14 август – Республикæ Абхазы хъахъхъæнджыты мысæн бон

Дæргъвæтин азты дæргъы нæ цыфыддæр знæгты ныхмæ нæ хъæбатыр лæппутæ цы удуæлдайдзинæдтæ æмæ æхсардзинад æвдыстой, уыдон диссагæн дзуринагæй баззадысты. Æппынфæстагмæ, бирæ тухиты æмæ уды зиæнтты фæстæ 1992 азы Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты Æмхæццæ Фидауынгæнæг тыхтæ æмæ иу чысыл сæ фæллад суагътой нæ хæстфæллад лæппутæ дæр, фæлæ…

Фæлæ, 30 азы размæ, 1992 азы августы мæйы та уынгæджыйы бонтæ ныккодтой æфсымæрон Абхазы адæмыл. Гуырдзиаг фыдгæнджытæ ныр та Абхазмæ бабырстой æмæ дзы райтынг тугкалæн хæст. Нæ хæствæллад лæппуты ныр та   бахъуыд æфсымæрон адæмæн баххуыс кæныны сæр æмæ уайтагъд балæууыдысты абхазаг хæстонты фарсмæ, цыран диссагæн баззадысты сæ хъæбатыр хæстон архайдтытæй.

Эшеры бæрзæнд ис Сухумы сæрмæ æмæ у тынг хорз плацдарм Абхазы столицæ сисынæн, куыд Присы къуылдым Цхинвалæн, афтæ. Ацы бæрзæнды уыд гуырдзиаг æфсады дæлхай 150 хæстоны скондæй. Уым ирон лæппутæ, нымæцæй бирæ къаддæрæй, гуырдзиæгты ныхмæ ахæм хъæбатырдзинæдтæ равдыстой æмæ ацы бæрзæнды схуыдтой ирæтты бæрзæнд. Абон уын ракæндзынæн Абхазы хæдбардзинады сæрвæлтау сæ сæртæ нывондæн цы ирон лæппутæ æрхастой, уыдонæй сæ иуы кой.

Еналдыты Димитри райгуырд горæт Цхинвалы 1963 азы 27-æм сентябры. Каст фæцис Цхинвалы 2-æм астæуккаг скъола. Уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта ХИПИ-йы филологон факультеты. Институт каст фæуыны фæстæ йæ кусынмæ арвыстой Абхазы Гудауты районы Калдахуарайы хъæуы скъола-интернатмæ уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй. Димитри тынг бауарзта йæ ахуыргæнинæгты æмæ йыл уыдон дæр уыдысты тынг зæрдийæ, йæ уагахастæй сын ссис бафæзминаг, æппынæдзух йæ алыварс лæууыдысты. Бæрзонд, уонгджын æмæ зæрдæхæлар ирон лæппуйы уайтагъд бауарзтой хъæуы цæрджытæ дæр.  Фæлæ уæдмæ райдыдта йæ райгуырæн Хуссар Ирыстоны ныхмæ гуырдзиаг агрессии, Абхазæй æрæздæхт йæ уарзон Цхинвалмæ æмæ балæууыд хæстон лæппуты фарсмæ. Бирæ æгъуыссæг æхсæвтæ арвыста, бирæ зындзинæдтæ бавзæрста Димитри уыцы уæззау азты. Цал æмæ цал хатты æрхастой йе хæстон æмбæлттимæ хæцæнгæрзтæ се ‘ккой зынвадат Зары фæндагыл, уыдон чи фæнымайдзæнис. Уæйгуытæконд лæппу цыфæнды уæззау уавæры дæр хъахъхъæдта йæхицæй кæстæрты æмæ æдыхдæрты. Зæрдæхæлардзинад гуырцæй рахаста æмæ алкæмæндæр лæггад кодта парахат зæрдæйæ.

ФÆСТАГ ФÆНДАГ ИРЫСТОНÆЙ АБХАЗМÆ

Абхазы хæст куы райдыдта, уæд Димитри фæстæмæ аздæхт æмæ балæууыд йæ абхазаг æфсымæрты фарсмæ. Раст æй цыма зæрдæйæ хатыд, уыйау æй йæ фыд нал уагъта Абхазмæ цæуын, фæлæ йын сæфсон кодта, зæгъгæ, цæуы Дзæуджыхъæумæ сесси радтынмæ (уый ма фæсаууонмæ ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты юридикон факультеты 5-æм курсы, фæлæ йын йæ диплом райсын дæр нал бантыст) æмæ йæхæдæг та ацыд йæ фæстаг фæндагыл Ирыстонæй Абхазмæ. Калдахуарамæ куы ныхæццæ, уæд Димитрмæ хæстон фæлтæрддзинад кæй уыдис, уымæ гæсгæ йæ алыварс æрбамбырд сты фæсивæд, сæ фылдæр скъола-интернаты рауагъдонтæ æмæ сæ сарæзта хæстон дæлхай. Уый афтæ тынг тарст йæ раздæры ахуыргæнинæгтæн æмæ-иу алыхатт дæр цыд сæ разæй, афтæмæй удуæлдай тох кодта знæгты ныхмæ, тас цы уыд, уый нæ зыдта.

1992 азы 18-æм августы иу ахæм æгъатыр æнæмсæр тохы мæлæтдзаг цæф фæцис Еналдыты цардбæллон хъæбул æмæ йыл йæ хур æмбойны ахуыссыд. Дыккаг райгуырæн бæстæ йын чи ссис, уыцы абхазаг зæххыл ссардта хъæбатырæй йæ мæлæт 29-аздзыдæй. Æцæг сæ йæ туг рагацау дывæрæй райста, знæгтæн ма сæ автоматтæй дæр иу сæдæйы бæрц байста. Йæ хæстон æмбæлттæ куыд радзырдтой, афтæмæй абхазаг лæппутæ сæдæйæ сæ автоматтыл ныффыстой «Автомат Димы Еналдиева», зæгъгæ. Димитри карз тохты йæ ирон æмбæлттимæ размæ афтæ бырста æмæ сыл абхазаг, стæй иннæ хæххон адæмты хæстонтæ  дис кодтой, сæ цæст сыл æрæвæрдтой сæ хъæбатырдзинады тыххæй.

Еналдыты Димитри нæ бафсæст мады рæвдыдæй дæр, йæ тæккæ мадуарзыныл куы уыд, уæд æвирхъауæй трагиконæй фæмард йæ мад Гатыгкоты Наташæ. Кæйдæр сывæллоны машинæ фæцæйцавта, Наташæ йæм багæпп кодта æмæ йæ атъæпп кодта, фæлæ йын йæхи ныццавта. Рауад афтæ, æмæ  йæхи цардæй кæйдæр сывæллоны цард бахъахъхæдта. 12-аздзыд лæппу æнæнхъæлæджы æнæ мадæй аззад…

АБХАЗ ÆМÆ КАВКАЗЫ ХЪАЙТАР

Йæ фыдыфсымæры чызг Еналдыты Белæ мын мæ разы æрæвæрдта Димитрийы документтæ, йæ сабибонты нывтæ. «Мæнæ уый дæр уый у, мæнæ уый дæр. Мæнæ куыд хицæн кæны йе ‘мбæлттæй, раст cæ цыма цалдæр азы хистæр у, уыйау асæй стырдæр у. Мæнæ сывæллæтты цæхæрадоны æмæ йе скъолайон нывты дæр сæ сæрты кæсы йе ‘мцахъхъæнтæн. Æвæццæгæн, цæрыны гуырд кæй нæ уыд, уый тыххæй ахæм уыд, уый тыххæй уарзæгой уыд æмæ мын уæлдай зындæр уымæн у йæ æнæрæстæджы амæлæт. Нæ йын бантыст бинонтæ æркæнын, нæ банкъардта хъæбулы уарзт дæр. Йæ фæстæ иу сывæллон уæддæр куы ныууагътаид, уæд æнцондæр уыдаид йæ рыстзæрдæ фыдæн дæр», – йæ цæссыгтæ асæрфта Белæ.

Йæ фыд Вахтангæн куы загътой, зæгъгæ, йын йæ фырты куыд Абхазы хъайтар, афтæ Кады аллеяйы бавæрдтой, уæд уый не сразы, цæмæй йæ фырты мардбуар Абхазы зæххыл баззадаид æмæ кæд уым нырма æгъатыр хæст цыд, уæддæр Димитрийы æфсымæр Инал æмæ йæ мадыфсымæр Гатыгкоты Адик ацыдысты Абхазмæ, цæмæй йын йæ мардбуар Ирыстонмæ фæхæццæ кодтаиккой. Владислав Ардзинбаимæ куы сæмбæлдысты, уæд сын  уый дæр нæ разы кодта, ома, Димитри у Абхазы национ хъайтар æмæ уадз, æмæ нæ зæххыл æнцойад кæна, алыхатт дæр, дам,  ын кæндзыстæм стыр кад. Фæлæ уæддæр не сразы сты сæ фæндыл  – 13-æм сентябры йæ æрластой йæ Райгуырæн Ирыстоны зæхмæ æмæ йæ 15-æм сентябры кадимæ бавæрдтой йæ æдзард мады цур Тъбеты хъæуы.

Димитрийæн стыр аргъ скодта В.Ардзинба – Абхазы Уæлдæр Советы Сæрдар. Иналыл атыхст цæссыгкалгæйæ æмæ йын Димитрийы марды чырынимæ рарвыста сæрмагонд лæг Абхазæй. Йæ рыстзæрдæ фыды нæ уырныдта йæ хъæбулы мæлæт æмæ йæ фырт Иналы бафарста, зæгъгæ, дæхи цæстæй йæ федтай, чизоны,  мæ хъæбул нæу, чизоны,  мæ хъæбул кæмдæр Абхазы хæхты ис æмæ æрыздæхдзæн.

Еналдыты Димитри Ватханджы фырты йæ амæлæты фæстæ схорзæхджын кодтой Абхазы бæрзонддæр хорзæх – Леоны орденæй æмæ расидт æрцыд Абхазы хъайтарæй, Кавказы адæмты Конфедераци та Кавказы хæххон адæмты съезды рахаста фæндон æмæ  Димайæн лæвæрд æрцыд «Кавказы хъайтары ном» йæ амæлæты фæстæ. «Кавказы хъайтары ном ма лæвæрд æрцыд Мæргъиты Ацæмæз æмæ Сиукъаты Джемалæн, уыдонæн дæр сæ амæлæты фæстæ. РХИ-йы уæды президент Цыбырты Людвиг та йæ схорзæхджын кодта «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæг»-ы майданæй.

Еналдыты Димитрийы йæ райгуырæн Ирыстонмæ куы фæндараст кодтой, уæд фехъусын кодтой, йæ ном ын кæм куыста, уыцы абхазаг скъолайæн кæй радтой, йæ номыл ын уынг дæр кæй рахуыдтой, цырт дæр ын кæй сæвæрдтой, уый тыххæй. Димитрийы  цард уыд ирд æмæ цыбыр, куыд  тæхгæ стъалыйы ферттывд, афтæ.  Ацы аз 27-æм сентябры Димайы райгуырдыл кæд 59 азы сæххæст уыдзæн, уæддæр нæм абон йæ цыртдзæвæнæй кæсы 29-аздзыд æвзонг  лæппу.

РХИ-йы сгуыхт артист Еналдыты Вахтангæн хъысмæт стыр фыдæвзарæнтæ схай кодта. Димитрийы амæлæтæй рацыд дыууæ азы æмæ та йыл æрцыд ноджы иу трагеди. Йæ хистæр фырт Инал трагиконæй фæмард. Æнамонд фыды уавæрыл дзурын уæлдай у. 2009 азы июлы мæйы рыстзæрдæ фыд  цардæй ахицæн æмæ бацыд афтæ бирæ цы  бинонты уарзта, уыдонмæ æмæ Тъбеты хъæуы уæлмæрды мæрдæнцойад ссардта.

Вахтанг ма цард æрмæстдæр Иналы чысыл фырты цæрайæ. Иу Хуыцау хорз уыд æмæ Иналæн йæ цардæмбалимæ 12 азы фæстæ балæвар кодта фырт, æндæра Еналдыты Вахтангы хæдзар æвæстаг фæуыдаид. Сæвæрдтой йыл йе ‘дзард фыдыæфсымæры ном. Уый дæр йæ фыд Инал æмæ йæ Дада Вахтангау райста актеры дæсныйад. Ныртæккæ Еналдыты Димитри (Димæ) кусы Цæгат Ирыстоны драмон театры артистæй.

Нæ зæрдæ йын зæгъы æнæниздзинад æмæ æнтыстыæ йæ царды. Ныфс нæ ис, йæ хъайтар фыдыфсымæры ном ноджы бæрзонддæр кæй сисдзæн, уымæй.

 

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.