5-æм марты нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайы уагъд æрцыд цымыдисон мадзал Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ грипп кæй апарахт æмæ скъолаты карантин кæй уыд, уымæ гæсгæ ацы нысаниуæгджын боны сæраппонд мадзæлттæ уагъд цæуынц абоны онг дæр.

6-æм астæуккаг скъолайы æртæ рауагъдоны – Цхуырбаты Сослан, Коцты Инал æмæ Мæлдзыгаты Сосланæн хæрзæвзæнгтæй бабын сæ цард нæ цæрæнбонты цыфыддæр знæгты аххосæй. Ацы зынгхуыст хæстонты цытæн скъолайы хистæркъласонты хъæппæрисæй бацæттæ кодтой мысæн мадзал  скъолайы ахуыргæнджытæ Дыгъуызты Лианæ æмæ Сиукъаты Ацæмæзы сæргълæудæй.

Мадзалмæ æрбацыдысты горæт Цхинвалы администрацийы ахуыры хайады минæвæрттæ, горæт Цхинвалы Ветеранты Советы минæвæрттæ йæ сæрдары хæдивæг Уалыты Гайозы сæргълæудæй, хæсты фæцæфуæвæг лæппутæн æххуысы фонды сæрдар Плиты Мадинæ, афтæ ма фæмардуæвджыты хæстон æмгæрттæ Дудайты Радик, Æлборты Сослан, Богъиты Эдуард, Дудайты Лев, Гæбæраты Гамлет, Захаров Алексей, Пухаты Владимир æмæ бирæ æндæртæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, мадзалмæ  хуынд æрцыдысты ацы æртæ хъайтарты мæдтæ – Гатайты Нуну, Бестауты Заирæ æмæ Мæргъиты Лианæ дæр.

Скъоладзаутæ уал райдианы æрдзырдтой Цхуырбаты Сосланы цыбыр, фæлæ ирд цардвæндаджы, йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй. Уый райгуырд 1980 азы 25 марты. Каст фæцис 6-æм астæуккаг скъола, ахуыры æмрæнхъ ма архайдта национ кафты студийы. Спортмæ,  кафынмæ æвзыгъд, цумамæ рæвдз, фыдæлты фарнæй хайджын – ахæм уыд Сослан. Скъолайы фæстæ каст фæцис ХИПУ-йы физикон-математикон факультет. Цардбæллон лæппу чындзæхсæв дæр скодта, фæлæ… Йæ хæстон хæс æххæст кæныны рæстæджы йыл спырх знаджы минæ йæ иууыл æввахсдæр хæстон æмгар Тадтаты Димæимæ. Экраныл æвдыст æрцыд Цхуырбаты Сосланы тыххæй ист документалон фильм. Фильммæ кæсгæйæ, æрæмбырд-уæвджытæй бирæты рустыл æруадысты цæссыгтæ. Республикон рынчындоны дохтыр Захарова Тина Сосланыл ныффыста æмдзæвгæ. Бакаст æй Уацамонгæйы ордены кавалер Пухаты Владимир. Сосланы æмкъласон Захаров Алексей дæр йæ мысинæгтæ радзырдта йе ‘мгары тыххæй.

Коцты Инал райгуырд 1983 азы 1-æм сентябры. Ахуыр кодта 6-æм астæуккаг скъолайы, уый фæстæ та гимназ  «Рухс»-ы. Скъолайы фæстæ каст фæцис ХИПУ-йы физикон факультет. Фыдыбæстæ уæззау уавæры куы бахаудта, уæд уайтагъд балæууыд хæстон лæппуты фарсмæ. 2008 азы Инал посты лæууыд Къуернеты хъæуы. 10 августы нæ тох-вæллад лæппуты бахъуыд горæт æмæ йæ алфæмблай хъæуты гуырдзиаг фашисттæй асыгъдæг кæнын. Ачабеты хъæуы бамбæлдысты, знаджы æфсадæй ма чи баззад, уыцы къордыл. Знæгты къорд куынæг бæргæ æрцыд, фæл ирон хæстонтæ дæр цалдæрæй фæцæфтæ сты. Инал  фæцис уæззау цæф. Æмæ.. цардæй мæлæт тыхджындæр разынд.

Мæлдзыгаты Сослан райгуырд 1989 азы горæт Цхинвалы. Каст фæцис 6-æм астæуккаг скъола. Уыдис бинонты уарзон кæстæр. Куыддæр ыл 17 азы сæххæст афтæ кусын райдыдта Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды. 2008 азы августы тугуарæн хæсты Сослан æдзухдæр уыд йæ куысты. Йæ хæстон æмгар Бежанты Алан афтæ радзырдта: «Не ‘мгæрттæ нын фехъусын кодтой, зæгъгæ, знæгтæ бацахстой Къостайыхъæу æмæ æрбахизынц горæтмæ. Сослан йæ хæстон æмбæлттимæ уыд БТР-ыл. Нæ размæ та цыдысты знаджы танктæ. Бацайдагъ нын æнæмсæр тох, цыран фæмард сты цыппар хæстон лæппуйы, се ‘хсæн уыд Сослан дæр.  Уый  уыд  хъæбатыр  æмæ цæвиттойнаг хæстон». Экраныл æвдыст æрцыдысты Сосланы тыххæй кадртæ æмæ нывтæ. Иунæджытæ… Иунæг бындартæ сæ ныййарджытæн …

Скъоладзаутæ æрдзырдтой алагираг лæппу Æгъуызарты Асланы цардвæндаджы тыххæй дæр.  Уый, зæгъ, 6-æм астæуккаг скъолайы кæрты хæствæллад цæрджыты хъахъхъæнгæйæ, фæмард знаджы нæмыгæй. Хъайтары номарынæн скъолайы къулыл конд ис мемориалон фæйнæг. Ахуырдзаутæ кастысты ирон хæстонтыл фыст  æмдзæвгæтæ, хъуыстысты фæмардуæвæг хъайтартыл фыст æнкъард зарджытæ.

Æрæмбырдуæвджыты раз раныхас кодта Уалыты Гайоз. Уый æрдзырдта ирон лæппутæ хæсты цы хъайтардзинæдтæ равдыстой, уыдоны тыххæй. Банысан кодта, зæгъгæ, рæзгæ фæлтæримæ абоны хуызæн никуы хъæуы æфсæддон-патриотикон куыст кæнын.  Гайоз хæстон лæппуты тыххæй йæ арæзт чиныг «Большая трагедия маленького народа» балæвар кодта фæмардуæвæг хæстонты мæдтæн, 6-æм скъолайы директор Александрова Людмилæйæн, скъолайы библиотекæйæн æмæ мадзалы организатортæн.

Æрæмбырдуæвджыты размæ судзгæ цырæгътимæ рахызтысты скъоладзаутæ сæ ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæимæ. Айхъуыстысты зарæг «Саударæг мады» зæлтæ.  Зарæджы зæлты бын ахуырдзаутæ дидинджытæ балæвар кодтой фæмардуæвæг хъайтарты мæдтæн. Уый фæстæ иу уысм  æмыр алæуынæй æрæмбырдуæвджытæ ссардтой зынгхуыст хъайтарты рухс нæмттæ.

Мадзалы ма раныхас кодтой хæсты фæцæфуæвæг лæппутæн æххуысы фонды сæрдар Плиты Мадинæ, Александрова Людмилæ, Дыгъуызты Лианæ æмæ æндæртæ. Плиты чызг зæрдыл æрлæууын кодта хæсты уæззау цаутæ. Фæмардуæвæг хъайтар Коцты Иналы мад Бестауты Заирæйы зæрдæмæхъаргæ раныхасмæ хъусгæйæ, æгæрыстæмæй, хистæркъласон лæппутæ дæр сæ цæссыгтæ нæ бауæрдтой.

“Мах æгæрон бузныг стæм, йе ‘фсæддон хæс намысджынæй чи сæххæст кодта æмæ ныртæккæ дæр нæ зæххыл сабырад æмæ æнцойады тыххæй се ‘фсæддон хæс чи æххæст кæны, уыдонæй. Æхсæвæй-бонæй уазал акъоппыты чи бадт, алы уысм дæр знаджы мæлæтхæссæг нæмгуытæй тас кæмæн уыд, фæлæ Райгуырæн бæстæ чи бахъахъхъæдта, уыцы лæппутæй”, – дзырдтой скъоладзаутæ.

Бузныджы ныхæстæ зæгъын æмбæлы Дыгъуызты Лианæйæн, йæ хъомылгæнинæгтимæ ахæм мадзæлттæ арæх кæй бацæттæ кæны æмæ афтæмæй семæ патриотикон куыст кæй кæны, уый тыххæй.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.