Зæхх цæмæй къахтаиккой, ахæм мигæнæн кæцæй хъуамæ уыдаид лигъдон адæммæ, æмæ-иу фæндагыл чи амард, уыдон-иу ныгæдтой къæдзæхрæбынты, кæнæ дзыхъхъ бынæтты… Иуран Дзæрæх фæфæстæ, цыдæр ауыдта æмæ йæм тарстхуызæй ныккаст. Къутæры дæллаг фарсæй зынд сатæгсау дæргъæй-дæргъмæ калмы къæдзил. Калм йæ сæр схъил кодта æмæ йе ‘взаг цъыллынджытæ кæнгæ цæмæдæр ныккаст. Дзæрæх хæстæгдæр хъавгæ бацыд æмæ райхъуыст йе ‘рдиаг: – Дада! Мæнæ сывæллон! Удæгас сывæллон! – егъаугомау къæйдур фелвæста æмæ йæ калмыл ныххуырста. Уый сыфсыфгæнгæ æрбадæлзæх. Дзæрæхы хъæрмæ æрбауадис Борæ, æмæ йæ зæрдæ сæнкъуыст риуы. Къутæрты цур, гыццыл сывæллон мард сылгоймаджы дзидзи дадта. Уыдонмæ фæмцæйбырыдис калм дæр, цъахтæ та зилахар кодтой сæ сæрмæ… Борæ сывæллоны систа æмæ йæ радта Дзæрæхмæ, кæс дæ хомæ, зæгъгæ. Борæ дзыхъгонд бынаты баныгæдта сылгоймаджы æмæ йын баныфсæвæрдта йæ хъæбулы йын хи хъæбулау кæй схъомыл кæндзысты, уымæй.
Автор ирдæй равдыста 13 Коммунары тохвæндаг. Гуырдзиаг лæгхортæ сæ удхарæй куыд мардтой æмæ сæ уый фæстæ Чъребайы сæрмæ, Згъудеры къуылдыммæ марынмæ куыд скодтой, уыдæттæ …
Сæргонд «Бирæгъ йæ кæнон зæнгыл нæ уадзы»-йы автор равдыста 90-æм азты та гуырдзиаг лæгмартæ Хуссар Ирыстоны адæмæн цы хъизæмæрттæ бавзарын кодтой, уыдоны тыххæй. Ацы трагикон цаутæ æрæййæфтой чиныджы хъайтартæй бирæтæ, кæцытæ сæхиуыл бавзæрстой 20-æм азты геноцид. Иу уацы сыл бæстонæй æрдзурæн нæй.
Автор чиныджы фæсныхасы фыссы тынг зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ. Ис дзы ахæм рæнхъытæ: Цæмæ бæллыд йæ цæргæйæ ирон лæг, Царды фæндаг… бахиздзынæ уым дæр. Куы баивгъуыйай тъунелы, уæд дыл æнæмæнгæй æрбакæлдзæн рæууддзæф. Уый рæууддзæфæн йæ хуызы Рутены цин мæрдтыбæстæй лæдæрсы… Уым дæлæмæ, нарæг кæмтты цæугæйæ, фендзынæ æнæмæнгæй ды дурдзæнд. Уый ирон æвзонг мады ингæн у, удисгæйæ ма йæ хъæбулыл кæмæн уыдис йæ мæт æмæ гыццыл чызг йæ дзидзийыл кæмæн уыдис æндæгъдæй… Дарддæр уым… Дыгургоммæ хæстæг дæ хъустыл ауайдзæнис фæдзæхст, æнусы размæ ирон адæмы фæдзæхста æнусымбай урсзачъе Дзека: – Хордзентæй куы фæхуынкъ уа сæ иу, æмæ куы акæла йæ хойраг, иннæмæн дæр æнæрхаугæ нæ вæййы. Уый дзырдта Хуссар æмæ Цæгатæй. Иумæйагæй та хуыйны – нæ фыдызæхх – Ирыстон. Æмæ уыцы фæдзæхст æрвылхатт дæр дæ зæрдыл дар, ирон лæг!..
Хорз уаид æмæ ацы уацмыс хаст куы æрцæуид скъолаты ахуырадон программæмæ, хъуамæ йæ ахуыр кæниккой ХИПУ-йы студенттæ дæр. Авторæн та зæгъын хъæуы бузныджы ныхæстæ геноциды тыххæй ахæм хъæуæг чиныг кæй ныффыста, уый тыххæй.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.