Мах та нӕ уӕлныхты систам, Уӕрӕсейы фӕрцы дунеон популярондзинады сӕрты чи акаст, ӕмӕ йыл бахъуаджы сахат гадзрахатӕй чи рацыд, уыцы зындгонд адӕмы, аивады архайджыты. Куыд зонӕм, афтӕ!.. Фӕлӕ искӕй цӕсты къала бӕлас куы уынай, уӕд дӕхи цӕсты ӕрду уӕддӕр хъуамӕ бацагурай… Байхъусӕм ма,  Америкӕйы чи цӕры, уыцы иронмӕ, Дзуццаты лӕппумӕ:

«Иронау кӕйдӕр блоджы уый бæрц фæфыстон æмæ загътон: мæхимæ дæр сæ рауадзон, цæмæй мын ма фесæфой. Тынг хъыг мын уыди, уытæппæт адæмæй иронау мæнæй хуыздæр кæй ничи фыста, уый. Афтæ нæ зæгъын, Ирыстоны мæнæй хуыздæр иронау ничи дзуры кӕнӕ фыссы, фæлæ йæ бæллæх уый мидӕг ис  æмæ интернет æмæ компьютер кæмæ ис, ома цӕрдхъомдæр чи сты, уыдон иронау дзурынмӕ ӕмӕ фыссынмӕ дæсны не сты. Кæд ма æрмæст мæгуыртæ зонынц ирон æвзаг, уæд æй уыдон дæр тагъд ферох кæндзысты амалхъом адæммæ гæсгæ.

Уӕрӕсейы Æдасдзинады федералон службӕ, Мидхъуыддӕгты министрад ӕмӕ Мæскуы, куыд æгас Цæгат Кавказы, афтӕ Ирыстоны дӕр голладжы бамбæхстой. Бауырнæд уæ, Америкæйæ кӕсгӕйӕ уый ноджы хуыздæр зыны. Ахæм изоляци хорз никæмæн у, уæлдайдæр гыццыл æмæ мæгуыр адæмæн. Цæмæн хъуамæ кува Ирыстон Уæрæсейæн, кæд æй уый батардта ацы уӕззау ранмæ, уӕд?».

Федтам, цас «патриоттӕ» ис ирон адӕмы ӕхсӕн. Федтам, куыд ныл тыхсы не ‘мирон америкӕйаг, федтам, зонд нын куыд амоны, ома, «Уӕрӕсе уӕ голладжы бамбӕхста», ӕндӕра уын Америкӕ афонмӕ уӕ хӕдбардзинад дӕр банымадтаид… Кой дӕр не скодта уый тыххӕй, августы хӕсты нӕ Уӕрӕсе куынӕ фервӕзын кодтаид ӕмӕ нын нӕ хӕдбардзинад куынӕ банымадтаид, уӕд гуырдзиаг-америкӕйаг голладжы ӕмбӕхсыны фаг дӕр кӕй нал уыдаиккам… Уый нӕ, фӕлӕ нын ноджы нӕ цӕстмӕ дары, нӕхи Уӕрӕсейы раз хӕсджыны бынаты кæй æвæрæм, уый. «Хорз  зæгъæм Ирыстон хæсджын у Уæрæсейæ (ферох кæнæм, Уырыс сæхæдæг кӕй бацахстой Ирыстоны, уый). Цы хъуамæ бакæной ирон адæм, цæмæй суæгъд уой уыцы хæсæй? Цал сывæллоны, цал скъоладзауы ма хъуамæ бавдæрза Путин, цæмæй зæгъа: «Ирон адæм Уæрæсейæн сæ хъалонтæ æмæ сӕ хæстæ бафыстой»? Алцыдæр æмбарын æз – чи тæрсгæ кæны – йæ куыст фесафдзæн, чи – йæ пенси, чи хæстæй тæрсы… Чи та афтæ дзуры, зæгъгæ, банхъæлмæ ма кæсæм – Уæрæсе фӕхуыздӕр уыдзæн сом æмæ нӕ уавӕр дӕр фæхуыздæр уыдзæн… Æз та афтæ зæгъын – Уæрæсе йæхиуыл куы схæца, йæ бæллæх дæр уæд æрцæудзæн Ирыстонæн – æнæ республикæ аззайдзысты ирон адæм, сӕхи та сын хæлиу ныккæндзысты уырыс. Уыйадыл, æз афтæ нæ зæгъын, схæцын хъæуы, фæлæ куыддæр фадат фӕуа (æмæ мæ уырны, уыдзæн), афтæ хъуамӕ бацархайӕм нӕхи Уӕрӕсейӕ ӕдтӕмӕ атоныныл. Ирон адæмы бартæ фæстаг 20 азы къаддæрæй къаддæр кодтой. Æппæтæй па-рахатдæр бартæ Ирыстонæн уыдис, Уæрæсе йæ тæккæ лæмæгъыл куы уыд, уæд. Уæрæсе у импери æмæ æндæргъуызон рæхджы не суыдзæн – Мæскуы цас тыхджындæр уа, уыййас тынгдæр æвдӕрздзæн, уырыссаг чи нæу, уыдоны. Ирыстоны паддзахады цӕрӕг адӕмӕй кæимæ дзырдтон, уыдон дæр æй афтæ дзурынц, ӕрмӕст мæхи номӕй нӕ дзурын афтӕ, мӕхӕдӕг ӕй не ‘рхъуыды кодтон».

Америкӕйаг иронӕн Ирыстоны паддза-хады цӕрӕг адӕмӕй ахӕм цыдӕртӕ чи фӕдзырдта, уыдонӕн сӕхи цӕсгомыл уӕд, фӕлӕ… Фыццаджыдӕр, мах нӕхи Уӕрӕсейӕ ӕддӕмӕ куы атонӕм, уӕд нӕ гуырдзы ӕмӕ Дзуццаты лӕппуйы уарзон Америкӕ аныхъуырдзысты. Уӕрӕсе та цас тыхджындӕр уа, уый бӕрц махӕн дӕр ӕдасдӕр уыдзӕн нӕ хъысмӕт. Иуӕй раст у, тыхджыны ӕдых ницӕмӕн хъӕуы, фӕлӕ ӕгӕр «фӕцӕхджын» кодта йӕ рӕстдзинад – Хуыцау ма зӕгъӕд, фӕлӕ куыддӕр Уӕрӕсе фӕцуда, афтӕ йӕ фыц-цаг мах фӕхатдзыстӕм, мах ӕй бавзардзыстӕм нӕхиуыл…

«Æз æппындæр нӕ дызæрдыг кæнын ууыл, Ирыстонӕн йӕ цӕгат хай иунæг республикæ куы уыдаид Уæрæсейы, уæд æй раджы акъабӕзтæ кодтаикой уырыс. Хуыцау хорз æмæ иунæг не сты ирон адæм Цæгат Кавказы. Уыйадыл мæхъæл дæр ахъаз сты уымæн, цæмæй ирон адæмы уырыс сæ быны ма скæной бынтондӕр. Ацы хуымæтæг хъуыдытæ чи нæма бамбæрста ирон адæмæй, уыдоныл æз тынг дис кæнын. Чи загъта æмæ ирон адæмы бартæ хъахъæнын нæ хъæуы Уæрæсейы? Фæлварын хъæуы æнæмæнг. Фæлæ кæм ис уыцы фæлтæрддзинад, исчи ма мын æй равдисæд, куыд ис хъахъхъӕнæн адæмы бартæн Уæрæсейы уагæвæрдтæм гæсгæ? Уӕрӕсейы паддзахад Беслӕны сывæллæттæй кусæрттаг скодта, Уæрæсейы иумæйагдзинад цæмæй ма фехæла, уый тыххӕй. Æз уыцы ирон адæмы не ‘мбарын, уыцы «иудзинадыл» ма дæндагæй чи хæцы. Дæлдзæх ныххауæд ахæм «иудзинад». Кæд уырысы сæ сывæллæттæ нæ хъæуынц, уӕд сæ бар сæхи у. Фæлæ ирон адæм та сæхи былæй Уырысимæ цæмæн хъуамæ ӕппарой?»

Мӕнӕ диссӕгтӕ, царциаты диссӕгтӕ! Уӕдӕ нӕ ирвӕзынгӕнӕг мӕхъӕл сты?!. Науӕд Беслӕны ӕвирхъау трагедийы ӕнгӕс трагедиты амӕттаг уырыссаг сывӕллӕттӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты баисты?.. Æмӕ цы домы йе ‘мирон адӕмӕй Дзуццайы-фырт: цӕмӕй нӕ къух сисӕм Уӕрӕсеимӕ иудзинадыл. Æмӕ уӕд кӕимӕ хъуамӕ скъобор кӕнӕм иудзинад? Йӕ логикӕмӕ гӕсгӕ Америкӕимӕ… Кӕцы Америкӕимӕ, Дзуццаты лӕппу, зӕххы къорийыл ӕдыхдӕр нациты сывӕллӕтты мингӕйттӕ, милуангӕйттӕй чи цӕгъды, уыцы Америкӕимӕ?!. Ахӕм иудзинад «дӕлдзӕх ма хъуамӕ ныххауа», ахӕм иудзинад хъуамӕ уӕлахиз уа!

«Англисы импери æгас куы уыди, уæд индийæгтæ, арабтæ æмæ иннæтæ хæцыдысты Англисы фарс. Æмæ цы? Ирон адæмы исчи фарста, фæнды уæ хæцын немыцимæ? Стæй ирон адæм немыцы цардæй куы ацардаииккой, уæд ма сæ бафæндыдаид фæстæмæ Уæрæсеимӕ цӕрын? Германмæ кæй атардтой кусынмæ, уыдонæй бирæты сæ хæдзæрттæм нал бафæндыди раздæхын. Сталин ирон адæмæн сæ хуыздæрты ныццагъта хæсты размæ æмæ ма сӕ чи баззади, уыдонæн йæ бон кӕнын уыди, цыдæриддæр æй бафæндыдаид, уый. Уæрæсе тыхæй кӕй бацахста Ирыстоны, уый иу рӕстаг историкæн дæр дызæрдыггаг нæу. Ирон адæм бирæ нæ хæцыдысты уырысимæ, уымæн æмæ иуæй чысылнымӕц уыдысты, иннæмæй тынг пырх уыдысты кæмттæм гæсгæ, аннæмæй та сын æххуыс ничи кодта».

Раст та у Англисы империйы тыххӕй дӕр, раст у Сталины тыххӕй дӕр, раст у, ирон адӕмӕн сӕ бон хӕцын кӕй нӕ уыдис, комӕй-коммӕ кӕрӕдзийы хъӕр кӕй нӕ фехъуыстой (уымӕн Коцты Бега ӕмӕ Алыккаты Хазбийы хӕст ирд ӕвдисӕн), уымӕй дӕр ӕмӕ сын ӕххуысгӕнӕг кӕй нӕ уыдис, уымӕй дӕр, фӕлӕ уанцон цӕхджын рӕстдзинад нӕу!.. Сталины культы азарӕй ма чи аирвӕзти, уыдоны та Герман нӕ ныццагъта?!.

О, кӕмдӕрты, цӕмӕйдӕрты раст у Дзуццайы-фырт, фӕлӕ…

«Фæлæ кæд историктæ ницы æмбарынц, æмæ бӕлвырд кӕнынц, зӕгъгӕ, Ирыстон барвæндонæй бацыди Уæрæсемæ, уæд Ирыстонæн ис бар, цӕмӕй  барвæндонæй ахицæн уа Уæрæсейæ. Афтæ нæу? Тыхджын Уæрæсе (тых уырыс куыд æмбарынц, уымæ гæсгæ) у чысыл адæмты сæфт. Уæрæсейыл тыхсджытæ бирæ ис, фæлæ ирон адæм хъуамæ хъуыды кæной Ирыстоныл, уымæн æмæ йыл æндæр ничи ахъуыды кæндзæн».

Оу, мӕнӕ мӕгуыры дӕ-дӕ-дӕй!.. Хорз, ис нын барвӕндонӕй Уӕрӕсейӕ ахицӕны бар, хорз, ахицӕн уӕм, фӕлӕ стӕй цы фӕуыдзыстӕм, нӕ цъыс-цъыс кӕй къахы бынӕй ссӕудзӕн?..

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.