Алы адæм дæр буц сты сæ мадæлон æвзагæй, уымæн æмæ уый у адæмты кæрæдзи æмбарыны ахсджиаг фæрæз,  æмæ йæ бахъахъхъæнын æмæ рæзын кæнынмæ дарынц уæлдай стырдæр хъусдард. Мах, ирон адæм дæр, сæрыстыр стæм не ‘взагæй, уый йæ радтæг адæмимæ бавзæрста бирæ зындзинæдтæ, бахауд-иу дзæвгар тыхст уавæрты, фæлæ уæддæр нæ фæцудыдта æмæ нæм æрхæццæ абоны бонмæ. Уæдæ мах, абоны фæлтæр, хъуамæ буц уæм, ахæм нæртон æвзаг нын кæй лæггад кæны цæстуарзонæй. Уæдæ нын æрвылбон дæр лæггадхъом чи у, уырдыг лæууынмæ æдзухдæр цæттæ чи у, уымæн йæхицæн дæр хъæуы табу кæнын ноджы фылдæрбæрцæй. Фæлæ хъыгаг у, иутæ йæм уазал ахаст кæй дарынц, уый. 

Æнæхъуаджы нæ фæзæгъынц, мадæлон æвзаг ныййарæг мады ад кæны, уымæн æмæ йæ рæзинаг хурæн йæ рæвдыд æмæ аудындзинадимæ иумæ фенкъарын кæны æвзаджы ад дæр. Нæ фыдæлтæ егъау нысаниуæг лæвæрдтой фарн-бæркадæн æмæ йæм се ‘рвылбонон арфæйаг куыстæй хастой се ‘вæрæн. Уый афтæ нæ нысан кодта, æмæ уыцы бæркадмæ не ‘внæлдтой, нæ дзы кайдтой. О, кæддæриддæр сæм кад æмæ цыты бынаты уыд уазæг æмæ йын зæр-дæбынæй кодтой сæ лæггады хай. Гъе, æмæ нæ адæммæ бæркад нымады кæй уыд, стыр ахадындзинад ын кæй дæттой, уый æрмæст сæ удвæллой, сæ цæнгты фæллойæ дарддæр цыд сæ фынджы æрвылбонон ахастæй дæр. Цæвиттон, ивгъуыд æнусы дæр ма сылгоймаг æфсинтæй фехъусæн уыд æмæ уыимæ иумæ сæ кæстæртæн дæр амыдтой бæркады нысаниуæг æмæ ахадындзинад. Кæстæр ныййарæг мадæй кæрдзын куы куырдтаид, зонгæ дæр æй куы кодтаид, уыцы рæстæджы дзы цух сты, уæддæр æнæмæнг загътаид, дзул дзы дзаг ис, зæгъгæ. Ницæй тыххæй спайда кодтаид дзырд «нæ»-йæ. Уый уымæн, æмæ йын æй йæ ныййарæг развæлгъау бацамыдта, ахæм рæстæджы дæр дзырд дзаг зæгъын кæй хъæуы, уый. Нæй зæгъынæй, зæгъ, йæ бæркад сæфы æмæ уыцы æгъдау æмæ фæткыл хæцыдысты алы бинонтæ дæр.

Зæгъæн ис, æмæ бæркадæн егъау ахадындзинад кæй уыд, уымæ гæсгæ дзырд «нæ»-йæ æнæхъуаджы нæ пайда кодтой сæ ныхасы. Уымæй пайда кæнынц æндæр адæмтæ се ‘взаджы, уыцы нымæцы – нæ сыхаг адæм дæр. Цæвиттон, абон æз никуыдæм цæуын. Сыхаг æвзагыл дзурджытæ та зæгъиккой афтæ: «Æз абон никуыдæм нæ цæуын». Ацы хъуыдыйады дзырд нæ не ‘взаджы у уæлдай æмæ дзы пайда дæр нæ кодтой. Хъыгагæн, фæстаг рæстæджы нæ паддзахадон телеуынынады сæрмагонд алæвæрды амонæгæй арæх райхъуысы уыцы дзырд.  Кæд æвзаджы фæткой халы, уæддæр ын æй ничи бамбарын кæны æмæ уый дæр иу алæвæрдæй иннæмæ йæ фæтк нæ сафы. Хъыгаг уый у, æмæ рæстæджы цыдимæ уыцы дзырдæй пайда кæнын кæй райдайдзысты телемæхъусджытæ дæр. Ноджы ма мæ зæгъын фæнды иу фиппаинаджы тыххæй дæр. Сылгоймаджы нæмтты дзырд «æ»-йыл кæм фæуд кæны, уым дæр иуæй-иу хицæн адæймæгтæ фыссын райдыдтой дамгъæ. Зæгъæм, Мадинæйы бæсты фыссынц Мадина, Аллæйы бæсты – Алла, Ларисæ нæ, фæлæ Лариса æмæ æндæртæ. Ацы æгъдаумæ баххæссыдысты иуæй-иу нæлгоймаг автортæ дæр, ома, Алыксийы бæсты фыссæм Алекси, Алыксандр нæ, фæлæ Александр, Григол нæ, фæлæ Григори.

Иуы зонд хорз у, дыууæ зонды та – ноджы хуыздæр. Чизоны, æз рæдийын æмæ уæд сæ фиппаинæгтæ зæгъæнт æндæртæ дæр.

                                                    ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.