Сæрмагонд фæзынд уыд ирон нывкæнынады историйы нывгæнæг-монументалист Гасситы Харитъоны фырт Умар. Ахадæн куыст кодта монументалон хуызфыссынады фадыджы æмæ афтæмæй хъæздыг кодта ирон аивады къæбиц.

Махарбегæй фæстæмæ нывкæнынады хъуыддаджы национ формæ Умарæй тынгдæр ничи агуырдта, ничи æнкъардта. Йе сфæлдыстады уæндонæй æнцой кæны Къоста æмæ Махарбеджы хуыздæр традицитыл, дарддæр сæ кодта оригиналон æгъдауæй. Ирон нывкæнынады Умарæн нæ уыд раздзæуджытæ монументалон хуызфыссынады фадыджы, фæлæ йæ уæддæр систа уæды рæстæджы монументалон нывфыссынады бæрзæндтæм, æрывæрдта фидар бындур ирон монументалон хуызфыссынадæн, сбæлвырд ын кодта йæ фидæны рæзты фæндæгтæ.

Гасситы Умар райгуырд 1930 азы горæт Цхинвалы. Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндон каст куы фæцис, уæд, 1949 азы, бацыд Мæскуыйы прикладон æмæ декоративон аивады институты монументалон хуызфыссынады факультетмæ. Институты йæ ахуыргæнджытæ уыдысты профессортæ Рублев Г. И., Френц Р. Р., Веселкин И. П., Савинов Г. А.

Институт каст фæцис 1956 азы хорз бæрæггæнæнтимæ. Æнтысгæйæ бахъахъхъæдта йæ дипломон куыст «Медицинæ адæмæн лæггад кæныны хъуыддаджы». Уыцы куыстæй бæрæг уыд, Умар аивады зын фæндагыл уæндонæй кæй цыд, уый. Уацмыс хуымæтæг у йæ композицион арæзтæй, фæлæ арф у йæ хъуыдымæ гæсгæ. Йæ номмæ гæсгæ уацмыс прозаикон у, йæ арæзт, йæ кондæй та у поэтикон. Нывгæнæг медицинæйы æвдисы мады символикон фæлгондзы хуызы. Мад бады астæуæй æмæ æхсарджынæй кæсы размæ. Йæ рахиз къухæй хæцы æмбæрзæныл, æмæ йæ фарсмæ цы сывæллон бады, уый хъахъхъæны. Галиуæрдыгæй цы сывæллон бады, уый дæр ныфсджынæй кæсы мады фæлгондзмæ. Æртæ фигурæйы равæрдæй уац-мысмæкæсæджы автор æууæндын кæны медицинæйы тых æмæ хъаруйыл.

Умары дипломон куыстæн стыр аргъ скодта уæд паддзахадон-экзаменацион къамис.

Институты хæдфæстæ цы куыстытæ сарæзта, уыдонæй Умары сфæлдыстады ахсджиагдæртæ сты, уæды рæстæджы Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры къултыл Хъотайты Григол æмæ Кокойты Михаилимæ цы монументалон нывæрфыстытæ сарæзта, уыдон. Уацмыстæ аразыны уæлдай активон хайад райста Умар. Кæд коллективон куыстытæ уыдысты, уæддæр бæлвырд фæбæрæг, Умар кæддæриддæр героикон-оптимистон аивадмæ кæй тырныдта, уый.

Йе сфæлдыстадон сидтæй Гасситы Умар у æцæг монументалист. Нывгæнæг монументалондзинад агуры уацмысы æддагон формæйы нæ, фæлæ уацмысы хъайтарты монументалон æмæ героикон характерты. Гассийы фырт йæ алы уацмысы дæр, йæ алы фæлгондзы дæр æвæры эпикон хъару æмæ романтикон пафос. Йæ алы хъайтарæн дæр ис карз æмæ бæрæг пластикон æрныв, æрдзон æмæ æнæ тыхбынон позæ.

Æппæт ацы миниуджытæ ирдæй зынынц, Умар горæт Дзæуджыхъæуы ресторан «Кавказы» æмæ металлургты галуаны цы монументалон уацмыстæ сфæлдыста, уыдоны. Уацмысты адæймаг æнкъары стыр аивадон æндæвдад æмæ реалистон æууæнкад. Адæймаджы æууæндын кæнынц, сæ автор æвидигæ фантазийы, фидар идейон кредойы, бæрзонд эстетикон адæнкъарынады хицау кæй у, ууыл.

Гасситы Умар æнтысгæйæ куыста чиныджы графикæйы фадыджы дæр. Иллюстрацитæ цы чингуытæн сарæзта, уыдонæн сæ тæккæ хуыздæртæ сты Воиновайы роман «Тамарæ æмæ Давид»-ы иллюстрацитæ.

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта

ЦХУЫРБАТЫ Л.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.