«Нæ зæрдыл дардзыстæм алцыдæр» – ацы проекты фæлгæтты æрвылаз дæр уагъд цæуынц мысæн мадзæлттæ 7-æм августæй 8-æм августмæ. Ацы бонтæ Хуссар Ирыстоны адæмæн баззадысты хъыгаг мысинагæй, уыцы бонты фыд-æвзарæнтæ абон дæр мысæм æрхæн-дæгæй. Гуырдзыстоны гæрзифтонг хæстон тыхтæ се ‘вварсхæцджыты æххуысæй æрывнæлдтой Хуссар Ирыстонæй «сыгъдæг быдыр» аразынмæ. Фæлæ фыдлæг æмæ фыддугæн бирæ цæрæнбон нæй. Бирæ уæззау рыст бавзæрстам, Ирыстоны бирæ хъæбулты туг ныккалд уыцы бонты.

Ацы аз «Мысынады уæззау цæстысыг»-ы фæлгæтты уагъд цæудзысты мысæн мадзæлттæ августы 7-æй 8-æм бонмæ. 

Республикæ Хуссар Ирыстоны культурæйы министр, Паддзахадон нысаниуæгджын мадзæлттæ организаци кæныны фæдыл республикон къамисы сæрдар Зассеты Жаннæ нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ 7 августы изæры 17:00 сахатыл Гергиты Валерийы номыл асинтæ кæй хонынц, уым  байгом уыдзæн равдыст 2008 азы 8 августы цауты тыххæй. Уый ивгъуыд аз бацæттæ кодтой «Российская газета» – йы журналисттæ æмæ йæ балæвар кодтой нæ республикæйæн. Ацы аз уый ноджы фæхъæздыгдæр уыдзæн. Зассеты Жаннæйы ныхæстæм гæсгæ, уыцы равдыстæн æмгъуыд нæй, конд у документалон факттæй, кæцы æппæт дунейæн дзуры тæссаг хæсты æцæг цаутæ.

19:00 сахатыл «Сыгъд удты музейы» уагъд æрцæудзæн акци æмæ Хуыцаумæ бакуывд. Уырдæм бæстæйы къухдариуæгад æмæ æхсæнады минæвæрттæ æрбацæудзысты æмæ дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдзысты «Хъынцъымгæнæг бæласы» раз. Ссардзысты, ацы фæндагыл 11 азы размæ хæсты цæхæрæй чи лыгъд, уыцы æнæаххос фæмардуæвæг бæлццæтты рухс нæмттæ.

Зассеты Жаннæ куыд загъта, уымæ гæсгæ æрвылаз дæр ардæм æрбацæуынц бирæ бинонтæ, уыдоны ‘хсæн ис сывæллæттæ дæр, кæцытæ суанг 2009 азæй фæстæмæ хайад исынц ацы мысæн мадзæлтты. Уыдон семæ æрвылаз дæр æрбахæссынц нуазыны дон æмæ хъазæнтæ.

20:00 сахатыл акци адарддæр уыдзæн фæстæмæ Гергиты Валерийы номыл асинты цур. Ацы бынатæй арæзт æрцæудзæн сидт адæммæ. Сæ мысинæгтæ, сæ уæззау мастыл дзурдзысты, хæст кæй бинонты бафхæрдта, кæй бинонты фæкъахыр кодта, уыдон.

«Мах хъуамæ æрхъуыды кæнæм Фыдыбæстæйы алы хъахъхъæнæджы, кæцы йæ цард рауæлдай кодта мах тыххæй  Хуссар Ирыстоны адæмы хъахъхъæнгæйæ, æмæ уыдон номыл ссудзæм цырæгътæ. Уыдон сты нæхи лæппутæ, уæрæсейаг салдаттæ, кæцыты раз мах стæм хæсджын цæргæ цæрæнбонтæм. Уымæн æмæ уыдон сты нæ цард, нæ уд, нæ зæрдæты хъахъхъæнджытæ», – дзырдта уый.   

Мах азымджын кæнæм фашизм, азымы æвæрæм гуырдзиаг фашизм, мах нал фæнды æмæ ма искуы сæвзæра фашизмы æвзар. Фæлæ хъуыды кæндзыстæм æппæтдæр… Мысæн акци ацы аз бæрæг хъуамæ хицæн кæна иннæ азтæм абаргæйæ. Алы ныхасгæнæг дæр хъуамæ сидт сараза, цæмæй фашизм мауал уæвынад кæна дунейыл, дунейы тыгъдады уа сабырад æмæ фидыдад.

«Нæ бæстæ нын цы тыхджын æмæ хъомысджын Уæрæсейы Федераци банымадта, уыцы бæстæйы цы сывæллæттæ ахуыр кæны, Уæрæсейы паддзахадон тырысайы бын цы ирон спортсментæ тох кæнынц, Уæрæсейы тыххæй ард цы салдаттæ бахордтой, уыдон тыххæй дзырд цæудзæн сæрмагондæй. 

270 азы мах æмдзу кæнæм Стыр Уæрæсеимæ, никуы йæ фæкъæмдзæстыг кодтам. Аргъуц кæнæм æмæ кад кæнæм уыцы ахастытæн. Хуссар Ирыстоны мæдтæ иугъуызон хъынцъым кæнынц, августы агрессийы фæмардуæвæг уырыссаг салдаттæ æмæ фидауынгæнæг тыхты службæгæнджыты тыххæй», – банысан кодта Жаннæ.

 «Махимæ ис Дунескæнæг æмæ рæстдзинад» – ахæм мидисимæ сæрæ-гæсты æмæ фæмардуæвджыты нæмттæ мысыны тыххæй акцийы ныхас кæн-дзæн Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг.

8-æм августы бæстæйы къухдариуæгад, нæ æхсæнады минæвæрттæ азилдзысты, уыцы рæстæджы тохты нæ хъæбатыр лæппутæ цы бынæтты фæмард сты, «нæ мысынады уыцы сыгъдæг бынæттыл». Сæ рухс нæмттæ арыны цытæн уыцы бынæтты æвæрд æрцæудзæн дидинджыты губаччытæ. Уымæн æмæ хъуамæ алкæй дæр æмæ æппæт дæр хъуыды кæнæм.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.