2008 азы августы мæйы Гуырдзыстоны уæды къухдариуæгад Хуссар Ирыстоны  ныхмæ райдыдта уæрæхмасштабон хæст. Хæст æрхаста бирæ æнамонддзинæдтæ ирыстойнаг æмбæстæгтæн. Знаг йæ тугмондаг дзæмбытæй æрбавнæлдта Райгуырæн бæстæмæ æмæ куынæг кæнын райдыдта ирон адæмы стырæй чысылæй.  Зын нын у, Ирыстоны æмбæстæгтæн сæ зæрдæтæ мастæй йемыдзаг сты. Агрессор 2008 азы августы хæстон архайдтыты рæстæджы бирæ хатты тыхджындæр уыд техникæйæ æмæ удæгас тыхæй æмæ сæ  фæндыд, цæмæй Хуссар Ирыстоны адæм сæ сæртæ æркъул кæной, сæ зонгуытыл æрлæууой, фæлæ знагæн нæ бантыст. Знагæн йæ плæнттæ ныппырх сты нæ адæмы хъæбатырдзинады, Райгуырæн бæстæйы хъахъхъæнджыты фидардзинад æмæ æхсардзинады руаджы. Уымæ гæсгæ  Ирыстоны адæм кæддæриддæр сæрыстыр уыдзысты сæ хъайтартæй, кæцытæ знагимæ æнæмсæр тохы равдыстой стыр хъæбатырдзинад æмæ патриотизм.

Æрвылаз дæр Ирыстоны дзыллæйад æрымысы 2008 азы августы тугуарæн бонты фæмардуæвджыты рухс нæмттæ.

8 августы горæт Къуайсайы дæр арæзт æрцыд мысæн акци 2008 азы августы хæстон архайдтыты рæстæджы Райгуырæн зæхх знагæй ссæрибар кæныны фæстиуæгæн сæ сæртæ нывондæн цы фæсивæд æрхастой, уыдоны рухс нæмттæ æрымысыны тыххæй. Акци арæзт æрцыд Къуайсайы администрацийы хъæппæрисæй. Изæры Къуайсайы культурæйы хæдзары раз фæзуатмæ  æрбамбырд сты Къуайсайы цæрджытæ. Æрæмбырдуæвджытæн сæ цæсгæмттыл зынд æппæт рыст æмæ фыдох,  бæрæг уыд, кæй та сын сног сты 2008 азы августы хæстон цаутæ. Фæзуатыл цырæгътæй фыст æрцыд  08.08.08.  Сæ къухты сыгъдысты цырæгътæ, кæстæртæм та радтой дымст къоритæ, хъуыстысты фыдохы музыкæйы зæлтæ. Акци бацæуæн ныхасæй байгом кодта Къуайсайы астæуккаг скъолайы рауагъдон Зассеты Миленæ. Уый æрæмбырдуæвджыты зæрдæтыл æрлæууын кодта 2008 азы августы хæстон архайдтытæ. Лæмбынæг æрдзырдта, дæс азы размæ ирон адæм цы æбуалгъы хъизæмæрттæ бавзæрстой Гуырдзыстоны фарсæрдыгæй, уый тыххæй. Загъта, зæгъгæ, радон хатт та бахъуыд ирон адæмы стырæй чысылæй кæрæдзийы фарсмæ балæууын æмæ знагæн аккаг ныхкъуырд раттын. Кæд знаг нымæцмæ гæсгæ бирæ фылдæр уыд æмæ ифтонг уыд хуыздæр æфсæддон техникæйæ, уæддæр нæ лæппуты ныфс нæ асаст æмæ слæууыдысты гуырдзиаг фашистты ныхмæ. Уыдоны патриотизм æмæ æхсардзинад Ирыстоны сомбоны фæлтæрæн суыдзысты цæвиттойнаг. Зассеты чызг ма йæ раныхасы загъта,  зæгъгæ, гуырдзы  æппæт дæр арæзтой, цæмæй ирон фарн æмæ ирондзинад кæронмæ куынæг æрцæуой. Уыдон нæ ауæрстой нæдæр сывæллæттыл, нæдæр сылгоймæгтыл æмæ хистæр кары адæмыл. Æгъатырæй цагътой, горæтæй цы цæрджытæ лыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ,  уыдоны дæр.

Йæ раныхасы рæстæджы Зассеты Миленæ бахатыд æрæмбырдуæвджытæм,  цæмæй иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссарой Ирыстоны сæрибардзинады тыххæй сæ сæртæ нывондæн чи æрхастой,  уыцы зынгхуыст хъайтарты рухс нæмттæ. Сæрибардзинад æмæ сабырады нысанæн сывæллæттæ арвмæ суагътой дымст къоритæ.

«Махæн абон нæ сæйраг хæс у, цæмæй æнустæм нæ зæрдыл дарæм æмæ хъуыды кæнæм, уæлахиз нын чи æрхаста æмæ абон сæрæгас æмæ хъахъхъæд кæй фæрцы стæм, уыдоны нæмттæ æмæ хъайтардзинад. Августы фондзбонон хæст фыст æрцыдис историйы æмæ рохуаты нæ баззайдзæнис иунæг иронæй дæр»- йæ ныхас балхынцъ кодта Зассеты чызг.

Мадзалы кæрон адæм æрхæндæг зæрдæйы уагимæ сæ фæндаг акодтой культурæйы хæдзармæ, цыран сын стыр экраныл æвдыст æрцыд документалон фильм «Август 2008 года», зæгъгæ, ахæм номимæ.

Рацыд дæс азы, фæлæ нæ мысынады цæрæнбонтæм баззайдзысты уыцы трагикон бонтæ. Уæдæй фæстæмæ Стыр Уæрæсейы æххуысæй Хуссар Ирыстоны зæххыл ис сабырад, æмæ сæрыстырæй бæрзонд фæйлауы нæ Паддзахадон тырыса.

Танделаты Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.