Ахæм номимæ Парламенты бæстыхайы раз, 2008 азы августы хæсты хæдфæстæ Гергиты Валери цы хæрзаудæн концерт ауагъта, уыцы асинтыл уагъд æрцыд мысæн мадзал. Уæды уæззау бонтæй рацыд фараст аз, фæлæ нæ нымæг кæны уæззау рис, знаджы мæлæт хæссæг нæмыг цы æмбæстæгты ацух кодта не ‘хсæнæй, уыдон тыххæй. Нæ нымæг кæны уымæн, æмæ ныл знаг гадзрахатæй кæй рахæтыд æмæ алыгъуызон хæцæнгæрзтæй кæй райдыдта æхсын фынæй горæты.

Æрвылаз дæр 7 августы изæрæй Республикæйы къухдариуæгад, нæ æмбæстæгтæ го-рæт æмæ районтæй æрæм-бырд вæййынц ацы асинты цур-мæ æмæ иумæ ссарынц, æрхæндæгæй сæм, хæсты азарæй чи басыгъд, уыцы къамтæй цы цардбæллон удтæ кæсынц, уыдоны рухс нæмттæ.

Августы трагедийы амæт-тæгты нæмттæ махæн баззадысты мысынæн æмæ сæ мысдзыстæм, цалынмæ зæххыл иунæг ирон уа, уæдмæ. Агрессийы амæттæгты къамтæ æр-вылазау æвæрд уыдысты асинтыл… рухс сæ кодтой сæ разы æвæрд цырæгътæ.

Мысæн мадзалы хайад райстой Президент Бибылты Анатоли, раздæры Президенттæ Цыбырты Людвиг æмæ Тыбылты Леонид, Хицауад æмæ Парламенты Сæрдæрттæ Пухаты Эрик æмæ Гасситы Петр, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ.

Мадзалæн нæ уыд амонæг, ничи хъусын кодта æрæмбырдуæвджытæн ныхасы бар лæ-вæрд кæмæн цæуы, уый. Нæ рыст нæ дзурын кодта, кæй – æмдзæвгæйы хуызы, кæй – ирон фæндыры кæугæ хъæлæсæй, кæй уæззау мысинæгтæй.

«Зынаргъ æфсымæртæ æмæ хотæ, æвзонг фæсивæд æмæ куырыхон хистæртæ. Цард цæуы æмæ йæ кæнон кæны. Нæ хъысмæт нæ афтæ æр-домдта, æмæ æрвылаз дæр 7 августæй 8 августмæ æхсæвы цæудзыстæм ацы бынатмæ æмæ мæсæллæй кæндзыстæм, сæ хъæбулты, æввахс хи-уæтты чи фесæфта, уыдонæн. Ацы бынатмæ мах кæй æмбырд кæнæм, уый баст у нæ бæстæ æмæ нæ адæмы бахъахъхъæнынимæ», – дзырдта йæ ныхасы бæстæйы сæргълæууæг Би-былты Анатоли.

Дарддæр æрымысыд 2008 азы цауты рæзт. Гуырдзыстоны къухдариуæгад кæй загъта ныхас, зæгъгæ, хъаугъа бæстон хъуамæ æрцæуа дипломатон æгъдауæй. Æмæ уыцы «дипломатон кæронæн» йæ кæрон æрцыдис, фынæй горæтмæ куы æрбабырста, уæд.

«Уæд райдыдта хæст, æнæферохкæнинаг хæст. Уыцы уæззау рæстæджы Ирыстоны хъæбатыр цæрджытæ сæ риуæмбæрц æрлæууыдысты æмæ загътой, сæ адæмы марын кæй нæ бауадздзысты æмæ сæ зæхх кæй никæмæн ратдзысты. Уыцы хæст нæ фæуыдаит, науæд та нæ адæм бабын уыдаикккой… Фæлæ та нæм йе ‘ххуысы къух фæдардта Стыр Уæрæсе», – дзырдта Бибылты Анатоли.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны арфæйаг адæмы мысынады баззайдзысты, нæ адæмы, бæстæ-йы царды сæрыл йæхи нывондæн чи æрхаста салдатты хъайтар нæмттæ. Мысæн изæр ма, Бибылты Анатолийы ныхæ-стæм гæсгæ, баст у Уæрæсейы Федерацийы æххуысимæ, уымæн æмæ баст у нæ рæзгæ фæлтæр, нæхи цард фервæзын кæнынимæ. Уыцы бузныджы ныхæстæ дарддæр дæр хъуысдзысты Уæрæсейы Федерацийы номыл, йæ Гарзджын тыхты номыл æмæ Хуссар Ирыстоны адæмæн баххуыс кæныны хайад чи райста, уыдон номыл.

«Нæ уæлахизы бон чи нæ æрæййæфта, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр æнусон кад!

Кад æмæ цыт йæ риуæмбæрц чи хъахъхъæдта йæ адæм æмæ йæ Фыдыбæстæйы!

Кад æмæ цыт Уæрæсейæн, уæрæсейаг адæмæн!», – йæ ныхасы кæрон загъта уый.

Национ политикæ, культурæ, ахуырад, зонад, дин æмæ дзыллон информацион фæрæзты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Гæбæраты Юри банысан кодта, зæгъгæ, де знаг дæ куы æппæла, цæстмæхъус ны-хæстæ дын куы кæна, уæд æй зон, йæ кард дæм кæй цыргъ кæны.

«Мах уыцы æхсæв федтам, нæ фыдызнæгты «сæрбос» са-йæн ныхæстæ куыд кодта, рæ-сугъд ныхæсты зæй ныл куыд рауагъта. Уæд æй бамбæрстам, кæй нын цæттæ кæны уæззау «лæвар»…

Нæ разы цы хъæбатырты къамтæ ис, кæуыл риссæм æмæ кæуæм, уыдон се ‘ппæт-дæр хъайтартæ сты. Уыдон руаджы стæм хæдбар республикæ, уыдон руаджы нæ цард дарддæр кæнæм. Уыдонæй бирæтæ цард цы у, уый нæдæр бамбæрстой, афтæмæй сæхи нывондæн æрхастой Ирыстоны хæдбардзинад æмæ сæрибардзинады сæрыл. Уыдон махæн сты зæххон хуыцæуттæ», -дзырдта Гæбæраты Юри.

Бахатыд мадзалы хайадисджытæм, цæмæй ацы изæр ал-чидæр ссудза цырагъ сæ но-мыл, уымæн æмæ уыдон фæрцы мах баззадыстæм сæрæгас æмæ хæссæм бæстæйы ном.

Æнусон мысынадæй мах стæм сæрæгас

2008 азы æмæ уый размæ хæстон азты дæр знаджы нæмыгæй лыгъдысты горæтæй Зары хъæуыл, «царды фæндагыл». Тъбеты хъæуы Зармæ фæзилæны знаджы нæмыгæй чи бабын, уыдоны номыл арæзт æрцыд «Сыгъд удты музей». Сыгъд хæдтулгæты æхсæн æвæрд ис «Хъынцъымгæнæг бæ-лас», кæцы æдзард удты тæригъæдæй нæдæр сыфтæр æфтауы, нæдæр дидинæг.

Ацы аз 7-æм августы æр-вылазау ацы бынаты уагъд æрцыд фыдохы акци. Республикæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй хайад райстой мысæн мадзалы.

«Хъынцъымгæнæг бæласы» раз Президент сæвæр-дта венок.

Дарддæр мадзалы хайад райстой Хицауад æмæ Парламенты Сæрдæрттæ Пухаты Эрик æмæ Гасситы Петр, Хуссар Ирыстоны УФ-йы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, министрадтæ, уагдæтты разамонджытæ, æмбæстæгтæ.

Уыцы бынат Табугæнæг Дзуары раз фыд Симон фæмардуæвджыты номыл скуывта сæ удтæ дзæнæты æнцойады тыххæй.

Дидинджытæ сæвæрдтой хъайтарты мæлæн бынæтты

8 августы бæстæйы разамынад, Хицауады уæнгтæ 2008 азы августы хæстон архæйдтыты рæстæджы фæмардуæв-джыты мæлæн бынæтты сæвæрдтой дидинджытæ.

Мысынады раз рæстæг æдых у, æцæг-дæр. Ацы бынæттыл зилгæйæ, уæззау мысинæгтæ, дудгæбæттæ цæвынц нæ хъуыдыйы – чи зоны, æмæ ацы бынæтты цы хъайтар лæппутæ фæмард сты, уыдо-нæн уыд баххуысгæнæн, чизоны æмæ рæстæгыл æххуыс куы райстаиккой, уæд  абон не ‘хсæн уаиккой сæрæгасæй. Фæлæ уæд махæн фадат нæ уыд ныккæнд-тæй рахизынæн, лæппутæ та æхсæнгар-зимæ знаджы тыхты горæтæй æддæмæ сырдтой.

Мадзалы хайадисджытæ дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой, нæ горæты Фидауынгæнæг тыхты, Хъайтарты, Нæузæххонты, Сталины, Харебаты Исахъы уынгтыл Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджытæ цы бынæтты фæмард сты, уымыты.

Дидинджытæ ма сæвæрдтой Шанхайы микрорайоны уæрæсейаг Фидауынгæнæг тыхты сыгъд бæстыхайы раз, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы хъайтар Денис Ветчиновы цырты раз. Цхинвалы районы Тъбет æмæ ТЭК-ы районы ОМОН-ы фæмардуæвæг кусджыты номыл æмæ Гудзабары микрорайоны уæрæсейаг 58-æм æфсады солдат Алексей Иванов кæм фæмард, уыцы бынæтты.

Къæбулты М.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.