Алчи дæр æй æмбары, Хуссар Ирыстоны, куыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты, афтæ гуырдзиаг агрессийы ныхмæ хæсты ветерантæн дæр цы стыр кад ис, уый, æмæ сын кад дæр хъуамæ кæнæм, уымæн æмæ уыдоны фæрцы абон мах цæрæм нæ зæххыл, сабыр арвы бын хъомыл кæнæм нæ сывæллæтты. Фæлæ рох кæнын нæ хъæуы куысты ветеранты дæр. Уыдон нæ цытджын къухдариуæгадæй рохуаты аззайынц, уæлдайдæр, скъолаты бирæ азты чи фæкуыста æмæ йæ зонындзинæдтæ рæзгæ фæлтæрæн рæдауæй чи амыдта, уыдон. Уыдонæн дæр сæ зæрдæ истæмæй алхæнын хъæуы, цæмæй сæхи рохуаты ма хатой, сæхи хъæуæгыл нымайой, ома, «мах дæр чидæр хъуыды кæны».

Кæд 90-æм азты царды æмвæзад бирæбæрцæй фæныллæгдæр, уæддæр ахуыргæнджытæ чысыл мыздтыл дæр сæ куыст кодтой иузæрдионæй. Фæлæ уыцы хъуыддаг ничиуал хъуыды кæны, ферох сты уæды ахуыргæнджыты фыдæбæттæ. Æмæ уый мæнмæ раст нæ кæсы.

Зæгъæн ис, абонимæ абаргæйæ, уæды рæстæджы ахуырдзаутæ хуыздæр ахуыр кодтой. Ахуыргæнæгæн дæр йæ кад бæрзонддæр уыд. Уый та бирæбæрцæй баст уыд ахуыргæнæг-хъомылгæнджытыл, сæ авторитетыл. Куыд гæнæн уыд, æмæ ахуырдзау ахуыргæнæгмæ фæстæмæ сдзырдтаид. Ныр та?..

Кæй зæгъын æй хъæуы, абоны ахуырдзауты æвзæр уагахаст фылдæр ныййарджыты аххос у. Цæмæй сæ сæ сывæллæттæ ма хъыгдарой, уый тыххæй сын алыгъуызон гаджеттæ, смартфонтæ æлхæнынц æмæ уроктыл дæр сывæллæттæ ахуыргæнæгмæ нæ хъусынц, фæлæ уыдонæй фæхъазынц. Афтæмæй ахуыры гъæд дæр æрхаудзæн, уæдæ цы кæндзæн.

ДЗÆГЪИАТЫ Мария

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.