ИУУЫЛ ÆВÆДЖИАУДÆР – РАЙГУЫРÆН БÆСТÆ ХЪАХЪХЪÆНЫН

Æрвылаз дæр 23 февралы кадджын уавæры банысан кæнæм Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон. 23 февраль, куыд Гарзджын Тыхты бæрæгбон, афтæ нæ бæстæйы бæрæг кæнынц 1923 азæй фæстæмæ. Сбæрæг æй кодтой мидæггагон хæсты азты æвзонг Сырх Æфсады фыццаг уæлахизты кадæн. Уыцы уæлахизтæ Сырх Æфсады къухы бафтыдысты Германы тыхты ныхмæ Псков æмæ Нарвæйы бынмæ тохты. Урæд æрцыд Сырх Петроградмæ ныббырст.

Райдианы ацы бæрæгбон хуынд Сырх Æфсады бон, 1946 азæй фæстæмæ та – Советон Æфсад æмæ Æфсæддон-Денджызон Флоты бон. 1993 азæй фæстæмæ та – Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон. Ацы кадджын бон уæлдай сæрыстырдæр æмæ уарзондæрæй банысан кæнынц советон салдаты егъау сгуыхтдзинад æмæ хъайтардзинад Стыр Фыдыбæстæйон азты. Уыцы дæргъвæтин азты советон адæм æмæ йæ Гарзджын Тыхтæ бахъахъхъæдтой Райгуырæн бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад, бæрзæйсæттæн цæф ныккодтой фашизмæн, æрлæууын æй кодтой йæ уæрджытыл, стæй Европæйы сабыруарзаг адæмты фервæзын кодтой фашистон цагъардзинадæй.

Райгуырæн бæстæйы знагæй чи ссæрибар кодта, тохты æхсардзинад æмæ хъайтарон сгуыхтдзинад чи равдыста, уыдонæй авд милуанæй фылдæрæн саккаг кодтой ордентæ æмæ майдантæ, 11600 адæймагæй фылдæрæн та лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъайтары кадджын ном, 115 хæстонæй фылдæр та – Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъайтартæ.

1774 азы Ирыстон барвæндæй баиу Уæрæсеимæ æмæ уæдæй фæстæмæ ирæттæ намысджынæй службæ кодтой Уырысы æфсады. Ирæттæ 19-æм æнусы фесгуыхтысты уырыссаг-туркаг хæсты, Кавказы хæсты, Хъырымы хæсты, Балканы хæсты 1877-1878 азты. Нæ хъæбатыр хæстонтæ стыр сгуыхтдзинад равдыстой 1904-1905 азты уырыссаг-япойнаг хæсты æмæ фыццаг дунеон хæсты дæр 1914-1917 азты. Æдæппæт уырыссаг æфсады ирæттæй инæлæрттæ систы 40 бæрц, æртæ минæй фылдæр та дзы ирон афицертæ уыд. Сæ хъайтардзинады тыххæй Цæгат Ирыстоны минæвæрттæй Георгийы Дзуарæй хорзæхджын æрцыд иу минæй фылдæр, уыдонæй 30 адæймагæй фылдæрæн уыцы хæрзиуæг саккаг кодтой цыппар хатты, ома систы æххæст кавалертæ. Ирыстоны хæстонтæй Уæрæсейы æфсады чи фесгуыхт, уыдоны ‘хсæн сты бæхджын æфсады инæлар Абациаты Дзамболат, инæлар-лейтенанттæ Фидараты Афæхъо, Борыхъуаты Алыксандр, Байаты Михал, Тургиты Зауырбег, инæлар-майортæ Тугъанты Аслæнбег, Мыстулаты Елæмырзæ, Татонты Георги, Цæлыккаты Данел æмæ æндæртæ. Георгийы Дзуары æххæст кавалертæ систы Гугкаты Димитр, Медойты Даукуй, Джамалты Тимофей, Тагуырты Къоста, Джигъаты Иналдыхъо, Дзабраты Федыр, Дзæхаты Тимофей, Æккалаты Захар, Саулаты Петр, Гæздæнты Елдзарыхъо, Нæкуысаты Бимболат æмæ æндæртæ.

Райгуырæн бæстæйыл ирон адæмæн се ‘нувыддзинад æмæ уарзт тынг фæбæрæг, 1941 азы нæ бæстæмæ гермайнаг фашизм мæнгардæй куы æрбабырста, уæддæр. Уыцы азты ноджы тынгдæр фæбæрæг сæ хъайтардзинад, сæ удуæлдай тох фашизмы ныхмæ. Ирыстон сæрыстыр у йæ зындгонд æфсæддонтæй – Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъайтар, Монголты Адæмон Республикæйы Хъайтар Плиты Иссæйæ, Советон Цæдисы Хъайтар, æфсады инæлар Хетæгкаты Габойæ, Советон Цæдисы Хъайтар, инæлар-булкъон Мамсыраты Хаджумар, Советон Цæдисы Хъайтар, авиацийы инæлар-майор  Дзусаты Ибрагимæй, Советон Цæдисы Хъайтар, артиллерийы инæлар-майор Карсанты Хъазбег, Советон Цæдисы фыццаг ирон Хъайтар Остъаты Алекси, Советон Цæдисы Хъайтартæ Цоциты Уасил, Æхсараты Енвер, Хъесаты Астан, Гагкайты Алихан, Кобылты Сергей æмæ æндæртæй.

Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад ирæттæ æнусты дæргъы æвдисынц сæ хъайтардзинадæй.

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта

                        ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.