Мах алы хъуыддаджы дæр æрæджы кæнын зонæм, рæстæгыл исты саразын нæ къухы никуы бафты. Нæ фыдæлтæ нын цы хъæздыг истори ныууагътой, уымæ ма исты бахæссæм, фæхъæздыгдæр æй кæнæм, уымæ нæ не ‘вдæлы, уый нæ, фæлæ уыцы историйæн йæхи уæддæр базонæм, уымæ дæр зивæг кæнæм, алцы дæр бонæддæдæрмæ кæй æргъæвæм, уый аххосæй. Стæй нын нæ къæбæр нæ хъуырæй куы фелвасынц, цы нæм ис, уый дæр нын æддагон адæм, уæлдайдæр не знæгтæ, сæхи куы бакæнынц, уæд ма нæ сæртæ хойын бæргæ райдайæм, фæлæ байрæджы вæййы. Цæвиттон æрхæссæм нæ цæгатаг сыхæгтæ хъулгъайæ: сæ территорийыл алайнаг къулдуæрттæ кæй сæвæрдтой, уый нæм мæлæты хъыг фæкаст, нæ истори нын тыхæй исынц, зæгъгæ. Æмæ мах раздæр цæмæннæ сарæзтам уыцы къулдуæртты, чи нæ хъыгдардта?.. Фæлæ цы кæнæм, цас хъуамæ тæргæйттæ кæнæм нæхицæн дæр æмæ нæ хъысмæтæн дæр – уæддæр цæрын хъæуы, размæ цæуын, хуыздæр фидæнмæ тырнын. Уæддæр хъуамæ архайæм нæ историйы æрфытæм ныккæсыныл. Уыцы историмæ та нæхицæй æддагæттæ тынгдæр кæй цымыдис кодтой, ууыл дзурæг у зындгонд францаг ахуыргонд Жорж Дюмезилы ацы зонадон уац дæр, кæцы мыхуыр æрцыдис 1976 азы.  

Рагон «скифтæ», «кельттæ» кæнæ «эфиоптæ» амыдтой тынг бирæ æбæрæг адæм. Скифтæ цардысты бердзенты зæххытыл Цæгатскæсæн фарс. Фæлæ мах цы историкты кой ракæндзыстæм, уыдон дызæрдыг кæнынц дыууæ хъуыддагыл. Геродоты хъуыдымæ гæсгæ «скифтæ» сты, кæрæдзимæ æнгом баст чи уыд, иу æвзагыл чи дзырдта æмæ Дунайы дæлвæзтæй Азовы денджызмæ, стæй дарддæр чи ахæлиу, уыцы адæмыхæттытæ. Геродот (йæ фæстæ та – Лукиан) хицæн кæны скифты æмæ савроматты, арæх сын знæгтæ чи уыд, сæ уыцы скæсæйнаг сыхæгтæй. Уыдон тыххæй дзуры æрмæст уый, æмæ кæй равзæрдысты скифтæ æмæ амазонкæтæй, уымæ гæсгæ зæгъæн ис: ce ‘взаг æмæ æгъдæуттæ сты сæ фыдæлты ‘взаг æмæ æгъдæутты æнгæс, æрмæст иуцасдæр тызмæгдæр. Афтæ хъуыдыгæнæн ис, æмæ Геродот иумæйаг номæй «скифтæ» кæй хоны, уыцы адæмтæй иутæ дзырдтой, кæрæдзийæ зына-нæзына чи хицæн кодта, индоевропæйаг-ирайнаг æвзаджы ахæм диалекттыл. Бафиппаинаг у, Геродот меланхлентæ кæй хоны, уыдон бердзенагау кæй амонынц «сау цармæй кæрцытæ чи дары, уыдон…».

   _____________

Уымæй уæлдай ныр æнус æмæ ‘рдæг зындгонд y, скифтæ æбæрæгæй кæй нæ фесæфтысты, сæ фæстаг бындартæ кæй сты аланты байзæддаг кавказаг ирæттæ.

                                                                                        _______________

  Уымæн æвдисæн у, сæрмæтты тыххæй Ольвийы цы фыст ссардæуыд, уый – (Саудартæй): уыдон сты, «саударджытæй». Геродот цы адæмы кой кæны, уыдон знæгты ныббырстыты аххосæй сæ бынæттæй фенкъуысыдысты Чырыстийы райгуырды агъоммæйы фæстаг æнусты, тынгдæр та ног дуджы фыццаг æнусты, æмæ дихгонд цыдысты, бæрцæй чысыл чи уыд, ахæм бирæ ног этикон хæйттыл. Уæдыккон автортæ се ‘ппæты дæр «скифтæ» хуыдтой, стæм хатт та – сæрмæттæ. Уæд цы адæм æмæ адæмыхæттыты нæмттæ фæзынд, уыдоны ‘хсæн ссарæм, æвæццæгæн, сæрмæттæй чи равзæрд æмæ дыууæ Ромы империйы азфысджытæн дæр æмæ хæстонтæн дæр æнцой чи нæ лæвæрдта, уыдоны нæмттæ: языгтæ, ястæ æмæ уæлдайдæр алантæ æмæ роксалантæ, «Ariaпа» стæй «рухс Ariana». Термин «скифтæ» æвæццæгæн раджы райста ахæм æгæрон географион парахатдзинад. Æцæгæй дæр, дзырд «скифтæ»-йы этимологи зын равзарæн у, Туркестаны чи цард, сæ уыцы скæсæйнаг æрвадæлтæ –  сактæй йæ иппæрдæй куы иртасæм, уæд.

Цæгаттаг ирайнæгтæ, æвæццæгæн, уыдысты иу адæмыхатт æмæ æмбæрстой сæ иудзинад. Александр Македонский ацы бæстæйы хурыскæсæн хай байсынвæнд куы скодта, уæд сæмбæлд, Дарий йæ рæстæджы хурныгуылæнырдыгæй лидзæг кæмæй фæцис, раст ахæм тызмæг адæмыхаттыл. Уымæй уæлдай ныр æнус æмæ ‘рдæг зындгонд y, скифтæ æбæрæгæй кæй нæ фесæфтысты, сæ фæстаг бындартæ кæй сты аланты байзæддаг кавказаг ирæттæ (сомихаг историктæ сæ хонынц Alwank). Италиаг æмæ испайнаг æвзæгтæ латинагæй куыд равзæрдысты, афтæ ирон æвзаджы дыууæ диалекты – ирон æмæ зæронд архаикон дыгурон – рацыдысты скифагæй.

Стыр диссаг у, хъысмæты ахæм карз фæлварæнты фæстæ дæр, æнусты дæргъы, æвзаг хъахъхъæд кæй æрцыд. Æппæты ахъаззагдæр ивындзинæдтæ та, æвæццæгæн, астæуккаг æнусты райдыдтой. Алантæй тыгъд быдыры чи баззад, уыдон XIII æнусы аивылдысты хуссар-скæсæнмæ нæ, фæлæ ныры Венгрийы ‘рдæм æмæ XV æнусы, ома куы фæхицæнтæ сты, уымæй аст, дæс æнусы фæстæ дæр ма дзырдтой, ирон æвзагмæ, уæлдайдæр дыгурон диа-лектмæ хæстæг, яссаг ныхасыздæхтыл. Æвзаг цæрдхъом кæй у, уымæ гæсгæ цыфæнды уавæрты дæр æрцыд хъахъхъæдгонд. Кæд ын ног æмæ ног сыхæгтæ уыд, бахауд политикон æнкъуыстыты, æнахуыр æрдзон уавæрты, уæддæр ма фыдæлтыккон æвзагæй цыдæртæ рахаста. Афтæ рауад албайнæгты хъуыддаг дæр: уыдон дæр бахъахъхъæдтой ce ‘взаг, фæлæ сæм цы дзыхæйдзургæ адæмон сфæлдыстад ис, уый ма y æрмæстдæр «балкайнаг фольклоры» иу йæхихуызон хай. Ирæттæн бантысти дыууæ хъуыддаджы саразын: бахъахъхъæдтой, цавæрдæр культурон апп кæм ис, канд уыцы ‘взаг нæ, фæлæ аппæн йæхи дæр. Аппы та бæрæгæй зыны, скифты цивилизаци йæ рæзты фæстагдæр заманты цы уавæры уыд, уый. Фæлæ æппæтæй ахсджиагдæр та уый у, æмæ цардæгас кæй сты, рагзаманты уддзæфæй йемыдзаг чи у, уыцы эпикон кадджытæ. Æмæ сæм кæд кæмдæрты универсалон фольклорон темæтæ баирвæзтысты, уæддæр эпосы хъайтарты фæлгонцтæ, фыццагау, сты аив æмæ хæдбындур. Уымæй уæлдай ма сæ сыхаг адæмтæ дæр айстой, чи къаддæр, чи – фылдæрæй, æмæ дзы уый аххосæй сыгъдæг ирон, скифаг чи у, ахæм бынæттæ хæлд æрцыдысты.

Хъысмæты азарæй ирæттæ цы æнахъинон уавæры бахаудтой, уый фыццаг хатт бафиппайдæуыд 1814 азы; йæ дыккаг чиныг «Reise im Kaukasus und nach Georgien»-ы уæлæмхасæны уый тыххæй фыссы Генрих фон Клапрот. Уый фæстæ та йæ 1822 азы бæлвырдæй равдыста, Парижы йын цы очерк рацыд, уым.

            _________________

 Æппынфæстаг, индоевропæйаг къордмæ чи нæ хауы, уыцы адæмтæ, ирæтты сыхæгтæ – абхазæгтæ, кæсæг, цæцæн æмæ мæхъхъæл, йæ апп Ирыстонæй кæмæн æрбацыд, уыцы Нарты кадджытæм, ног цаутæ æмæ сæм ног хъайтартæ бафтаугæйæ мыхуыры рауагътой стыр æмбырдгæндтæй, сæ национ хæзна сæ схонгæйæ.

                                                                                        ________________

Æрмæст 80-æм азты æрцыд каст ацы фарстамæ лингвистон æмæ этнографион хуызы. Стыр уырыссаг ахуыргонд Всеволод Миллер 1881-1887 азты æртæ томæй мыхуыры рауагъта рауагъта «Осетинские этюды», 1904 азы та цы æгоммæгæс ирон æвзагыл фæуæлахиз, уый грамматикæ. Уымæй уæлдай ма В.Ф. Миллеры амæлæты фæстæ баззад, Фрейман ма кæуыл бакуыс-та, уыцы ирон-уырыссаг-немыцаг дзырдуаты æртæ томы.

Уæдæй фæстæмæ ирæттæ æмæ ирон æвзагæн æмбæлгæ аргъ кæнынц куыд Уæрæсейы, афтæ Ныгуылæн бæстæты иранисттæ дæр. Мæскуыйы уыцы иртасæн куысты сæргъ лæууы бæрзонд культурæйы хицау, ирон лæг Абайты Васо – æвзаджы дæсны, историк æмæ этнограф, бирæ уацты æмæ стыр ахадæн чингуыты автор, уыдонимæ «Ирон æвзаджы историон-этимологон дзырдуат»-ы дыууæ томы (1958, 1971 азты) æмæ уацты æмбырдгонды фыццаг том «Осетинский язык и фольклор» (1949).

Ирон æмæ уырыссаг ахуыргæндтæ зæрдиагæй кусынц уыцы фарстайыл. Йæ фыццаг тексттæ сæдæ азæй раздæр кæмæн рацыдысты, ирон адæмы уыцы эпос «Нарты кадджытæ» дарддæр дæр цæуы мыхуыргонд. Æппынфæстаг, индоевропæйаг къордмæ чи нæ хауы, уыцы адæмтæ, ирæтты сыхæгтæ – абхазæгтæ, кæсæг, цæцæн æмæ мæхъæл, йæ апп Ирыстонæй кæмæн æрбацыд, уыцы Нарты кадджытæ, ног цаутæ æмæ сæм ног хъайтартæ бафтаугæйæ мыхуыры рауагътой стыр æмбырдгæндтæй, сæ национ хæзна сæ схонгæйæ. Ныгуылæн бæстæты сэр Гарольд y Бейлийæ суанг Я. Харматтайы онг æппæты зынгæдæр иранисттæ ce ‘ргом здæхтой ирон æрмæгмæ. Францы кæд Антуан Мейе, зæгъæн ис, йæ хъус тынг нæ дардта уыцы æрмæгмæ, уæд ыл Эмиль Бенвенист та 1959 азы ныффыста вазыгджын чиныг «Этюды по осетинскому языку». Уыцы куысты уый бавнæлдта, культурæмæ чи хауы, цавæрдæр ахæм фарстатæм дæр.

Мæхи тыххæй куы зæгъон, уæд та, 1926 азы июлы кæрон кæсгон адæмы æвзаг æмæ культурæйы фыццаг иртасджытæй иу – Н.Ф. Яковлев Скæсæйнаг æвзæгты скъолайы цы равдыст сарæзта, «СССР Цæдисы скæсæйнаг адæмты фольклор æмæ фыссынады æвдисæнтæ», зæгъгæ, уымæн йæ фыццаг рауагъд «Цыртдзæвæнтæ»-йы сыфтæ тагъд-тагъд куы фæлдæхтон, уæд мæ зæрдæ банкъардта, ирон традицитæн цы стыр нысаниуæг ис индоевропæйаг бынтæ ахуыр кæныны хъуыддаджы, уый. Мæ цард ацы фарстæн снывонд кæнынмæ хъавыдтæн, æмæ фыццаг фæндагамонæг æндах мæ къухты нырмæ не ‘фтыд, æмæ йыл цыма ныр фæхæст дæн. Афтæ фæзындысты уырыссагау дæр, стæй Цæгат Кавказы æвзæгтæй иуыл дæр чи нæ кæсы, уыдонæн сæ бон эпос базонын цæмæй суа, уый тыххæй фыст æрцыд дыууæ чиныджы. Иу чиныг – «Нарты кадджытæ» (1930) – уæды рæстæг зындгонд цы таурæгътæ уыд, уыдонæй мæ къухы чи бафтыд, уыцы варианттæ. Бафтыдтон ма йæм цалдæр фиппаинаджы, мæхæдæг цы историон абарстытыл бакуыстон, уыдонæй; фиппаинæгтæй иуы ныхас цæуы В. Ф. Миллеры программон уац куыд фыст æмæ æххæстдæргонд æрцыд, уый тыххæй. Æртын фондз азы фæстæ ирон æвзагæй тæлмацгондæй цы «Хъæбатырты чиныг» рацыд, уырдæм хаст æрцыд «Нарты кадджыты» фылдæр хай, суанг хæсты азты дæр чи нæ аскъуыд æмæ фæсхæст йæ бынат чиныджы чи ссардта, уыцы фольклорон æрмæг.

Иннæрдыгæй та, Турчы куы уыдтæн, уымæй цалынмæ Коллеж де Франсы райдыдтон фæллой кæнын, уæдмæ индоевропæйаг æрмæг иртасгæйæ иугæндзон пайда кодтон ирон тексттæй. Колледжы кусгæйæ ссæдз азы дæргъы нарты кадджыты тыххæй бакастæн, сæ мидис ма алыхуызон уацты кæмæн ис ссарæн, ахæм цалдæр курсы лекцитæ. Æппынфæстаг, 1968 азы уагъд «Миф æмæ эпос»-ы фыццаг томы æртыккаг хайы лæвæрд цæуы, нæ дугмæ цы кадджытæ æрхæццæ, уыдоны тыххæй иумæйаг уац, сæйрагдæр та – æртæнысанон теорийыл ныхас кæм цæуы, ахæм æрмæг. Уыцы раиртæстыты зынгæ хай мыхуыры рацыд  уырыссаг æвзагыл 1976 азы, чиныджы ном – «Осетинский эпос и мифология». Тексттæ равзæрста, чиныгæн фæсныхас æмæ фиппаинæгтæ ныффыста Абайты Васо, тæлмац та йæ ракодта В.З. Алмазова.

Уыцы скъуыддзæгтæй ацы куысты ницы ис. Чи зоны, кæмæдæрты диссаг фæкæса, йæ францаг тираж раджы кæмæн ахæлиу, мæ уыцы «Локи»-йы (1948) ирон хайæ пайдагонд кæй не ‘рцыд, уый. Хъуыддаг афтæ у: ис, æмæ ныртæккæ лæмбынæгдæр куыст цæуы «Локи»-йы ног редакцийыл.

Кæронбæттæны – дыууæ фиппаинаджы: ивгъуыд æмæ сомбоны тыххæй. 1882 азы Миллер цы ныффыста, уыимæ разы уæвгæйæ, æз афтæ нæ нымайын æмæ уыцы цæстæнгас йедтæмæ æндæртæн уæвæн нæй. Ирæттæ цæсты гагуыйау цы традицитæ хъахъхъæнынц, уыдон Геродот æмæ Лукианмæ гæсгæ скифты царды кæд бирæ цыдæртæ æмбарын кæнынц, уæддæр нæ бон y æндæр фæндагыл ацæуын дæр: сæ царды уавæртæ скифты, сæрмæтты, аланты царды уавæрты æнгæс кæмæн уыдысты æмæ Скæсæн Европæимæ иугæндзон чи æмбæлд, уыцы гуннтæ, тюркæгтæ, монголтæм не ‘ргом аздахын. Зæгъæм, Миллер кæрæдзийыл абарста, ирæттæм æмæ скифтæм цы мард ныгæныны æгъдæуттæ ис, уыдон. Бындæр бакæсæн ис, уыцы хъуыддаг кæй ис абарæн иуæй-иу сыбираг адæмты æгъдæуттимæ дæр.

Æмæ кæд мæхи проблемæты зилдухы уыдтæн æмæ фæндзай азæй фылдæр куыстон скифты «индоевропæйаг бынтыл», кæд дзырдтон, зæгъæм, ирон Сырдон æмæ скандинаваг Локийы æнгæсдзинадыл, уыцы тип кæй сæвзæрд сæ иутæм дæр æмæ иннæтæм дæр æмæ йæ дыууæ адæмы дæр кæй бахъахъхъæдтой, уый тыххæй, уæддæр æз æндæр фарстаты вазыгджындзинадыл дæр æмæ кæрæдзийæ райсгæ хъуыддæгты проблемæтыл дæр мæхи нæ тигъ кæнын.

Мæ коллегæ Жоэль Грисвар ирон эпос æмæ сакъадæхтыл цæрæг кельтты эпосы ахæм æмхуызондзинæдтæ райдыдта арын, æмæ æнæнхъæлæджы æнгæстæ уой, уый зæгъæн нæй. Уый куыд рауади? Иумæйаг бынтæ уой? Кæрæдзийæ райсгæтæ? Автор фыццаг хъуыдыйыл хæст у, фæлæ уæддæр зæгъы, Кельтикæ æмæ «европæйаг Иран»-ы ‘хсæн дæргъвæтин рæстæг кæй уыд комкоммæ бастдзинæдтæ Богемийы, Венгрийы быдырты æмæ Дунайы æххуысæй.

Мæ бон цы уыд, уымæй архайдтон, ацы чиныджы скифтæ æмæ ирæттимæ фыццаг хатт чи фембæлдзæн, цæмæй уыдонæн алцыдæр æмбæрстгонд уа.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.