Ацы цард махæрдыгон нал у. Нал нын ис, мах, адæмы чи уыд, закъон æмæ лæгдзинады барæнтæй баргæ цардыл кæй нымадтам, уыцы цард. Фесæфт, «царды размæцыд» æй рохуаты дунемæ ахаста.

Æрмæст махмæ, Ирыстоны нæ – афтæ у алкуы дæр. Зæххы къорийæн æлдариуæг чи кæны, уыцы Америкæ дæр ахæм уарвæрмæ æрхауд, бæлвырддæр зæгъгæйæ, йæ хинтæ йæхи сæрыл дæр æртыхстысты. Дыууæ кæлæддзаг зæронды, сæ царды фæстаг бонтæ нымайгæйæ, цалдæр мæйы кæрæдзийы хъуын-хъис фæхордтой, президент сæ чи хъуамæ уа, ууыл… Уый ма цæй хъомысджын, цæй барадон бæстæ у?.. Афтæ стыр Уæрæсейы дæр. Ныр дзы цалдæр азы дæргъы хынджылæг скъæры цавæрдæр къулбадæджы фырт Новальный. Ацыд, фæцыд, æмæ, дуне æмризæджы кæмæй рызт, уыцы Уæрæсейы ныффидиссаг кодта. Ныр фæстæмæ æрыздæхт æмæ… Ныр та уырыссаг адæмæн сæ сывæллæттæм æрсидт, цæмæй уынгтæм рацæуой æмæ тыхон структурæты ныхмæ æрлæууой. Иудзырдæй, Уæрæсейы сомбон туджы цæмæй сæвдыла, ууыл архайы. Æмæ ныр кæдæй  нырмæ…

Уый ма цæй цард у!..

Цæй цард ма ис махæн нæхимæ дæр. Иу цавæрдæр журналист цалдæр мæйы дихгонд Ирыстоны дыууæ хайы кæрæдзийы ныхмæ кæны, Паддзахад Алани кæй схуыдтам, уыцы Ирыстоны къухдариуæгадыл цъыфкалæн кæны, æмæ йын иу макæ зæгъæг нæ разынд, йæ рохтыл ын ничи æрхæцыд. Ныр æй исчи бацавта, нæ бацавта, про-вокаци уыд æви æцæгæй уыд, хæйрæг йæ зонæг – фæлæ ныр базмæлыдысты хицауæй рæнхъон адæймаджы онг, уый та, дам, куыд, журналистмæ, дам, къух сисæн куыд ис?

Æмæ йæ сæрыл гæрæхтæ кæнынц Ирыстонæн йæ хуссар хайы дæр, партиты номæй дæр ма аразынц сæрмагонд сидтытæ…

Афтæмæй та уыцы хабарæй цалдæр боны размæ ахæм нады хабар æрцыд ам, нæхимæ, хуссар хайы дæр, фæлæ ныр цæгатаг журналисты сæрыл ахсæны къæристæм дæр чи бавнæлдта, уыдонæй иу сыбыртт дæр ничи скодта уыцы нады тыххæй.

Уый куыд у, куыд, уæздан ирон адæм?!

Иугæр журналист Бибылты Анатолийыл цъыфкалæн кæны, уæд æм æвналыны бар нæй, уымæн æмæ журналист у. Фæлæ иугæр журналист Президенты не ‘фхæры, Паддзахады интересты сæрыл дзуры, уæд æй, гæнæн ис æмæ цахæмфæнды дзæхст дæр ныккæнай, уæд ын нæмыны бар ис, журналист нæ, фæлæ Дзуары лæг куы уа, уæддæр… Ома, кæд мæ ныхыс, уæд дæ æз дæр ныхын, кæннод мын сар дæ сæр кæны!

Ай ма цæй цард у, мæ куыдз ыл макуы амæла!

Æмæ адæм быхсынц… Сæ цард сын чи сафы, сæ сомбоныл сын арт чи æфтауы, уыдонмæ комхæлиуæй кæсынц, сæ ных бакъуырыны бæсты сын ноджы æмдзæгъд кæнынц.

Æниу, куыд фæзæгъынц: теуайы уаргъ афтæ нæ акæлдзæн æмæ дзы хæрæджы уаргъы фаг мауал æрывзæра… Ис ма нæм, царды мидис чи æнкъары, кæйдæрты къæхты хъæрмæ чи нæ кафы, цардхалджыты нæ, фæлæ æрвонг зонды коммæ чи кæсы, ахæмтæ дæр, фæлæ зондджын адæймаг модæйы нал ис, никæйуал хъæуы, ничиуал æм хъусы.

Абон ма нæ интеллигенцийы хуыздæртыл кæй нымайæм, уыдонæй сæ иу Уыртаты Аланкæ у – журналист, фыссæг, ахуыргонд. Фæстаг цалдæр азы цæргæ Мæскуыйы кæны, фæлæ йæ зæрдæ, йæ хъуыдытæ иугæндзон Ирыстонимæ сты. Дих кæй нæ кæны, иу Фыдыбæстæйыл кæй нымайы, уыцы Ирыстонимæ. Нæуæдзæм азты райдианы Ирыстонæн стыр тас куы уыд, уа ма æви мауал уа, йæ разы ахæм фарст куы слæууыд, уыцы рæстæджы бирæ сарæзта уый тыххæй, цæмæй Ирыстоны дыууæ хайы мыхуыры фæрæзтæ æмхуызонæй архайой Ирыстоны рæстдзинад дунейæн базонын кæныныл.  Цард йæ раттæг адæмы цæ-райæ. Æмæ ныр дæр афтæ цæры. Йæ хъус дары алцæмæ дæр, æндавы йæ алцы дæр, йæ туг, йе стæг адæмы цардæй. Æмæ алыхат дæр æргомæй фæзæгъы йæ хъуыды, равдисы йæ рæстаг цæстæнгас. Ацы бонты дæр та æрсидт йæ адæммæ:

«Рагон Ирыстон хъæддаг бæстæ нæу Кавказы хохрагъы фæйнæфарс! Фæлæ бæрндзинадхæсджытæ Парламент æмæ иннæтæ дæр æмæ бынтондæр бæрндзинад чи нæ хæссы (блогертæ æмæ æндæр адæм), уыдон дæр сæхицæн дæттынц, адæм кæй равзæрстой, уыцы Президент Бибылы-фыртмæ, æруадзæн кæмæн нæй, ахæм æнæхъола æвзагæй дзурыны бар æмæ уый та нысан кæны, сæхимæ дæр кæй дзурынц ахæм æвзагæй, куыд адæм, афтæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстаг Дзабиты Иналы амарыны фæдыл фæдагуырды фæстиуджытæм æнхъæлмæ кæсыны рæстæджы чи райтынг, уыцы гомгæрц компанийæн æрмæстдæр схонæн ис, куыд сæ хæдбардзинады сæрвæлтау уæззау, мæлæтхæссæг тохы бацæуæг адæмы къухы бафтгæ паддзахаддзинад пырх кæнын, афтæ.

Сымах, закъондзинад æххæст кæнын домгæйæ, уæхæдæг халут æрмæст нырык-кон æмбæстагон æмæ нæ рагон национ æхсæнады моралон-этикон закъæттæ нæ, фæлæ уæ паддзахиуæгады бындуртæ дæр.

Уæхæдæг уæхицæн кæй аргъ кæнут, уый равдисынæн хъæуы æппæт шоутæ дæр ныууадзын, хи нæмттæ æмæ цæсгæмттæ раргом кæнын, цæсгомджынæй дзурын хъæуы æрмæстдæр уыдæттыл, паддзахадæн йæхи мидæг æмæ йæ суверенондзинады закъæттæ дæр чи фидар кæна.

Ирæттæ нырыккон цивилизацийы – уый уыд æппæт адæмы æцæг уæлахиз, уымæй æмæ къухы бафтыд ахæм уæззау фæндагыл цæугæйæ.

Нæ йæ хъæуы æвдулын ахæм мæнг политикон чъизи æмæ æнæадæймагон цъаммардзинады! Уыдон махæн сты кæйдæр чъизи æмæ тынг тæссаг хъæзтытæ!

Ирæттæ, алантæ, сымах стут наци, тынг рагон истори кæмæн ис, ахæм адæм, уый у сымахæй алкæцы дæр, уый у сымахæн уæ иумæйаг бынат æмæ гъæд дунеон цивилизацийы. Уый у сымах намыс!

Æз сымахæй, мæ Райгуырæн бæстæйы адæм, мæ туг, ме стæг æфсымæртæ æмæ хотæ, курæг дæн æрмæстдæр уæхицæн аргъкæнынад, хуымæтæджы аргъкæнынад!»

Фæлæ та йæ иустæмты йедтæмæ ничи фехъуыста. Интернет-тыгъдады та йын алыгъуызон фидистæ фæкодтой, ирон адæмы знагыл та йæ банымадтой. Чи? Ирыстоны тыххæй йæ къух уазал доны дæр чи никуы атылдта, ахæмтæ,  Ирыстон, кæм цæрынц, уый дæр чи æмбæхсы, йæ зын рæстæджы Ирыстонæн, Аланкæйау, чи нæ балæггад кодта, ахæмтæ. Ныры онг зонгæ дæр нæ кодтой, кæмдæр Ирыстон кæй ис, ныр сæ зæрдыл æрлæууыд – æви сын æй æрлæууын кодтой…

Алцы дæр махæй кæнгæ у, ам чи цæры, хæст дæр чи бавзæрста йæхиуыл æмæ царды уæз дæр, уыдонæй, фæлæ…

Цы кодтам, цы ныл æрцыд, хорз адæм? Америкæ æмæ æппæт ныгуылæйнаг бæстæтæ дæр кæмæн æххуыс кодтой æмæ кæ-нынц, уыцы Гуырдзыстон нæ куынæ басаста, уæд нæ ныр кæйдæрты æнæсæрфат амбицитæ сæрсæфæны былмæ цæмæн батардтой?

Алчи дæр æркæсæд йæхимæ æмæ ахъуыды кæнæд йæхи хæстыл. Алцы дæр равзарæм æмæ аскъуыддзаг кæнæм, закъон куыд амоны, афтæ. Уый кæмæдæриддæр хауы, уыдон сæ куыст кæнæд, кæмæ нæ хауы, уыдон та сæ хæдзæртты сбадæд æмæ ма хъыгдарæд!

Цы кодтай, цы дыл æрцыд, Ирыстон?

…Кæддæр дыууæ хылгæнæджы, дыууæ тудджыны ‘хсæн дæр сылгоймаджы кæлмæрзæн уыд иргъæвæг, ныр та – иннæрдæм…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.