Райгуырæн зæхх цыфæнды амæлттæй бахъахъхъæнын уыд ирон хъæбатыр лæппуты сæйраг хæс.

Знон, 8-æм августы Дзауы районы цæрджытæ Кады аллеяйы æрæмысыдысты фондзбонон хæсты сау бонтæ æмæ фæмардуæвæг хъæбатыр лæппуты номыл æвæрд цырты раз сæвæрдтой веноктæ æмæ дидинджытæ. Районы администрацийы кусджытæ Магкоты Уырызмæгы сæргълæудæй бацыдысты, се ‘нусон бынаты чи æнцойад кæнынц, уыцы фæмардуæвæг хъæбатыр хæстонты ингæнтæм æмæ сын рухс загътой.

Хъынцъымгæнæг адæм иу уысм æмырæй алæугæйæ ссардтой, райгуырæн Ирыстоны номыл сæ удтæ нывондæн чи æрхастой, уыцы хъайтарты рухс нæмттæ. Адæмæн та сæ зæрдыл æрлæууыд 2008-æм азы 8-æм августы сæумæрайсом. Уæд сабырцæрæг адæмыл уæлдæфæй гуырдзиаг хæдтæхджытæ æркалдтой бомбæтæ æмæ адæм æвиппайды сæргой фесты. Бирæтæн дзы ныппырх сты сæ хæдзæрттæ, чидæртæ та дзы цæфтæ фесты бомбæты схъистæй. Кæд трассæйыл цæст кæуыл не ‘ххæссыд, уыцы Уырысы æфсæддон техникæ лæууыдис æмæ адæмы ныфс уагътой, уæддæр сывæллæттæ, сылгоймæгтæ уыдысты тарст æмæ алчидæр агуырдта æххуыс æмæ кæм бааууон кодтаиккой сæхи, ахæм бынæттæ. Кæмæн куыд гæнæн уыд, афтæ сæ бинонты æрвыстой Цæгат Ирыстонмæ. Уыцы æвирхъау хæстон цауты тыххæй ацы бон бирæ дзырдтой, фæлæ та-иу уæддæр сæ ныхасы сæр уыдысты зынгхуыст хъайтартæ. Дзауы районæй августы хæсты фæмард цалдæр хæстоны æмæ сын кæддæриддæр хъæуы кад кæнын.

Дæс азы размæ тохы быдыры чи уыдис, уыцы хъæбатыртæ, æвæццæгæн, æрмæст-дæр хъуыды кодтой, цæмæй бахъахъхъæной сывæллæттæ, сылгоймæгты, зæрæдты гуырдзиаг фашизмæй, хæстон фыдмитæй. Зæгъын хъæуы уый, æмæ уыцы цалдæр боны ирон лæппутæ бирæ кæй сарæзтой, йæ хæстон арæхстдзинадæй Ирыстоны историйы фыст чи хъуамæ æрцæуа, ахæм цæстæвæрæн хабæрттæ.

Бæрæг куыд у, афтæмæй ацы фондзбонон хæсты сæ райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау Гуырдзыстонимæ æнæмсæр тохты сæ удтæ нывондæн æрхастой дзауаг хъайтар лæппутæ дæр æмæ сын кад кæнынц Иры дзыллæ. Уыдонæй дыууæйæ уыдысты Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды хæрзæвзонг хæстонтæ Санахъоты Анзоры фырт Алан æмæ Къæбысты Асланы фырт Алан. Дыууæ цардбæллон лæппуйы фæмард сты, Тъбеты хъæуы къуылдымыл гуырдзиаг хотыхджын хæстонты ныхмæ цы хæст самадта Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорд, уым. Ацы дыууæ лæппуйы ныфсхаст æмæ хъæбатырæй æрлæууыдысты знаджы ныхмæ æмæ фæмард сты хъайтартæй.

Тъбеты хъæумæ æввахс раздæр институтæн ног агъуыст кæм арæзтой, уымæ хæстæг та комкоммæ фехстой мотоæхсæн дивизийы танкты батальоны хæстон Цхуырбаты Батыры. Ацы хъæбатыр лæппу бадтис танчы æмæ йæ афтæмæй æнæмсæр тохы рæстæджы комкоммæ танкмæ куы фехстой, уæд ууыл Батыр мæлæтдзаг цæф фæцис. Йе ‘мбæлттæ дзы куыд дзырдтой, афтæмæй Батыр уыд æцæг æфсæддон, йæ уд чи нæ бамбæхстаид куысты дæр æмæ куыд рабæрæг, афтæ хæсты дæр, раст ахæм лæппу æмæ йын йæ рухс ном кæддæриддæр æрæмысынц, чи йæ зыдта æмæ кæй тыххæй æрхаста йæ уд нывондæн, абон уыцы адæм.

Дзауаг лæппуты хъæбатырдзинад нæдæр адæмæй у рох, нæдæр республикæйы разамындæй. Уыдоны се ‘ппæты дæр сæ амæлæты фæстæ схорзæхджын кодтой республикæйы иууыл уæлдæр хорзæх-Уацамонгæйы орденæй.

Знон, уыцы хъæбатыр лæппуты рухс нæмттæ мысгæйæ, Дзауы районы администраци бацархайдта, цæмæй районы центрмæ æрбамбырд уой æмæ æрæмысой 2008 азы хæсты хабæрттæ. Кæд боныгъæд мæгуырау уыдис, уæддæр адæм райсомæй æрбамбырд сты райцентры Кады аллеямæ æмæ цытджын æгъдауæй хæсты фæмардуæвæг хъæбатыр лæппуты номыл сæвæрдтой венок æмæ дидинджытæ. Фыдохы митингы раныхас кодтой администрацийы сæргълæууæг Магкоты Уырызмæг æмæ администрацийы культурæйы хайады гæс  Цхуырбаты Галинæ. Дарддæр администрацийы кусджытæ азылдысты æмæ бацыдысты фæмардуæвæг хæстонты ингæнтæм.

Ацы бон дæр изæрæй районы уагъд æрцыдис мысæн изæр, цыран æрымысыдысты хæсты æппæт фæмардуæвджыты рухс нæмттæ.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.