Ирон лæг фæдисы кæм нæ балæудзæн, уæлдайдæр та æфсымæрон адæмы æххуыс куы бахъæуы, уæд. Ныртæккæйы рæстæджы уый æнхъæл чи уыд æмæ фашист Бандерайы фæдонтæн сæ фашистон туг афтæ тынг райхъал уа æмæ Стыр Уæрæсейы Украинæйы зæххыл сæрмагонд æфсæддон операци уадзыны сæр бахъæуа нацизм, фашизмæн йæ уидæгтæ стоныны тыххæй.

Фыдæлтæй фæстæмæ ирон лæгæн йæ туджы ис хъайтардзинад, худинаг йæ сæрмæ никуы схаста. Æмæ Ирыстоны æнусон æмцæдисон – Стыр Уæрæсейы æххуысы сæр куы бахъуыд, уæд ирон сахъгуырд лæппутæ дæр фæстæ кæцæй хъуамæ фæлæуыдаиккой. Уыимæ 2008 азы августы тугуарæн хæсты Уæрæсе æххуысмæ куынæ фæзындаид Ирыстонмæ, уæд абон куыд уыдаиккам, уый бæрæг нæу. Æмæ ныр та Уæрæсейы бахъуыд ирон лæппуты æххуыс æмæ уыдон дæр уайтагъд балæууыдысты уæрæсейаг хæстонты фарсмæ. Ногæй та сæ сæр  бахъуыд æмæ та хъайтардзинæдтæ æвдисынц Украинæйы зæххыл дæр. Хæст хæст у æмæ, хъыгагæн, хæсты быдыры бацарæфтыд сты дæсгай цардбæллон лæппутæ, уыцы нымæцы ирæттæ дæр. Фæмардуæвæг хъайтар ирон лæппутæй иу у  не ‘мзæххон Хуыгаты Радислав.

Уый райгуырд горæт Къуайсайы 1988 азы. Астуæккаг ахуырад дæр райста йæ райгуырæн Къуайсайы. Скъола каст фæуыны фæстæ йæм æрсидтысты йе ‘мбæстагон хæс бафидынмæ. Службæ кодта Хуссар Ирыстоны æфсады. Цæсгомджынæй баслужбæ кæныны фæстæ ацыд цардагур Дзæуджыхъæумæ. Æвзонг лæппу контрактонæй бацыд горæт Грознæйы æфсæддон хаймæ, цыран баслужбæ кодта авд азы бæрц. Цæцæны республикæйы йын радтой æфсæддон ветераны ном. Фæлæ йæ радтæг адæмы æцæг патриоты йæхимæ æлвæста йæ райгуырæн къуым, рацыд Грознæйæ æмæ службæ кæнын райдыдта Хуссар Ирыстоны уæвæг уæрæсейаг 4-æм æфсæддон базæйы. Баслужбæ дзы кодта цыппар азы бæрц. Уыцы-иу рæстæджы кафыд брэк-дансæй дæр.  Курдитаджын зарæггæнæг Лалыты Альбертимæ сын уыдис дуэт. Хуыгайы-фырт архайдта спортæй дæр, хорз æнтыстытæ йын уыд æмбуархæстæй. Хъуамæ йын лæвæрд æрцыдаид спорты дæсныйы ном дæр, фæлæ…

Хуыгаты Радиславы уый фæстæ та йæ хъысмæт горæт Ростовмæ ахаста. Службæ кодта контрактонæй Ростовы æфсæддон хæйттæй сæ иуы. Ам дæр баслужбæ кодта цалдæр азы дæргъы. Йæ цыбыр цард иууылдæр баст уыд æфсæддон хъуыддагимæ. Уæрæсе сæрмагонд æфсæддон операци куы райдыдта уый дыккаг бон, ома, 25-æм февралы ацыдысты Украинæмæ. Радислав хæцыд хъæбатырæй. Ирон хæстон йæ ныфсхастдзинадæй цæстæвæрæн фæцис йе ‘мслужбæгæнджытæн. 18-æм марты хæцгæ-хæцын бахызтысты горæт Мариуполмæ æмæ йæ мæлæт дæр ссардта ацы горæты.

Йæ командир куыд загъта, афтæмæй иу карз тохы рæс-тæджы бахаудысты æрхъулайы, нал дæр сын иуæрдæм ахизæн уыд æмæ нал дæр иннæрдæм. Афтæмæй дыууæ боны фесты æрхъулайы бынаты, тæссаг уыд уырдæм сæм знаг куы баирвæзтаид, уымæй. Уæд фæмард уыдаид бирæ  фылдæр хæстоны. «Радик алыхатт дæр хицæн кодта йæ ныфсхатдзинад æмæ фидардзинадæй, вазыгджын уавæрты зыдта хиуыл хæцын. Уыдис ын тыхджын характер. Сæрма-гонд æфсæддон операцийы райдианы фыццаг сахаттæй фæстæмæ уый хайад иста карз тохты Донбассы здæхты Кутузовы ордены  Идрицкаг-Берлинаг легендарон 150-æм мотоæхсæг дивизийы. Уæззау тохтæ уадзгæйæ, ныхмæлæууæджы арфэшелонон хъахъхъæнынады сæрты хизгæйæ, дивизи ахызт горæт Мариуполы штурм кæнынмæ. Ацы æрдæгмилуанон горæт цалдæр азы дæргъы цæттæ кодта йæ хъахъхъæнынад æмæ ныр, бынæттон сабыр цæрджыты фæстæ хибамбæхсгæйæ, уæрæсейаг æфсæддонтæн ныхкъуырд лæвæрдта знаджы бирæминон къорд.

Знаг уырдæм æрæмбырд кодта йæ резервон тыхты дæр æмæ афтæмæй фæлвæрдтой уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджыты ныхмæлæуд басæттын. Уавæрæн саргъ кæнгæйæ, Радик  аскъуыддзаг кодта знаджы хъусдард йæхимæ аздахыны тыххæй маневр саразын: уый ралвæста йæ бронежилеты цæсты гагуыйау цы ирон тырыса хъахъхъæдта уый, хæрдмæ йæ систа æмæ йæхи аппæрста размæ, ныхмæлæууæджы ‘рдæм, уымæй æхстытæ йæхимæ расайгæйæ… Ирон хæстон фæмард хъæбатырæй, йæ хæстон æмбæлтты цард бахъахъхъæнгæйæ. Йæ фæндвидар æмæ хъайтарон архайдтыты фæрцы дæлхайæн йæ бон ссис знаджы ныхмæ фæлæууын, цалынмæ сæм æххуысмæ фæзындысты, уæдмæ»,- загъта æфсæддон эксперт Мæрзойты Олег.

Радиславы командиры ныхæстæм гæсгæ, уый йæхи нывондæн æрхаста йæ хæстон æмбæлтты сæрвæлтау. Йæ хъæбатырдзинад ын абарстой Советон Цæдисы хъайтар Петр Барбашовы хъæбатырдзинадимæ. Радислав æй куы бамбæрста, йæ разæй цы лæппутæ цыдысты, уыдон иу-уылдæр амæлдзысты, уæд æхстытæ расайдта йæхирдæм.

Цардбæллон лæппуйыл сæмбæлд знаджы нæмыг, фæлæ нæ ахаудта, сæмбæлд ыл дыккаг, æртыккаг, цыппæрæм, фæндзæм нæмыг, фæлæ та-иу фæстæмæ сыстад. Иу ахæмы хъæбатыр хæстонæн фæцæф йæ сæр æмæ уæд уæззаугай зæххмæ æрхаудта, фæстаг хатт ма йæ алыварс акæсгæйæ, æвæццæгæн, йе ‘мбæлтты фæдзæхста, зæгъгæ, уæхи бахъахъхъæнут знагæй, кæнæ та фыртыхстæй о, гыцци, баххуыс мын кæн, фæхъæр кодта. Нæ фæтарст Хуыгаты цæнгæтфарс лæппу кæд ыл знаджы нæмгуытæ ихуарæгау кодтой, уæддæр. О, цас хъару æмæ цас тых уыд йе ‘взонг уæнгты, цæфæй дæр йæ ныфс куыд нæ асаст æмæ йæ ирон тырысайыл фидар куыд хæцыд, уый диссагæн дзуринаг у. Цы загъдæуа хъысмæтæн. Уый уыд Радиславы фæстаг фæдисы балц. Хур скаст, суад арвы цъæхыл бæндæны бæрц æмæ аныгуылд. Кæугæ дзыназгæйæ ныууагъта йæ ныййарджыты, йæ саударæг хоты, йæ хиуæтты. Æмæ канд уыдоны нæ, Радикы æнафоны фæзианыл кæуынц Ирыстоны цæгат æмæ хуссар хайы адæм дæр.

Йæ фыдыхо Хуыгаты Ларисæ æмæ йе ‘ввахс хион Хуыгаты Эльвирæ куыд радзырдтой, афтæмæй, дам-иу, Радик арæх дзырдта ахæм ныхæстæ, зæгъгæ, дам, адæймаг куы мæла, уæд кадимæ. Æввæццæгæн, дам, æй зæрдæйæ хатыд цыбыр цардвæндаг ын кæй уыдзæн, уый, æндæра, дам, æй цы дзурын кодта ахæм ныхæстæ, иннæ ахæм йæ фæстаг каппек дæр нæ бахæлæг кодтаид, афтæ зæрдæхæлар уыд. Æвæццæгæн, йе намондæн ахæм зæрдæхæлар уыд. Хуыгаты чызджытæ нын куыд радзырдтой, афтæмæй Радиславы командиры ныхæстæм гæсгæ, уый фараст боны хаудæй фæцис зæххыл æмæ йæ уæлæ æмбæрзтæй  лæууыд знæгты размæ лидзгæйæ йæ къухты кæцы ирон тырыса раскъæфта, уый. Ирон тырысаимæ йæ мæлæт кæй ссардта, уый дæр у символикон. Æрхъулайы чи бахауд, уыдонæй фæмард цалдæр, афтæ ма хæстонтæй бирæтæ та уæззау цæфтæ фесты, уыцы нымæцы Радиславы командир дæр. Уый йæхи куы æрæмбæрста, уæд фыццаг бафарста Радиславы – «кæм ис Радик», зæгъгæ. Уый сын радзырдта Радик цы хъæбатырдзинад равдыста, уый тыххæй. Фараст боны фæстæ йæм бацыдысты æмæ йæ рахастой. Цинкæй арæзт чырыны йæ Цæгат Ирыстонмæ æрластой йæ хæстон æмбал Гæбæраты Алан æмæ йæ фыдыæфсымæртæ. Йæ хæстон æмбæлттæ куыд загътой, афтæмæй йе ‘взонг буар иууылдæр уыд хуынчъытæ. Радиславы ныййарджытæ цæрынц Октябры поселочы. Уыдоны стыр мастæн дзыхы ныхæстæй зæгъæн дæр нæй. Йæ фыд Вадим æмæ йæ мад Босыккты Жаннæйæн уыд иунæг лæппу, йе ‘ртæ хойæн та – иунæг æфсымæр.

Хуыгаты Радиславы йæ фæстаг фæндагыл афæндæраст кодтой 16-æм апрелы. Æфсæддон кад ын скодтой, афтæмæй ныгæд æрцыд «Спутник»-ы поселочы сæрмагондæй сын рахицæнгонд бынаты. Цæрæнбонтæм мæрдæнцойад ссардта Украинæйы зæххыл фæмардуæвæг Нартыхты 21-аздзыд хуры хуызæн лæппуйы фарсмæ. Йæ ныгæнæн бонмæ æрцыд тынг бирæ адæм. Æнæхъæн Къуайсайы адæм иууылдæр ацыдысты сæ хъæбатыр æмзæххонæн фæстаг хæрзбон зæгъынмæ. Стыр лæггæдтæ йын бакодтой къуайсайаг лæппутæ. Балæггад ын кодтой Таймæзты Артур, Октябры поселочы администраци. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняло, Фадзайты Арсен, Сергей Миронов æмæ бирæ æндæр адæймæгтæ та зианджын бинонтæм æрæрвыстой фыдохы телтæ.

Къуайсайæгтæй мын цалдæрæй куыд радзырдтой, афтæмæй Радислав уыд тынг æгъдауджын æмæ рæсугъд лæппу. Уыимæ йын тыхгæнæг тых нæ ардта, афтæ тыхджын уыд. Уый, дам, уыд æмæ нырæй фæстæмæ дæр уыдзæн Къуыдаргомы сæрыстырдзинад, цæвиттойнаг суыдзæн рæзгæ фæлтæрæн.

Сержант Хуыгаты Радислав йæ амæлæты фæстæ бавдыст æрцыд Хъæбатырдзинады орденмæ. Фæлæ Ирыстоны адæммæ ацы хорзæх фаг нæ кæсы, хъайтармæ стырдæр хорзæх æмбæлы. Уымæ гæсгæ Ирыстоны цæрджытæ бахатыдысты РЦИ-Аланийы къухдариуæгадмæ, цæмæй куырдиат арвитой Уæрæсейы Федерацийы Президентмæ сержант Хуыгаты Радиславæн йæ амæлæты фæстæ Уæрæсейы Федерацийы Хъайтары ном радтыны тыххæй. Хорз уаид сæ домæн æххæст куы æрцæуид æмæ хъайтары сгуыхтдзинадæн æмбæлон аргъ куы скæниккой.

Хъайтартæ нæ мæлынц, сæ ном уæлæуыл цæргæйæ баззайы. Мысынад нæ мæлы… мысынад цæры æнустæм. Цæргæйæ, ирон дзыллæты зæрдæйы æнустæм баззайдзæн Хуыгаты зынгхуыст хъайтары ном дæр. Йæ тохы тырыса та йын йæ хæстон æмбæлттæ дæлæмæ не ‘руадздзысты, афтæмæй фæуæлахиз уыдзысты æгъатыр знагыл Радикы æмæ иннæ цæрынхъуаг лæппуты туг райсгæйæ. Рухсаг у, Ирыстоны зынгхуыст хъайтар…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.