Дӕ мады мард, дам, йӕ мад кӕмӕн амард, уымӕн зӕгъ… Чи дӕ хъуамӕ бамбара ацы мӕнг дунейы, ды цы бавзӕрстай, уый ма йӕхиуыл чи бавзӕрста, ахӕмы йедтӕмӕ. Махӕн бирӕ кӕйдӕртимӕ ис иугъуызон  хъысмӕттӕ. Абхаз, Хӕххон Карабах, Приднестровье, Донбасс… Махмӕ куыд уыд, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ уыдзӕн Донбассы дӕр. Æмӕ, бӕргӕ куынӕ уаид афтӕ, фӕлӕ иугӕр хъысмӕт афтӕ ӕрдомдта, уӕд хъуамӕ бузныг уӕм нӕхицӕй, махмӕ дӕр тыхст адӕммӕ ӕххуысы къух бадарыны ӕрхъуыды ӕмӕ ныфс кӕй разынд, уый тыххӕй.

Куыд зонӕм, афтӕмӕй До-н-бассы адӕммӕ сӕ тыхст рӕстӕджы ӕххуыссы къух фӕдаргъ кӕныны фӕндондзинад чи равдыста, уыдонӕй дыккаг уыд нӕ бӕстӕйы сӕргълӕууӕг Бибылты Анатоли. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕдӕ, дыууӕсӕдӕ сидзӕр сывӕллоны бавӕрын, сӕ бӕрны бацӕуын цыппармилуанон Донбассы уӕззау уавӕр нӕ аскъуыддзаг кӕндзӕн, фӕлӕ, куыд фӕзӕгъынц, халӕн хал дӕр ӕххуыс у. Нӕхицӕй йӕ зонӕм, нӕхиуыл ӕй бавзӕрстам. Махӕй никуы ферох уыдзӕн, стыр ӕххуыс нӕ,  исчи-иу нӕ сӕрыл куы сдзырдта, уӕддӕр-иу нӕхи куыд амондджыныл нымадтам, нӕ дудгӕбӕттӕ-иу нӕ куыд ӕрбайрох сты.

Махмӕ дӕр афтӕ уыд бирӕ азты дӕргъы: мардтой нӕ иугӕйттӕй, къордгӕйттӕй, удӕгасӕй нӕ ныгӕдтой, ӕхстой нӕ сармадзантӕй, куынӕг нӕ кодтой куыд физикон ӕгъдауӕй, афтӕ алыгъуызон блокадӕтӕй. Стӕй, 2008 азы, сфӕнд кодтой бынтондӕр нӕ ныццӕгъдын, нӕ фыдӕлты зӕххӕй нын «сыгъдӕг быдыр» саразын.

Уымӕ ӕрцыдис хъуыддаг Донбассы дӕр. Æмӕ, Хуыцауы фӕндӕй, ам дӕр та иугъуызон уыдзӕн нӕ хъысмӕт, ома, мах бынтон скуынӕгӕй чи бахызта, хӕдбар паддзахадыл нӕ чи банымадта, уыцы Уӕрӕсе та фервӕзын кӕндзӕн Донбассы дӕр. Æрмӕст нӕ хъысмӕт иу цӕмӕйдӕр нӕу ӕнгӕс Донбассимӕ –  хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ мах Уӕрӕсейӕн стӕм ӕрмӕстдӕр историон ӕмцӕдисонтӕ, ӕнувыд ыл чи у, ахӕм хӕлар адӕм. Донбассы та цӕрынц уырыссаг адӕм, славяйнаг туг хъазы куыд иуты, афтӕ иннӕты уӕнгты дӕр.

Æмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уӕлдай хъусдарды бын дӕр уымӕн ис Америкӕйы Иугонд Штаттӕ ӕмӕ ныгуылӕйнаг бӕстӕты ‘рдыгӕй. Иуӕй-иу политиктӕ ӕмӕ аналитиктӕ афтӕ нымайынц, цыма Америкӕ Украинӕйы алфӕмблай уавӕрыл дӕндагӕй уымӕн ныххӕцыд, цӕмӕй йын сӕрибарӕй контроль кӕна йӕ территори, ӕввахсдӕр уа Уӕрӕсейы къӕсӕрмӕ, куы бахъӕуа, уӕд ын ӕнцондӕр уа Уӕрӕсейы ныддӕрӕн кӕнын.

Фӕлӕ ацы фарстмӕ лӕмбынӕгдӕр ныккӕсгӕйӕ, иу азы размӕ Белорусы зӕххыл цытӕ ӕрцыд, уыдонимӕ Донбассы бирӕазон хӕст абаргӕйӕ, Ныгуылӕнӕн сӕйраг у территорийыл контролькӕнынад нӕ, фӕлӕ славяйнаг адӕмы ныддихтӕ кӕнын, кӕрӕдзийы ныхмӕ сӕ скӕнын.

Махӕн кӕддӕр, сӕдӕ азы размӕ куыд бакодтой, афтӕ!

Ирыстонӕн йӕ иу хай гуырдзыйы хъуыры нытъыстой, иннӕ хай Уӕрӕсейы сконды ныууагътой… Цӕмӕй не ‘хсӕн иудзинад ма уа, цӕмӕй нӕ Кавказы сӕйраг хохрагъ кӕрӕдзимӕ дзыназын кӕна, фӕлӕ кӕрӕдзимӕ макуы баввахс уӕм, куыд наци, афтӕ макуы стыхджын уӕм.

Æмӕ, ӕрмӕстдӕр фарстмӕ ахӕм цӕстӕнгасӕй куы бакӕсӕм, уӕд бамбардзыстӕм, нӕ дыууӕты ӕхсӕн ма иу стыр хицӕндзинад кӕй ис, уый –  мах цӕрӕнбонты чи цӕгъды, геноцид нын геноциды фӕдыл чи аразы, уыцы гуырдзыйы фыдӕхзӕрдӕ нӕм ӕнусон у, ӕнусты дӕргъы бӕллынц не скуынӕгмӕ, уыдоны сардауын никуы хъуыд, уыдоны алы хатт дӕр хъуыд мах скуынӕг кӕныны фадат, ӕмӕ-иу куыддӕр сӕ къухы бафтыд, афтӕ-иу нӕ арт ӕмӕ туджы лӕсӕнты бын фӕкодтой. Донбассы хӕстӕн ӕндӕр кӕмдӕр сты йӕ гуырӕнтӕ. Уым иу наци иннӕмӕ хӕрамзӕрдӕ дара, йе скуынӕгмӕ хъава, уый дзы нӕй – уым ис ӕрмӕстдӕр ӕддагон ӕндӕвдад, иу туг, иу стӕг адӕмы кӕрӕдзийӕн цыфыддӕр знӕгтӕ фестын кӕныны политикӕ. Нӕ хъӕуы ахӕм хатдзӕгыл ӕууӕндын, цыма украинаг адӕмӕн уырыссаг адӕм сӕ удхӕссӕг сты, знаджы цӕстӕй йӕм кӕсынц. Нӕу афтӕ. Цӕмӕй бӕрӕг у? Уымӕй ӕмӕ Зеленский президентон ӕвзӕрстыты ӕрмӕстдӕр фӕуӕлахиз уый фӕрцы, украинаг адӕмӕн ныфс кӕй бавӕрдта, Уӕрӕсеимӕ се ‘хсӕн цы конфликт ис, уый хӕстӕй нӕ, фӕлӕ сабырадон ӕгъдауӕй кӕй ӕрбӕстон кӕндзӕн…

Æмӕ цалдӕр мӕйы дӕргъы Украинӕмӕ Уӕрӕсейы тыхӕй чи «бырсын» кӕны, уыцы Америкӕйӕн хъауджыдӕр нӕу, Уӕрӕсе ӕцӕгӕй бабырсдзӕн Ук-раинӕмӕ ӕви нӕ, уыдонӕн сӕйраг у, цӕмӕй дыууӕ славяйнаг адӕмы ‘хсӕн хӕрамдзинады таг макуы аскъуыйа, сӕ кӕрӕдзи топпы кӕсӕнӕй агурой. Америкӕйы хъӕуы ӕрмӕстдӕр дунеон ӕлдариуӕгад. Фӕнды йӕ, цӕмӕй йын йӕ алфӕмблай уӕвӕг адӕмтӕ ӕмӕ паддзахадтӕ лӕггад кӕной, йӕ къӕхты хъӕрмӕ кафой. Ӕмӕ хъуыддаг ӕрцыд уымӕ дӕр, бирӕ йӕ нал хъуыд ӕнӕхъӕн зӕххы къорийы ӕлдары къӕлӕтджыныл ӕрбадынмӕ, фӕлӕ… Фӕлӕ дунеон аренӕйыл фӕзынд, сӕ фӕндтӕ сын сӕ хъуыры чи фӕбадын кодта, ахӕм лидер – Путин. Путины размӕ йӕхинымӕры ахъуыды кӕнын дӕр ничиуал бауӕндыдаид Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад банымайын, Сиримӕ ӕфсад бакалын ӕмӕ уымӕй Америкӕйӕн йӕ фӕндтӕ йӕ хъуыры фӕбадын кӕнын. Æмӕ абон цыдӕриддӕр цӕуы Уӕрӕсейы алфӕмблай, хӕстон хъыззы-хъыззы кӕнынадӕй райдайгӕйӕ суанг санкцитӕй ӕрдхъирӕнты онг, уыдон иууылдӕр сты иу нысанмӕ здӕхт: Путины ныллӕмӕгъ кӕнын, йӕ хъомысджын къабӕзтӕ йын ӕрцӕгъдын…

Фӕлӕ уал дзырд цӕуы абоны уавӕрыл, ныртӕккӕ Донбассы цы цӕуы, ӕмӕ цы хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдӕттыл. Махӕн нӕ хъӕлӕс кӕй фехъуыст, Уӕрӕсейы Федерацийы хӕдфӕстӕ нӕ бӕстӕйы Президент кӕй равдыста Донбассы адӕмы фарсхӕцынад, уый махӕн, армытъӕ-пӕныйас республикӕйӕн ахсджиаг къахдзӕф у дунеон политикон тыгъдады. Америкӕ ӕмӕ Ныгуылӕн уымӕ нӕ кӕсынц, Хуссар Ирыстон Донбассӕй цал сидзӕр сывӕллоны райсдзӕн, цал тыхст адӕймагӕн баххуыс кӕндзӕн, уыдӕттӕ нӕ нымайдзысты  – сӕйраг у, кӕй сӕм айхъуысдзӕн, Уӕрӕсейы Федераци кӕй хӕдбардзинад банымадта, уыдон ныр сӕхӕдӕг искӕмӕн ӕххуыс бакӕнынхъом кӕй сты. Мах уымӕй ӕрмӕст нӕхи не ‘вдисӕм, Уӕрӕсейы кадыл схӕцыдыстӕм йе знӕгты цӕсты.

Ӕмӕ уыдӕттыл лӕмбынӕгдӕр хъӕуы хъуыды кӕнын. Æнӕхъӕн дуне кӕмӕй пайда кӕны, уыцы интернет-тыгъдады ахӕм цыдӕртӕ чи фыссы: нӕ сӕрбос Донецкы йӕхицӕн стыр хӕдзар сарӕзта, чъребайаг лӕппу та йын ӕй хъахъхъӕнгӕ кӕны ӕмӕ йын мызд фиды, зӕгъгӕ, уыдон, ӕвӕццӕгӕн,  ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕнынц, уыдӕттӕй нӕ республикӕ, нӕ ӕрыгон паддзахадӕн кӕй кӕнынц фыдаудӕн. Йӕхицӕн хӕдзар чи араза, уый йӕ хӕсты цӕхӕры цӕмӕн аразы, хуыздӕр бынат нӕ равзӕрстаид? Донецкы йӕхицӕн хӕдзар ничи сарӕзта, уый у нӕ республикӕйы минӕварады хӕдзар ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ йын хъахъхъӕнӕг дӕр уа, уӕдӕ куыд. Иугӕр Донецкы Адӕмон Республикӕйы хӕдбар-дзинад банымадтам, уӕд нын дзы минӕварад ма хъуамӕ уа?..

Мах ныртӕккӕ уыдӕттӕм ма хъуамӕ ӕвдӕлид, махӕн сӕйраг у нӕ ӕдасдзинадыл хъуыды кӕнын. Цӕг, дам, кӕм ихсыддӕр у, уым аскъуыйы. Хуыцау зӕгъӕд, ӕрмӕстдӕр сабырад ӕмӕ фӕрныгад, фӕлӕ Донбассы уавӕр куыд аскъуыддзаг уыдзӕн, ууыл бирӕ цыдӕртӕ ис баст. Фӕнды иуӕрдӕм, фӕнды – иннӕрдӕм, – йӕ уылӕнтӕ нӕ ма банкъуысын кӕной, уый гӕнӕн нӕй. Уый у хъуыдыйаг. Ахӕм рӕстӕджы  хицӕн адӕймӕгты амбицитӕ хъуамӕ ныссус уой, хъуамӕ сӕйраг бынаты уа адӕмы иудзинад, ӕмуд, ӕмвӕнддзинад, махмӕ та…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.