Æфсæддон тæхæг, майор Владимир Едаменкойæн Хуссар Ирыстоны сывӕрдтой мысӕн дур. Владимир хъæбатырæй фæмард 2008-æм азы 9-æм августы хæсты рæстæджы. Мадзалы хайад райстой нæ республикæйы Президент Гаглойты Алан, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Мидхъуыддæгты Министр Гуыцмæзты Алан, Цхинвалы æмæ Дзауы районты сæргълæуджытæ Бæззаты Инал æмæ Тыбылты Вандæ. Президент Гаглойты Алан банысан кодта, зæгъгæ, нæ республикæ бахъахъхъæныны сæрвæлтау йæ цард нывондæн чи æрхаста, уыдоны ном цæрдзæн æнустæм.

“15 азы размæ знаг æрбабырста, цæмæй нын нæ адæмы скуынæг кодтаид. Уæд нæм æххуысмæ æрцыдысты Уæрæсейы æфсад æмæ нын немæ нæ хæдбардзинад бахъахъхъæдтой. Хъыгагæн, хæст æнæзиан нæ вæййы, сæ цард нывондæн æрхастой бирæ хъайтар лæппутæ, уыдон æхсæн уыдис Владимир Едаменко дæр. Стыр бузныг мæ фæнды зæгъын хъайтары бинонтæ æмæ хæстæджытæн ахæм хъæбул кæй схъомыл кодтой æмæ уыцы-иу рæстæджы хатыр ракурын дæр, йæ бахъахъхъæнын нын кæй нæ бантыст, уый тыххæй”, – банысан кодта Президент.

Мысæн дур – хъайтарæн

“Æнæмæлгæ полк”-ы штабы сæргълæууæг Зассеты Жаннæ æрæмбырдуæвджытæн æрдзырдта Уæрæсейы хъайтар Владимр Едаменкойы хъæбатырдзинады тыххæй. Мадзал ацыд проект “Поле памяти”-йы фæлгæты. Штабы къухдариуæггæнæджы ныхæстæм гæсгæ ацы проект арæзт æрцыд нæ хъайтарты ном сæнусон кæныны нысанæн. “Мах хæсджын стæм нæ адæмы бахъахъхъæныны сæрвæлтау нæ фарсмæ чи æрбалæууыд, сæ сæртæ нывондæн чи æрхастой, уыцы хъайтар лæппуты нæмттæ мысын”, – загъта Жаннæ.

Мысӕн дур гом кӕныны церемонийы кӕроны ӕрӕмбырдуӕвджытӕ сӕвӕрдтой дидинджытӕ.

Мысæн дур – хъайтарæн

Владимирыл цыд 30 азы. Уый уæлдæфæй хъахъхъæдта Хуссар Ирыстонмæ цæуæг уырыссаг æфсады 58-æм армийы танкон колоннæ. Фæлæ, хъыгагæн, афтæ рауад æмæ йын 9-æм августы Итраписы хъæумæ хæстæг знаг йæ хæдтæхæг æрæппæрста. Уæрæсейы Президенты Барамындмӕ гæсгæ 2008-æм азы 5-æм сентябры Владимир Едаменкойæн лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Хъайтары ном. 2019 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Владимир Едаменкойы схорзæхджын кодта уæлдæр паддзахадон хорзæх “Уацамонгæ”-йæ йæ амæлæты фæстæ. Хъайтары номыл уӕрӕсейаг музыканттӕ скодтой зарӕг “Я летчик!”, зæгъгæ.

Кокайты Зæринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.