Чиныджы арæзт, уынд æмæ хуыз кæд мидисæй хицæн кæнынц цæмæйдæрты, уæддæр бирæтæ, уыцы нымæцы æз мæхæдæг дæр, стыр нысаниуæг дæттынц йæ арæзт, йӕ уынд æмæ йæ хуызæн. Уымæн æмæ куыд бирæ æндæр цыдæртæ, афтæ чиныг дæр йæхимæ фыццаг фæхоны æмæ æркæсын кæны йæ хуызæй.

Абон мæ ныхасы сæр у, не ‘мбæстаг, йæ адæмы æцæг патриот, бирæ чингуытæ æмæ зонадон куыстыты автор, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ирон æвзаг æмæ литературæйы историйы кафедрæйы сæргълæууæг, профессор Плиты Гацыр цы чиныг рауагъта – «Ирон сывæллæтты литературæ», ууыл. Чиныджы рацыд бирæтæн, уæлдайдæр та ирон литературæимæ йæ хъысмæт чи сбаста, уыдонæн, стæй нæ университетты ирон факультетты студенттæн дæр æрхаста стыр цины æмæ æхсызгондзинады æнкъарæнтæ. Ам мæ банысан кæнын фæнды уый, æмæ махæй бирæтæ хорз хъуыды кæнынц, нырмæ нæ полиграфион-кондадон баиугæнд цы мæгуырау æмæ æгъуыз чингуытæ уагъта, уый. Ноджы ма йæ зæгъон, ацы чиныджы рацыдыл уæлдай æхсызгонæй æмæ цины æнкъарæнтимæ æмбæлынц, ирон литературæмæ йе ‘ргом чи здахы, æнгомдæр æм чи лæууы, уыдон æмæ университеты студенттæ. Уымæн æмæ сæ иутæ æмæ се ‘ннæтæн дæр сæ зонадон æмæ литературон архайдæн чиныг фæуыдзæн стыр ахъаз. Иутæн феххуыс уыдзæн сæ зонадон куыстыты ног факттæй баххæст æмæ фæхъæздыгдæр кæныны хъуыддаджы, иннæтæн та фæахъаз уыдзæн литературон зонындзинæдтæн фидардæр бындур æрæвæрынæн. Куыдфæнды куы дзурæм, уæддæр чиныгæн сæйрагдæр у йæ мидис, мидисæй та ацы чиныг у хъæздыг. Чиныгмæ хаст цы автортæ æрцыдысты, уыдон алыварс автор æрцæттæ кодта хъæздыг æмæ алыхуызон æрмæджытæ, æнæмæнгхъæуæг чи у, ахæм факттæ. Бæрæг у, автор зæрдиагæй кæй куыста æмæ æххæст кодта, йæ разы цы хæстæ сæвæрдта, уыцы домæнтæ. Ацы дзырдтæ бафидаргæнæн ис чиныджы райдиан разныхасы хъуыдытæй, зæгъгæ, нывæфтыд литературæ адæмы хъомылгæнæг у, æмæ æмбисондæн хæссы ахæм дзырдтæ: «Лæг цалынмæ цæра, уæдмæ зонды къæбицмæ лæгæрды». Ирыстоны хъæбултæй цъус нæй, йæ тыхтæ ирон литературæйы чи фæлвæрдта æмæ фæлвары, йæхицæн дзы сæрмагонд бынат чи ссардта, ахæмтæ. Уыдонæй иуты Гацыр бахаста йæ чиныгмæ. Куыд, чиныгмæ хаст чи æрцыд уыцы автортæ, афтæ ма æндæр ирон фысджытæй, æвæццæгæн, нæ разындзæн ахæм, кæцы йæхи нæ бафæлвæрдта сывæллæтты литературæйы. Уыдонæй бирæтæ се сфæлдыстадон фæндаг райдыдтой æвзонг фæлтæрты литературæйæ. Иутæ та сывæллæтты литературӕмæ æрбакъахдзæф кодтой гуырахстджын уацмысты фæстæ. Куыдфæнды ма дзурæм, уæддæр Плиты Гацыр ацы чиныгæй стыр лæггад бакодта куыд йæ адæм æмæ зонады къабазæн, афтæ ирон факультетты студенттæн дӕр, ирон литературæйыл дарддæр хъуыдыгæнджытæн. Уырнинаг у, Гацыр цалдæр азы размæ йæ разы цы хæс сæвæрдта, уый æххæст æрцыдис, барухс йæхи зæрдæ дæр æмæ сулæфыд æнцонæй. Фæлæ, æвæццæгæн, нæ вæййы ахæм куыст, згъуыд кæм нæ уа, уæлдайдæр та куыстмæ критикон цæстæнгасæй куы акæсай, уæд, Гацыры зонын рагæй, æртын азы бæрц. Уал азы адæймаджы хорз куыд нæ рахатдзынæ æмæ базондзынæ. Базыдтон æй хорз æмæ мæ бон зæгъын у уый, æмæ кæд искæмæ ис йæ адæммæ, йæ зæхмæ стыр, сыгъдæг уарзондзинад, уæд уыдонæй иу у Гацыр. Ирыстон тыхст æмæ уæззау уавæры куы уыдис, уæддæр æппæт гæнæнтæ æмæ фадæттæй æххуыс уыд йæ адæмæн. Чиныджы техникон фиппаинæгты тыххæй куы дзурæм, уæд мæ банысан кæнын фæнды уый æмæ ахуыргæнæндæтты, сывæллæтты литературæйыл дзырд кæм цæуы, ахæм чиныджы текст фыст хъуамæ уыдаид ставддæр дамгъæтæй. Ахæм шрифтæй фыст хъуыдыйæдтæ та фæллайын кæнынц цæстыты æмæ чиныг йæ къухмæ чи райсы, уый дзы афæлмæцы, райдайы йыл йæхи тигъ кæнын. Чиныджы разныхас кæд егъау нæу, уæддæр дзы цалдæр ран дзырдтæ, цæмæдæр гæсгæ, хицæн цæуынц дефисæй. Афтæ чи хъуыды кæны, ома, уыдон грамматикон рæдыдтытæ не сты, уый рæдийы. Уымæн æмæ канд литературæйы нæ, фæлæ алы ран дæр цыфæнды уæлæнгай нысанæн дæр ис стыр нысаниуæг. Чиныг та адæмы ахуыргæнæг у æмæ дзы чысыл рæдыд æмæ цухдзинадæн дæр бынат ма хъуамæ уыдаид. Фиппаинаджы хуызы ма мæ зæгъын фæнды: чизоны хуыздæр уыдаид æмæ чиныгмæ хаст цы автортæ æрцыдысты, уыдонæн сæ уацмыстæй чиныджы фылдæр куы уыдаид. Мæнмæ гæсгæ, уæд чиныджы ахадындзинад дзæвгар фæхуыздæр æмæ фæхъæздыгдæр уыдаид. Уæлдæр банысан кодтон, Ирыстоны бирæ кæй сты, сфæлдыстадон куыст чи кодта æмæ кæны, ахæмтæ. Се ‘ппæт хаст не ‘рцыдысты Гацыры фыццаг æмæ дыккаг томтæм. Уырны мæ, йæ ацы куысты кæрон тæпп кæй нæ сæвæрдзæнис, фæлæ цы фæрнджын куыст райдыдта, уый кæй кæндзæнис дарддæр æмæ ноджыдæр кæй барухс кæндзæнис ирон, зæрин дзырды табугæнджыты зæрдæтæ.

КЪУДУХТЫ Маринӕ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.