Цæйут, æфсымæртау, радтæм нæ къухтæ

Абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!..

Цымæ стыр Къостайы ацы фæдзæхст ирон адæм æххæст кæнынц? Кæй зæгъын æй хъæуы, алчи йæ не ‘ххæст кæны. Къостайы уæнгты йæ мæгуыр ирон адæмы мæтæй уæззау низ бацыд, йе ‘фхæрд ирон адæмы рæсугъд фидæны тыххæй бирæ тæрæнты фæцис, фæлæ уæддæр йæ тох нæ ныууагъта йæ амæлæты бонмæ дæр. Стыр хъыгагæн, абон бирæтæ мурмæ дæр нал дарынц Къостайы зондджын æмæ ахсджиаг фæдзæхстытæ.

Ракæндзынæн йæ ирон адæмы тыххæй цæрынхъуагæй трагикон æгъдауæй сыджытмæ чи бацыд ноджы иу ахæм патриоты кой. Джыккайты Шамил 1992 азы сентябры мæйы газет «Южная Осетия»-йы йæ уацы фыста: «Прибалтикæйæ дыууæ фаззон æфсымæры ацыдысты балцы. Иу хатт æфсымæртæй иу бахауд хылы æмæ йæ æгъатырæй надтой. Иннæ фаззон æфсымæр лæууыд иуварс æмæ сæм æвæлмасæй касти. Уæд æй чидæр бафарста, зæгъгæ, де ‘фсымæры сæрыл цæмæннæ хæцыс? Уый йын дзуапп радта: «Цæмæн? Ныртæккæ иуы нæмынц, уæд та нæ дыууæйы дæр нæмдзысты». Уый дын царды зондджындзинад, уый дын æндон логикæ! Ацы цау мын мæ зæрдыл æрлæууын кæны дыууæ Ирыстоны истори. Мах Цæгаты нæ тæрсæм Ирыстоны хуссар хай фесафынæй. Мах иууыл тынгдæр тыхсын кæны, цæмæй сæ бæллæхтæ махмæ ма ранхъæвзой, уый. Ирыстон, æгъатыр хъысмæты фæндонæй, хордзенау æрцауындзæг Кавказы хохы рагъыл. Æмæ хордзенæн йæ иу хай куы æрхауа, уæд сæрсæфæнмæ атæхдзæн дыккаг хай дæр. Фаззон-æфсымæры уагахастæн та бамбарæн ис афтæ, æмæ йын цивилизаци йæ удысконды кæй нал ныууагъта æфсымæрон æнкъарæнтæ. Ирон адæм дæр ахæм уавæры уымæн февзæрдысты, æмæ нын нырма кæй нæй национ иудзинады æнкъарынад».

Дыууæ Иры æфсымæртæ сты æмæ сæ иуы исчи куы нæма, уæд æм иннæ æвæлмасæй хъуамæ кæса? Национ идейя нæм ныллæг æмвæзадыл кæй ис, уый тыххæй бирæ цæвиттонтæ æрхæссæн ис. Фæлæ абон нæ дзырды сæр у, æрæджы Интернет тыгъдады цы информаци апарахат, ууыл. Ирыстоны растхъуыдыгæнæг адæм цавддурау баззадысты. Ау, уый та куыд, зæгъгæ.

Дзæуджыхъæуы ресторан «Торне»-мæ фæхуыдтой гуырдзиаг зарæггæнæджы æмæ йе нæбары зардмæ хъырныдтой æмæ кафыдысты, уырдæм цы «патриоттæ» æрбамбырд сты, уыдон.  Уæрæх экраныл та Гуырдзыстоны тырысайы ныв! Гъе, уый дын «æцæг патриоттæ»! Гъе, уый дын сæ радтæг адæмы «аккаг фырттæ æмæ чызджытæ»! Уымæй дæр ацы бонты Тбилисы  митингты афтæ чи хъæр хъæр кæны, зæгъгæ,  хъуамæ Гуырдзыстонмæ раздахæм Сухумы, Цхинвалы, Ереды, уыдонæн Ирыстоны сæ тырыса æвдисын дæ сæрмæ бахæсс!!!

Хабар фехъуыстой сæрмагонд æфсæддон операцийы фронты раззаг хаххы чи хæцы, уыцы ирон лæппутæ дæр. Се ‘хсæн сты Багаты дыууæ æфсымæры. Сæ иу –  Александр, сидт сарæзта йе ‘мтуг ирон адæммæ. Загъта, зæгъгæ, куыд гæнæн ис æмæ Ирыстоны рестораны гуырдзиаг тырыса æвдыст цæуа, гуырдзиаг зарджытæ дзы хъуыса. «Абон мах Донбассы бахъуыд гуырдзиаг легионимæ хæцын. Сæ ныхмæ хæцыдыстæм 2008 азы августы тугуарæн хæсты рæстæджы дæр. Ау, æппын нæм ирондзинадæй ницыуал ис», – карзæй загъта уый. Сæрмагонд æфсæддон операцийы ирон лæппутæ сæ туг калынц Бандерайы нацистты ныхмæ хæцгæйæ æмæ Ирыстоны зæххыл та чидæртæ гуырдзиаг тырысатæ æвдисынц сæ рестораны. Ау, æппын сæ уæнгты ирон туг нæ зилы, ирон мад сæ нæ ныййардта? Æппын хъусгæ дæр никуы фæкодтой 20 азы дæргъы гуырдзиаг тыхæйисджыты аххосæй хуссарирыстойнаг адæм цы хъизæмæрттæ бавзæрстой, удæгасæй сæ кæй ныгæдтой æмæ сыгъдтой, уыдæтты тыххæй.

Куыд рабæрæг, афтæмæй ресторан «Торне»-йы хицæуттæ сты Зассеты æфсымæртæ. Афтæ ма уыдон лæууынц «Меркада Групп»-ы сæргъ, кæцымæ хауынц ресторантæ, хъæдын хæдзарон дзаумæттæ аразæг æмæ парфюмерийы заводтæ. Æртæ æфсымæрæй дыууæйæ сты Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты депутаттæ. Уый базонгæйæ, уæлдай тынгдæр фæрыстысты нæ зæрдæтæ. Ау, Парламенты депутаттæ уæвгæйæ, сæ дæлбар рестораны гуырдзиаг тырыса экраныл æвдыст кæмæн цыд, кæнæ гуырдзиаг зард кæй ресторанæй хъуысы, уыдон сæ Ирыстонæн хорзæй цы хъуамæ саразой? Дыууæ Ирыстоны æрбангомдæр кæныны бæсты дыууæ Иры адæмы ‘хсæн хæрамдзинад цæмæн тауынц? Чизоны, ахæм митæ дæр уымæн аразынц, цæмæй дыууæ Ирыстоны адæмы кæрæдзийы ныхмæ скæной. Ацы змæст æмæ чъизи дунейы дæ алцыдæр уырнæд.

Бафæлвæрдтам ресторан «Торне»-йы разамонджытимæ телефоны аныхас кæнын, фæлæ дыууæ æфсымæрæй иу дæр телефон нæ систа, кæд сæм цалдæргай хæттыты фæдзырдтон æмæ сæм фысгæ дæр ныккодтон, уæддæр. Цæмæннæ йæ æмбарынц æфсымæр æфсымæрæй тыхджын кæй у, уый. Хæстон уæззау рæстæджыты кæрæдзийы фарсмæ куынæ балæуыдаиккам, уæд нæ хъуыддæгтæ бирæ æвзæрдæр кæй уыдаиккой. 1992 азы мæхъæлæттæ Цæгат Ирыстонмæ куы æрбабырстой, уæд сæм хуссайраг цæхæрцæст лæппутæ легендарон Джиоты Аланы (Парпат) сæргълæудæй æххуысмæ куынæ фæзындаиккой, уæд хæсты фæстиуджытæ ноджы трагикондæр уыдаиккой. Мæхъæлон-ирон хæсты се ‘взонг цард аскъуыд цалдæр хуссарирыстойнаг лæппуйæн. 2008 азы августы хæсты рæстæджы та се ‘фсымæртæм æххуысмæ фæзындысты цæгатирыстойнаг лæппутæ. Сæ иу алагираг Æгъуызарты Аслан хæрзæвзонгæй фæмард Хуссар Ирыстоны сæрибардзинады сæрвæлтау.

Гуырдзиаг  тырысатæ æвдисыны бæсты куыд депутаттæ, афтæ дыууæ Ирыстоны баиу кæныныл куы бацархаиккой, уæд нæм нал гуырдзы æмæ нал дæр мæхъæл æрбаууæндиккой, фæлæ… Фæлæ бирæтæ систы æхцайы цагъайрæгтæ. Æхцайыл уæй кæнынц сæ намыс, сæ Фыдыбæстæ æмæ ныл не знæгтæ дыууæрдыгæй худынц. Æрхæссдзынæн скъуыддзаг Джыккайты Шамилы уацæй: «Нырма нын национ миниуджытæ кæй нæй, нæ бæллæхтæ дæр иууылдæр уырдыгæй æвзæрынц. Æмæ национ миниуджытæ куы нæ уа, уæд нæ уыдзæн национ идейæ дæр, нæй ахæм нысан, кæцы адæмы иумæ рамбырд кæна æмæ йын концентраци кæна йæ тых æмæ хъомыс. …Адæймаг гæнæн ис æмæ ныббара йæхи æфхæрд, фæлæ дæ адæмы æфхæрд макуы хъуамæ ныббарай. Мах ферох кодтам 1920-æм азы геноцид, æмæ махæн сарæзтой ног геноцид – æрмæст ноджы æгъатырдæр хуызы».

Хуссайраг ирæттæ тынг хорз зонынц, мæхъæлон тыхæйисджытæ сын сæ цæгаттаг æфсымæртæн цы фыдмитæ фæкодтой, уыдæтты тыххæй. Абоны онг дæр нæ зæрдæты рис нæ къаддæр кæны Беслæны æвирхъау теракты тыххæй.  Афтæ хъуамæ уа Цæгат Ирыстоны дæр. Уыдон дæр хъуамæ зоной гуырдзы ирон адæмæн æнусы дæргъы цалдæр геноциды кæй сарæзтой, уый тыххæй. Исчи ма  Гуырдзыстоны кæнæ Мæхъæлы ирон тырыса равдисæт æндæра йыл цы бон акæнид. Интернеты фенæн ис видеотæн, ирон лæг йæ машинæйы багажникы ирон тырыса куыд ласта æмæ йæ гуырдзиæгтæ фæстæмæ куыд раздæхтой Ларсы таможнæйæ; ирон футболуарзджытæ Грознæйæ цыдысты Дзæуджыхъæумæ цингæнгæйæ, ирон тырысатæ машинæтæй радаргæйæ. Арæныл сæ баурæдтой мæхъæлæттæ æмæ сын сæ тырысатæ айсын кодтой;  Украинæйы гуырдзиаг легионæй сæ иу иннæйы  афарста, зæгъгæ, дыууæ уырыссаджы амарис æви иу ироны? Уый уайтагъд сдзуапп кодта, зæгъгæ, дыууæ уырыссаг салдаты  бæсты амарин иу ирон лæджы.

Фæлæ ирон адæм рохгæнаг сты, айрох сæ вæййынц се знæгты фыдмитæ æмæ та сæ уыдон ногæй сфæлахтт кæнынц æмæ та бафидæм нæ хуыздæрты  хуыздæрты тугæй.

Ивгъуыд азы ноябры мæйы кæрон ирон лæппуты стджытыл фæкафыдысты Цæгат Ирыстоны паддзахадон ансамблы солисттæ, Тбилисы не знæгтæн ауагътой мастер-къластæ. Хъуамæ сæ сахуыр кæной ирон национ кафт «Симд» кафын, цæмæй та йæ кæддярау рахоной гуырдзиаг кафт. Сентябры мæйы та Аланийы дзуарæфтыдыл 100 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон мадзæлтты фæлгæтты Мæскуыйы Сретенскаг моладзандоны чырыстон хор Сабырады проспекты йæ программæ бакодта Гуырдзыстоны патриарх Илия 2 композицийæ.

2016 азы Дзæуджыхъæуы хъуамæ гастролты æрцыдаиккой Гуырдзыстоны кафты ансамблтæ «Рустави» æмæ «Бани»-йы коллективтæ, кæцы æнæразыдзинад расайдта Ирыстоны æхсæнадмæ, уæлдайдæр ансамбль «Рустави»-йы ахасты. Ацы коллектив 2008 азы августы Цхинвалыл бомбæтæ куы калдтой,  танкæтæ æмæ йæ «Град»-тæй куы æхстой, уæд ацы коллективы хайадисджытæ та ралæууыдысты хæстон архайдтыты фарс æмæ кинтаури кафыдысты Тбилисы централон фæзуаты. Уыимæ кафты номырты рæстæджы сценæйыл æвæрд егъау мониторты æвдыст цыдысты сыгъд æмæ пырх Цхинвалæй видеокадртæ. Уæд, 2016 азы Хуссар Ирыстоны æхсæнад æмæ цæгатирыстойнаг патриоттæ ралæууыдысты «стджытыл кæфтыты» ныхмæ æмæ сæ къухты бафтыд сæ аивын. Раст нын цыма уыдæттæ фаг нæ уыдысты, уыйау иу цæф иннæмæй фыддæр.

Бирæтæ райдайынц зондджын ныхæстæ, зæгъгæ, аивад æнæ политикæйæ у. Фарстæуы, уæдæ кæд афтæ у, уæд Гергиты Валери цæмæннæ уал ацæуы фæсарæнтæм, Уæрæсейаг спортсменты цæмæннæ уадзынц алыгъуызон ерыстæм? Ирыстоны дзæвгар ис мæнгдемократтæ æмæ гуманисттæ. Уыдон дзурынц, зæгъгæ, цæрæнбонты знагиуæгæй цæрын нæ хъæуы. Уыдонæн та зæгъдзынæн, бафæрсæм ма хæсты рæстæджы сæ хъæбулты кæцы ныййарджытæ фесæфтой, уыдоны, æндæра уыдон та куыд хъуыды кæнынц. Хетæгкаты Къоста сын радтид ахæм дзуапп: «Æстур дæр ма хуыздæр хоны йæхи рæгъау кæйдæр хъомæй»… кæнæ та – «Фезмæл – ма,  фезмæл, нæ фыййау, нæ фæстæ, иумæ нæ рамбырд кæн, арфæйы дзырд!».

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.