Тугъанты Махарбег – 140 азы

Дзырд поэзийыл, аив литературæйыл куы цæуа, уæд нæ æддагон дуне Къостайæ  базыдта, зонады – Васойæ, хуызфыссынады аивады та Тугъанты Сафары фырт Махарбег у нæ тырысахæссæг. Уæлдайдæр та Нарты эпосæй цы æвæджиауы фæлæйттæ скодта, уыдон фæрцы. Нæ фæрæдидзыстæм, Махарбеджы фæрцы нæ диссаджы, нæ æнæмæлгæ эпос бирæ хъæздыгдæр, бирæ ахадгæдæр у, афтæ куы зæгъæм, уæд. Нарты кадджытæ уникалон сты сæ хæдбындур ирондзинадæй, фæлæ нын сæ хъайтартæ уæлдай зынаргъ сты Махарбеджы арæзт фæлгæнцты фæрцы.

Сомбоны генион нывгæнæг райгуырдис 1881 азы Дур-Дуры,   цардæй ахицæн 1952 азы. Стыр нывгæнæджы уæлдай ма ирон адæмы хсæн нымад æмæ кадджын уыдис куыд ахуыргонд, публицист, фольклорон уацмыстæ æмбырдгæнæг æмæ иртасæг, педагог æмæ этнограф; Ирыстоны адæмон нывгæнæг, Гуырдзыстоны ССР аивæдты сгуыхт архайæг.

Махарбеджы курдиат алы ран дæр йæхи равдыста тыхджын æмæ алывæрсыгæй, цæрдхъом æмæ иууыл бæрзонддæр æмвæзадыл.

Йæ фыд Сафар уыдис Ирыстоны фыццаг ахуыргонд ботаник, агроном, каст фæцис Бонны университет. Ахуыры азты йæ зæрдæмæ хæстæг айста социал-демократон идеалтæ, архайдта йæхи фæллойæ цæрыныл. Фæлæ Тугъантæ  уæздан мыггагыл нымад кæй уыдысты, уымæ гæсгæ, кæй зæгъын æй хъæуы, разы нæ уыдысты Сафары цæстæнгас æмæ ахастæй, кусæг адæммæ æмсæр,  хæлар цæстæй кæй кастис, уый йын нæ барстой.

Æмæ Сафары нал бафæндыди семæ иу цары бын цæрын (патриархалон бинонты сæргъы уыцы рæстæджы лæууыдис йæ фыды æфсымæр Аслæнбег –  паддзахы æфсады инæлар, йæ кармæ гæсгæ уæдмæ службæйæ суæгъд ис).

Махарбеджы фыд Сафар Дур-Дуры балхæдта къаннæг (дыууæуатон) хæдзар. Сомбоны нывгæнæг райгуырдис уыцы хæдзары. Йæ мад Санаты Гацыры чызг Асиат, йæ рæстæгмæ гæсгæ райста хорз ахуырдзинад. Санаты æфсымæртæ, Гацыр æмæ Дзантемыр Ирыстоны зындгонд сты куыд рухстауджытæ, адæмон сфæлдыстады фыццаг æмбырдгæнджытæ, афтæ.

Махарбег райдианы ахуыр кодта хисæрмагонд пансионы, фæстæдæр та Дзæуджыхъæуы реалон училищейы, кæцы каст фæцис 1898 азы. Суанг уæд фæбæрæг ис йæ зæрдæргъæвддзинад ныв кæнынмæ. Иу рæстæджы Алыккаты Аннæмæ, Хетæгкаты Къостайы хорз зонгæмæ, бахатыди, цæмæй йын уый йæ фыццаг фæлварæнтæ Къостайæн равдиса. Алцы дæр йæхицæй аразгæ у, нырау æнувыдæй йæ нысанмæ куы тырна, уæд дзы нывгæнæг æнæмæнг рауайдзæни, зæгъгæ, Аннæ лæппуйæн Къостайы ныхæстæ куы рафæзмыдта, уæд ын стыр ныфсы хос фесты. Фæлæ йæ ныййарджытæм сæ фырты фæлтæрæнтæ хи ирхæфсынау кастысты. Æмæ йæ 1900 азы Бетъырбухмæ афæндараст кодтой, цæмæй фæлварæнтæ радта Хæххон институтмæ. Лæппу конкурсы нæ ацыди (геометрийæ «цыппар» кæй райста, уымæ гæсгæ), фæлæ сæхимæ нал аздæхти. Сфæнд кодта Къостайау уый дæр Аивæдты академимæ бацæуын. Уый тыххæй уал иу аз сахуыр кодта нывгæнæг Гольдблаты цæттæгæнæн скъолайы æмæ 1901 азы ссис Аивæдты академийы студент.

Йе сфæлдыстадон фыццаг къахдзæфтæ акодта хъуыстгонд Репины æрмадзы, курдиатджын педагогтæ Чистяков, Мясоедов, Саввинский æмæ æндæрты разамындæй. Фæлæ Махарбеджы фæндыди фылдæр базонын. Уыйадыл 1903 азы ацыди Мюнхенмæ, нывгæнæг Антон Ашбейы скъоламæ. Мюнхен уыди ног аивады авангарды центр.

Фæсарæнты Махарбегæн фадат фæци Берлины, Мюнхены, Венæйы аивæдты музейтæ бабæрæг кæнынæн. Æрыгон нывгæнæджы зыд цæстæнгас зылди Тицианы, Рембрандты, Делакруайы æрмдзæфы бæрджытыл, «касти» сын сæ дæсныйады сусæгдзинæдтæ. Иртасджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй Махарбег йæхи нæ атигъ кодта уæды рæстæджы аивады агурæнтыл: йæ уацмысты рахатæн ис модернизмы æууæлтæ. Фæлæ йе сфæлдыстады апп алкæд дæр уыди национ тематикæ, ирондзинад.

1907 азы Махарбег сыздæхтис йæ фыдызæхмæ. Дзæуджыхъæуы байгом кодта аивадон студи, уыди дæсны ахуыргæнæг æмæ уый-æмрæстæджы – æнувыд ахуыргæнинаг: йæ адæмы культурæ, фольклор, этнографи æмæ археологи хуыздæр базоныны нысанимæ йын Ирыстоны иу къуым æнæсгæрст нал баззадис. Къарандасæй ныв кодта хохаг рагон хæдзæрттæ: сæ орнаменты характерон нывæфтыдтимæ, цæджындзты сæртыл хъæдæрмæгæй скъахгæ  фыры здыхст сыкъатимæ æмæ æндæр ахæм декоративон хæйттимæ, ныв кодта мæсгуытæ æмæ зæппæдзтæ, кувæндæттæ, хæдзары дзаумæттæ, æмбырд кодта кадджытæ æмæ таурæгътæ йæ фидæны кæттæгтæ æмæ суанг иртасæн куыстытæн æвæджиауы æрмæг. Ацы экспедициты фæстæ 1911 азы мыхуыры фæзындысты йæ «Дигорон кадæнгитæ», 1929 азы та – уац «Кто такие нарты?», цы ран автор нымайы, зæгъгæ, нарты эпос равзæрдис ирæттæм.

Ирыстоны Советон хицауад куы æрфидар (1920 азы), уæд Махарбег ссис Терчы зылды аивадон-агитацион плакатты хайады сæргълæууæг (Теркавроста). Фыста цыргъ карикатурæтæ кулактæ, урсгвардионтæ, ног цардæн цæлхдуртæ чи аразы, уыдоны ныхмæ. 1924-1925 азты афтыди Бакомæ, уырдыгæй Туркменимæ, ахуыр кодта амы адæмты цард. Астæуккаг Азийы сахартæ æмæ змисджын быдырты сæмбæлди цымыдисаг типажтыл, разагъды архитектурæйыл, базонгæ, нырмæ кæй никуы федта, ахæм æрдзон ахорæнтæ æмæ фæзындтимæ. Нывæста сæ йæ акварельтæ æмæ къарандасæй конд нывты.

Дзæуджыхъæумæ куы æрыздæхтис, уæд куыста Иры педагогон техникумы, уыдис аивадон къорды сæргълæууæг (1926-1930).

1930-æм азы Махарбег æрцарди Цхинвалы, амы Бæстæзонæн музейы байгом кодта аивадон студи æмæ национ нывты галерейæ. Ноджы йæ сæйраг нывгæнæгæй æрбахуыдтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театрмæ. Уæд æххæстæй рабæрæг сты Махарбеджы удыхъæды сæрмагонд æууæлтæ: йæ диссаджы куыстхъомдзинад æмæ сфæлдыстадон æрхъуыды, йæ æвидигæ энтузиазм. Арæзта декорацитæ æмæ сæ, йæ къухы цы хæрз хуымæтæг æмæ кадавар æрмæг уыдис, уымæй йæхæдæг тынг саив кодта; арæзта актерты уæлæдарæсы эскизтæ, суанг ма грим дæр уыдис йæ бæрны. Иу ныхасæй, стыр лæггæдты бацыди Хуссар Ирыстоны театрæн, æмткæй сисгæйæ ирон аивадæн.

Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры æвæрд спектакльтæй Тугъанты Махарбег нывгæнæг-фæлындзæг кæмæн уыд, уыдонмæ разæнгарддæрæй цыдысты театрдзаутæ, æндæр аргъ сын кодтой театриртасджытæ æмæ критиктæ. Ахæм спектакльты нымæцмæ хауынц Хетæгкаты Къостайы «Дуня», Брытъиаты Елбыздыхъойы «Амыран», Саулохты Мухтары «Нарты Батрадз» æмæ æндæртæ.

1942 азæй фæстæмæ лæууыди Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæг институты аивады хайады сæргъ, ныффыста бирæ иртасæн куыстытæ культурæ, фольклор æмæ аивады ахсджиаг фарстатыл.

Цхинвалы кусгæйæ ноджы уæрæхдæрæй райхæлдысты Махарбеджы кустхъомдзинад æмæ алывæрсыг æрмдзæф. Уый сарæзта хуызфыссынады студи, кæцыйы бындурыл 1937 азы арæзт æрцыд нывгæнæн ахуыргæнæндон. Махарбеджы иузæрдыг куыст æмæ æнувыд архайды фæрцы уыцы ахуыргæнæндон йæ кусынæй не рлæууыд æгæрстæмæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы дæр, кæд уыцы рæстæджы Советон Цæдисы ахæм ахуыргæнæн уагдæттæн сæ фылдæр æхгæд æрцыдысты, уæддæр.

1952 азы, июны мæйы кæрон, Махарбег æвиппайды æррынчын æмæ 4 июлы йæ цардæй ахицæн ис. Бирæ сфæлдыстадон фæндтæ йын баззадис æххæсткæнинагæй. Йæ гуырахстджындæр уацмыс «Нарты куывд»-ыл дæр кæронмæ нал бакуыста.  Фæлæ йын бантыстис, ирон адæм тъымы-тъыматæм сæ сæр бæрзæндты кæмæй хæсдзысты, ахæм æнæмæлгæ аивад сфæлдисын.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.