Нæ ирон адæмæн æмбисондæн баззад: “Фæдисы къуыбылой дæр тулы”. Адæймаг та адæймаг у – фæдис фæцыд, уæд дзы сылгоймаг дæр фæстæ нæ лæууы. Худ чи дары, уымæн та фæдисы æмбæхсын сау худинаг æмæ æгады мæлæт у. “Худ дæр лæг дары.” Суанг-иу нæ фыдæлтæ, скифтæй сылгоймаг дæр цалынмæ се знæгтæй тохы макæй амардтаид, уæдмæ йын чындзы цæуæн нæ уыд. Ӕмæ, адæймаджы фæнда æви йæ ма фæнда, уæддæр йæ фыдæлты туг йе уæнгты фæкæны цæвæнтæ. Фыдыбæстæйон Стыр хæст нæм куы райдыдта, уæд Ирыстоны сæрвæлтау, Ир æгæрон ныфс кæмæй æвæрдта, номхæссæны поэт рацæудзæнис, зæгъгæ, уыцы ныфсхаст лæппу, поэтикон дзырды дæсны Кочысаты Мухарбег йæхи тохы быдырмæ уымæн аппæрста. Йæ хъуыды уыд æргом, нæ Фыдыбæстæн æй æвдыста поэтиконæй. Уыимæ – æхсарджынæй, цæмæй йæ чи хъуыста, уыдонæй дæр æй уыдаид фæзмджытæ, Ирыстоны тыххæй йæ цард чи уæлдай кодтаид, ахæмтæ (“Мæ хæс”):

 

Кæйдæртау нæ фæлыгътæн тохæй,

Нæ бамбæхстон пыхсы мæ сæр.

Дæ хъахъхъæнæг, сау айнæг хохау,

Ӕрлæууыдтæн фидар æз дæр.

 

Фæуагътон уæд фæндыр рæстæгмæ,

Рæстæгмæ фæуагътон мæ зард.

Мæ къухмæ æз райстон мæ гæрзтæ:

Ӕз райстон мæ топп æмæ кард.

 

Гъе, уый тыххæй абон, Ирыстон,

Дæ разы мæ цæсгом у рухс.

Гъе, уымæн дæн абон сæрыстыр,

Гъе, уымæн дæн афтæ хъал æз.

 

Ирыстоны разагътатыл троцкизмы дуджы нæ фыдбоны сыхæгты къухæй уæд цы сау туг ныууарыд, уый нæ фысджыты хуызæн никæй ныддæрæн кодта. Нæ Фыдыбæстæйы ма дзырдзæгъынхъом, адæмы рæгъмæ рахизынхъомæй баззадысты бæрцæй дыууæ фыссæджы – Коцойты Арсен æмæ Нигер. Фæлæ уæд адæмæн сæ фарн сæ разæй цыд. Дзырдаивады дæснытæ нæм цыма арвæй уарыдысты. Сæ кæрæдзийы фæдыл нæм иу курдиатджын фыссæг хъомыл кодта иннæйы фæдыл. Адæмы зæрдæтæм фæндаг ардтой Боциты Барон æмæ Бекъойты Елиоз, Мамсыраты Дæбе æмæ Токаты Асæх, Туаты Дауыт æмæ Дзугаты Георги, Ардасенты Хадзыбатыр æмæ Епхиты Тæтæри… Уыдис сæ, æцæг курдиаты хицау чи уыдис: Гафез, Плиты Грис, Цæгæраты Максим, Цæрукъаты Алык-сандр, Букуылты Алыкси æмæ бирæ æндæртæ. Фæлæ троцкизмы тасæй сæ курдиат райхæлыныл нæ тагъд кодта.

Уымæн сын фадат радта Фыдыбæстæйон Стыр хæст. Рæзтысты бонæй-бонмæ. Фæлæ Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау сæ сæртæ нывондæн дзæвгарæй æрхастой, Кочысаты Мухарбег æмæ Калоты Хазбийау. Тынг бирæйæ ма уæлахизимæ сæмбæлдысты сæ райгуырæн уæзгуытыл цæфтæ æмæ цъæлтæй. Ӕмæ уыдонимæ уыдис поэт, публицист, тæлмацгæнæг, фæстæдæр – Хуссар Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг Асаты Реуаз. Райгуырд 1921 азы Къахеты мæгуыр зæхкусæджы хæдзары Алазаны цæугæдоны был иу чысыл хъæуы. Фæстæмæ Хуссар Ирыстонмæ æрбалыгъдысты 1930-æм азы. Хæцæг æфсадимæ тох кодта 61-æм дивизийы Кавказы фронты. 1943-æм азы Новороссийскы сæрыл удуæлдай тохты фæцис уæззау цæф æмæ йæ дохтыртæ раздæхтой йæ хæдзармæ.

Реуаз æмдзæвгæтæ фыссын кæд 1937-æм азы райдыдта, уæддæр, йæ поэтикон дзырд Фы-дыбæстæйон хæсты рæстæджы кæй æрцахста йæхи, уый фæбæрæг йæ фыццаг поэтикон æмбырдгонд “Хæстон сис”-æй. Дзуццаты Хадзы-Мурат хуымæтæджы нæ загъта: “Хæстæн алы хи-цæн поэты сфæлдыстадон биографийы æндæр æмæ æндæргъуызон роль ис”, ома, бирæтæн уыд “сæ поэтикон райгуырды рæстæг (Джусойты Нафи, Мыртазты Барис, Асаты Реуаз, Баситы Дзамболат). Ӕцæгдæр, Асаты Реуаз, æцæг поэтæй йæхи æрцахста хæсты дуджы. Уый йын фенын кодта царды рæстдзинад, хæсты фæрцы бацис йæ бон царды æмæ поэзийы размæ акъахдзæф кæнын æмæ царды рохтæ æрцахсын куыд хъæуы. Уымæн æмæ æвзонг поэт лæуд уыдис раст фæндагыл æмæ архайдта ууыл кæронмæ цæуыныл. Йæ поэтикон æвзагæй зæрдæбынæй уымæн хордта ард (“Ард”):

 

Лæгыл æз макуы уон нымады,

Ныммæлон уын фæлтау æгадæй,

Нæ зæх, нæ бæстæ, уарзон мады

Кæд хорз нæ бахизон ызнагæй.

 

Адæм сæ аивады кусджыты хызтой ызнагæй, цæмæй сæ фидæныл къæм ма абада. Махмæ, Ирыстоны та æвдгай (Дзуары хъæуæй Гæздæнты æфсымæртæ), дæсгай æфсымæрты дæр (Адзистауæй Хъазиты æфсымæртæ) стукачтæ (дзырдхæсджытæ) цингæнгæйæ тардтой мæлæты хъæбысмæ, ома, ныццагъды уой, махæй тыхджындæр цæмæн уой. Куыд бацауæрстаиккой аивады кусджытыл дæр. Поэт, драматург, тæлмацгæнæг Плиты Грисæн 1939-æм азы ССР Цæдисы Кады орден æрцыдис лæвæрд, афтæмæй йæ хæсты раззаг хаххыл амидæг кодтой. Йæ инæлар Шаповалов  куынæ уыдаид, куынæ йæ базыдтаид, æмæ йæ æвиппайд штабмæ куынæ аивтаид, уæд нын, чи зоны, абон Грис нæ уаит. Литературæйы нæм фыццаг къахдзæфтæ чи кодтой, уыдон та хæстон хъуыддагимæ сæ удтæ хъардтой поэзийы сусæгтæ æргом кæныныл дæр, кæд уый æнцон хъуыддаг нæу, æппынæдзух дæ хиуæттæ дæ цæстытыл куы уайой, дæ зæрдæ семæ куы дзура, уæддæр. Реуаз фыста:

 

Райхъал дæн æмæ фæкастæн,

Кæд ныккодтон хъарм хъæбыс

Мады бæсты хæцæнгарзæн,

Хъæр фæцыди – Тохмæ сыст!

Асаты Реуазы æмдзæвгæйы уалдзыгон æх-сæв арты фарсмæ тыгуырæй  бадынц хæстонтæ. Алкæй дæр сæ ис йæхи мæстаг. Ӕмæ сæ кæд алчи дæр æндæр æмæ æндæр куыстыл у хæст, уæддæр сæ бæллиц у иу – кæд ахуысдзæн хæсты зынг, кæд сæмбæлдзысты сæ мæгуыр бинонтыл?

Фæлæ уыдонæй поэт алцы дæр йæхи сæры додойаг хуыдта (“Арт”):

 

Артæн йæ алыварс бадынц тыгуырæй

Чи сæ æрбавæры артыл пыхс суг,

Чи сæ кæрдзын хæры, чи та гуыбырæй

Умæл зæнгæйттæ куы кæны уым сур.

 

Чи сæ йæхицæн тамако ыссыгъта,

Сдымы йæ риуыдзаг, суадзы фæздæг,

Чи сæ йæ хотых хæстæввонг ифтыгъта,

Чи та  дзы рухсмæ касти фыстæг.

 

Чи сæ йæ цинелы фæччитæ ‘вдисы ,

Знаджы нæмгуытæй – сыхырнайау гом…

Ӕмæ сæ артæн йæ рухсмæ æмпъузы –

Тохы йын мацæуыл атыхсой сом.

 

Чи сæ йæ хъуыдыты афардæг дардмæ,

Цыма сæ кæрты дуар бакодта ‘васт,

Чи та æрцыди йæ ныййарæг мадмæ,

Чи та йæ уарзонмæ цыма нымдзаст…

 

Скæсæнæй радымдта… Арт дæр ысцырын.

Тохмæ фæндæгтæ ысрухс кодта дард.

‘Рттивгæ тырысайау, хæстонты ‘мгуырæй

Сразæнгард кодта ныгуылæнмæ арт!

Йæ аивады йæхи уæлдай хæсджындæрыл нымадта, уыцы тугкалæн хæсты сæ туг чи ныккалдтой, цардцухæй чи бабын сты, уыдон раз. Уыцы хъуыддаг фæбæрæг йæ фыццаг поэтикон чингуытæ “Хæстоны сис” æмæ “Туджы ‘ртах”-æй. Фæлæ Дзуццаты Хадзы-Мурат раст загъта: “…йæхиуыл, йæ “æз”-ыл фæхæст æмæ дзы поэзимæ цæуын байдыдта кæмдæр хæсты фæстæ”. Фæлæ литературон критикы уыцы фиппаинаг æрмæст Реуазмæ нæ хаудта. Ирон нывæфтыд литературæ та æцæг йæ къахыл лæууын райдадта Фыдыбæстæйон хæсты дуджы æмæ уыйфæстæ, фæндзайæм азты.

Реуаз хæстон фæлтæрддзинад куыд тыхджынæй тыхджындæр иста, афтæ йæ зæрдæмæ тынгæй-тынгдæр хъардта удуæлдай хæстоны лæгдзинад æмæ сæ йæ поэзийы кодта æнæ-мæлгæ, æнусон. Уыцы хъуыддаг ын баззад йæ адзалы бонмæ. Фæсчъылдым поэзийы жанры хæстон темæйыл сфæлдыста тынг бирæ хæстон уацмыстæ. Ӕмæ сæ бирæтæй рухс кæны адæймаджы зæрдæ.

Поэт хæстæй цæфæй куы æрыздæхт, уæд ын фадат фæцис, Ирыстоны хъæбултæй хъæбатырдзинад чи æвдыста, уыдон нæмттæ æнусон кæнынæн, фæстагæттæн сæ цæвиттойнагæй æвдисынæн. Кæй ном дзы не ссардта? Уæдæ, фæскомцæдисон хъайтар Дур-Дурæй Дзоты-фыртæй зæгъай, Козаты Шаликъойæ, Дзæрæхохты Хадзы-Муратæй, Хетæгкаты Габойæ, Мамсыраты Хадзы-Умарæй…

Советон Цæдисы дыууæ хатты хъайтар, Мон-голты Республикæйы хъайтар Плиты Иссæ зар-джытæ, номыл æмдзæвгæтæ цух нæу. Реуаз ма йыл йæхæдæг кадæг дæр снывæста “Иссæ”, зæгъгæ. Чиныджы разныхасы фыссæг Харебаты Леонид æнæнхъæлæджы нæ зæгъы: “Зæрдæйæ фыст у поэмæ “Иссæ” дæр. Автор æнувыдæй бацархайдта номдзыд инæлар, Ирыстоны разагъды фырты фæлгонц рæсугъдæй сныв кæныныл æмæ йын уый бирæбæрцæй æнтысгæ дæр бакодта. Стæм ирон лæг разындзæн, Плиты Иссæйы тохы хабæрттæй чысыл уæддæр чи нæ фехъуыста. Йæ диссаджы хæстон сгуыхт хъуыддæгтæ сусæг не сты æмæ нæ уыдысты нæ цыфыддæр знагæн – фашизмæн. О, фæлæ Реуаз бацархайдта, махæн, чиныгкæсæгæн, зындгонд чи нæма уыд, ахæм детальтæ радзурыныл æмæ йын уый æнтысгæ дæр бакодта. Поэмæ кæсгæйæ, цæстыты раз сысты легендарон хъайтар.” Иугæр чиныгкæсæджы цæстыты раз сысты легендарон хъайтар, уæд зæрдæйы дæр ныххауы, æмæ уый æнæмæнг поэты æнтыстыл дзурæг у, уæдæ цы.

Иссæйы фæлгонц сныв кæныныл нæм иу æмæ дыууæ поэты нæ ацархайдтой. Нырма йæ ноджы дæр фæуыдзæнис нывгæнджытæ, фæлæ се ‘хсæн алыхатт дæр Асаты Реуазы уацмыстæн уыдзæн аккаг бынат.

Асайы-фырты поэзи бирæбæрцæй æмбулы йæ дзырдарæхстæй. Ӕнæнхъæлæджы дын ахæм рифмæтæ ацарæзтаид æмæ æмдзæвгæ-йы рæнхъытæ, гъе та строфæ дæр аззадаид дæ хъуыдыйы. Уыцы хъуыддаг ын йе ‘мдзæвгæтæй бирæты систа бæрзонд.

Ахæм æмдзæвгæтæ, строфæтæ йæм зынагурæн не сты суанг йæ хæстон поэзийы дæр. Уыцы хъуыддаг ын фадат лæвæрдта зæрдæмæдзæугæ цыппаррæнхъонтæ фыссынæн:

 

Дæуæй хуыздæр нæ хъæуы нæй,

Дæуæй хуыздæр нæ комы нæй;

Ӕмæ дын нæу “нæ хъæуы”-нæй;

Ӕмæ дын нæу “нæ комы”-нæй.

Кæнæ:

– Алæ-ма, цы радавыс? –

– Ницы! Фен мæ мард! Дæхи стæн!

Алхатт мæн цы радавыс? –

Кæннод бахъæуæд дæ хистæн!..

(“Цы та давыс?”)

Уыцы хъуыддаг ын æххуыс кодта пародитæ æмæ æндæр хъæлдзæг æмдзæвгæтæ сфæлдисынæн. Ӕцæг, ивгъуыд æнусы æстайæм азты райдайæны, йæ фырт цардцухæй Уæрæсейы куы фæзиан, уæд æй нал æндæвта йæ раздæры зæрдæйыуаг. Уæд мæныл дæр ныффыста цалдæр æмдзæвгæйы. Мæнæ сæ иу:

 

КÆСЫН ÆМ

(Хъ. М.)

Кæсын æм фæрсырдæм. Уæнгты конд, сæры хилты фастæй

Мæ зынгхуыст хъæбулы хуызæн мæм фыццаг хатт фæкаст.

Гъе, уый дæр мын фаг у, æппыннæйы бæсты, æлгъæдæн, –

Ды та мын, о, йе ‘рцыдмæ ма схъæрз дæ къухы алгъæй дæр.

Фæлæ поэт уæддæр, йе ‘взонгæй куыд бахсиды, афтæмæй баззайы, æмæ Асаты Реуаз ирон нывæфтыд литературæйы историйы сæйраджы баззадис хæстон поэтæй.

 

ХЪАЗИТЫ Мелитон

03 – 07.11.21

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.