1742-æм азы 20-æм майы зынгæ уырыссаг полярон иртасæг æмæ денджызон сгарæг Семен Челюскин фыццаг хатт ахæццæ Евразийы континенты иууыл цæгаттагдæр бынатмæ – æрдæгсакъадах Таймырмæ. Уæды рæстæджы спайда кодта уникалон амалæй – куыйты баифтыгъта æмæ сæ фæрцы йæ бон ссис ахæм карз климаты уыйбæрц дæрддзæгмæ ацæуын. Йæ фæндаггон журналы афтæ фыста: «У асæст боныгъæд, уары мит æмæ мигъ ныббадтис. Æрбацыдыстæм донбылмæ. Сурзæхх иууылдæр у дурджын, ихтæ та сты лæгъз. Ацы бынат æз схуыдтон Цæгат-хурскæсæйнаг. Маякæн дзы сæвæрдтон тымбылхъæды лыггаг, кæцы æрластон мемæ». Ацы фыст баззад историйы æмæ ацы бынат дæр уæдæй фæстæмæ хæссы Семен Челюскины ном.

Абоны онг дæр бæрæг нæу, Семен Челюскин кæцы азы райгуырд, – кæцыдæр гæххæттытæм гæсгæ 1704 азы гуырд у, иннæты та – 1707 азы. Гуыргæ та ракодта Тулæйы областы горæт Белевы. Йæ чысылæй фæстæмæ ахуырмæ зæрдæргъæвд кæй уыд, уый тыххæй йæ 1714 азы акодтой Мæскуымæ Математикæ æмæ навигацион наукæты скъоламæ. 1921 азы йæ æнтыстджынæй каст фæцис æмæ йæ снысан кодтой Балтийы флотмæ. Ӕрыгон лæппумæ иттæг хорз зонындзинæдтæ кæй уыд, уый рахатыдысты йæ къухдариуæггæнджытæ æмæ йын бахæс кодтой, цæмæй практикæйы цы ахуырдзаутæ цæуой, уыдонæн амона навигаци. 1736 азы æрвыст æрцыдис Сыбырмæ нау «Якутск»-ыл , цæмæй басгæрстаиккой цæугæдæттæ Лена æмæ Енисей. Экипажы уыдысты 45 экспедиторæй. Фæндæгтыл бавзæрстой бирæ тухитæ, Сыбыры карз зымæг сын иу уысм дæр æнцойад нæ лæвæрдта, сыстадис сыл низ цинга æмæ командæйы фылдæр хай фæмардысты. 1740 азы нау «Якутск» фæдæлдон æмæ дзы удæгасæй чи баззад, уыдоны бахъуыд Сыбыры судзгæ уазæлтты 800 километры къахæй цæуыны сæр.

Зынгæ уырыссаг академик Алек-сандр Миддендорф афтæ банысан кодта йæ фыстыты, зæгъгæ, Семен Челюскин бæрæг хицæн кодта иннæ денджызонтæй, уымæн æмæ никуы тарст зындзинæдтæй. 1741 азы Челюскин ногæй сарæзта экспедицион къорд æмæ 5-æм декабры араст сты Таймыры æрдæг-сакъадахмæ. 1742 азы 15-æм февралы бахæццæ сты цæугæдон Хатангамæ æмæ уым баззадысты уалдзæджы æрлæудмæ. Куы фæхъарм, уæд æртæ экспедиторæй араст сты дарддæр æмæ фæцыдысты 45 бонæй фылдæр, цæ-мæй бахæццæ уой бынатмæ. Йæ афыстыты Челюскин нысан кодта, цы зындзинæдтимæ æмбæлдысты, уыдон.

«Нæ ныфс куы асæтты, нæхимæ куы ныхъхъусæм, уæд нæ куыйтæ дæр тагъд райдайынц фæллайын. Хæрд нын нæ фаг кæны, фæлæ æрсытыл цуан кæнæм æмæ уый фæрцы æххормаг нæ вæййæм», – фыста Челюскин.

Челюскин æмæ йæ дыууæ æмбалы Таймырæй фæзылдысты хурыскæсæны ‘рдæм, цæмæй баиу уой æндæр экспедициимæ Харитон Лаптевы сæргълæудæй æмæ 20 июлы фембæлдысты дыууæ экспедицион къорды.

Зынгæ полярон иртасæг ма уый фæстæ дæр бирæ рæстæг баслужбæ кодта Балтикæйы флоты æмæ 1756 азы отставкæйы ацыд æртыккаг рангы капитаны цинæй. 1764 азы 24-æм ноябры Семен Челюскин амард, фæлæ кæм ныгæд ис, уый абоны онг ничи зоны. Биограф æмæ зынгæ иртасæг  Владимир Богдановы хъуыдымæ гæсгæ Семен Челюскин ныгæд æрцыд цæугæдон Окайы былыл Босаревойы хъæуы. Йæ номыл Таймыры æрдæгсакъадахы арæзт æрцыдис полярон станц æмæ радиометеорологон центр. Ам ма уæвынад кæны аэродром «Мыс Челюскин» дæр, кæцы нымад у, куыд иууыл цæгаттагдæр.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.