7-æм августы изæры аст сахатыл Цъинагары хъæу-уон администрацийы бæстыхайы цурмæ æрбамбырд сты Гдулет, Цъинагар Дзукъатыхъæуы цæрджытæ, ацы комæй рацæугæтæ, фæлæ ныртæккæ æндæр æмæ æндæр рæтты чи цæры, уыдонæй сæрдыгон мæйты сæ райгуырæн хъæутæм улæфынмæ чи æрцæуы, уыцы уазджытæ. Æрбамбырдуæвджытæн сæ цæс-гæмттыл зынд æрхæндæгдзинад, сног та сын сты 2008 азы августы хæстон цаутæ. Хъуыстысты æрхæндæг музыкæйы зæлтæ. Сыгъдысты цырæгътæ æмæ афтæ зынд, цыма адæмы  бæсты  адæмы дæр цырæгътæ дзыназынц.

Мысæн мадзал байгом кодта Хуриты Гивийы номыл Цъинагары астæуккаг скъолайы директор Гуссойты Ласко. Уый лæмбынæг æрдзырдта, 2008 азы августы хæсты рæстæджы ирон адæм цы тухитæ бавзæрстой, уыдоны тыххæй. Зæрдыл æрлæууын кодта, Цъинагары зонæйы хъæуты цæрджытæ хъæды ‘рдæм куыд лыгъдысты,  афтæ ма ирон лæппутæ уыцы æндыгъд бонты цы стыр хъайтардзинæдтæ равдыстой, уыдæтты тыххæй. Загъта, зæгъгæ, кæд 10 азы рацыд уыцы тугуарæн хæстæй, уæддæр хæсты тæссаг цауты ничи ферох кодта.  Уый æрæмбырдуæв-джытæм бахатыд, цæмæй иу уысм æмырæй алæугæйæ ссарой фæмардуæвджыты рухс нæмттæ.

Мадзалы раныхас кодта Ленингоры районы администрацийы культурæйы хайады Цъинагары зонæйы сæйраг специалист Уалыты Зоя.  «2008 азы 7-æм августы адæм сæ изæры зылдтытæ куы бакодтой æмæ сæ уæтты куы æрулæфыдысты, афтæ айхъуыстысты тыхджын æхстытæ. Фидауынгæнджытæ акастысты æмæ федтой, Тбилисы трассæйæ Хурвалеты хъæуы ‘рдæм кæй æрбацæуынц бирæнымæц æфсæддон машинæтæ. Ма-шинæтæй рахызтысты гуырдзиаг лæгмартæ æд хотыхтæ æмæ апырх сты хъæутыл. Бацыдысты Цъинагары хъæууон администрацийы бæстыхаймæ æмæ дзы æрсагътой Гуырдзыстоны тырыса, фæлæ гуырдзиаг фашистты тырыса раппæрстой нæ хъæбатыр лæппутæ».

Дарддæр æрдзырдта, цы зиæнттæ сын ракодтой, уыдоны тыххæй. Гуырдзиаг абырджытæ хастой, сæ зæрдæмæ цы цыд, æппæт уыдæттæ. Пырх кодтой хæдзарон дзаумæттæ. Уыцы тыхст рæстæджы ацы хъæуты цæрджытæн баххуыс кодтой æмæ сæ машинæтыл æдас ранмæ ластой Дзукъаты Артем, Бестауты Эльбрус æмæ Гояты Эдуард.

«Фыдлæг æмæ фыдбонæн бирæ цæрæнбон нæй æмæ абон цæрæм хæдбар республикæйы. Нæ цард бонæй бон хуыздæр кæй кæны, уымæн æвдисæн у уый дæр, æмæ фæстæмæ сæ райгуырæн хъæутæм кæй æрыздæхтысты Хуыбылты Авто, Хуыбылты Маирбег, (Маирбег æвзæрст æрцыд Цъинагары хъæууон бынæттон администрацийы сæргълæууæгæй), Гуццаты Гурам, Джиголаты Емзар. Гуццаты Гурам йæхи фæрæзтæй бал-хæдта комбайн æмæ трактор  æмæ сæ пайда кæнынц хъæубæсты цæрджытæ дæр», – дзырдта уый. Мадзалы ма раныхас кодта Бестауты Эльбрус дæр.

Мысæн мадзал бацæттæ кодтой Цъинагары Культурæйы хæдзары директор Бестауты Эмзар, Чъыбылты Эльзæ, Елойты Нана. Фыдохы мадзалы кæрон айхъуыстысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон гимны зæлтæ.

Уалыты Зоя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.