Йе ʻвзонджы бонтæй фæстæмæ Одтаты Захар тырныдта, цæмæй йæ адæмæн исты хорзы бацæуа, сæ разы къæмдзæстыг мацæмæй уа. Æмæ абон дæр 77 аздзыд Захар ис йæ куысты уæлхъус æмæ  æнæзæрдæхудтæй лæггад кæны йæ адæмæн, æрвылбон дæр ын куыст-уат йæ разы цы хæстæ сæвæры, уыдон æххæст кæнгæйæ.

Захар ныр 33 азæй фылдæр кусы нæ горæты цæрæнуатон-цардуагон лæггæдты æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады. Уыцы азты куыстуат цалдæр разамонæджы раивта, фæлæ уыдонæй алчи дæр Захары куыстæй уыд райгонд, арæх-иу дзы раппæлдысты, зæгъгæ, нæ кусджытæй йæ куыстмæ алчи дæр Захарау аудгæ ахаст куы дарид, уæд не ‘нтыстытæ уаиккой бæрæг хуыздæр.

Одтаты Захар райгуырд æмæ схъомыл Цхинвалы районы Зары хъæуы. Йæ мад Дзабиты Папело æмæ йæ фыд Андрей ма Захарæй дарддæр схъомыл кодтой фондз лæппу æмæ иу чызг. Мад æмæ фыдæн æрæнцад нæ уыд, æххæст кодтой хъæууонхæдзарады æппæт куыстытæ дæр, æмæ афтæмæй хъомыл кодтой сæ цоты дæр. Лæппутæ куыд рæзтысты, афтæ  æххуыс кодтой  сæ ныййарджытæн æппæт куыстыты дæр. Уæд Захар хуыздæр банкъардта, куыст цардæн фæрæз кæй у, уый æмæ ноджы рæвдздæрæй æвнæлдта алыгъуызон  куыстытæ æххæст кæнынмæ.

Ныййарджыты хæдзар æхсæз лæппу æмæ иу чызджы фаг нал кодта æмæ лæппутæ Советон Æфсады рæнхъытæй куыд здæхтысты, сæ амæндтæ куыд ардтой, афтæ сæ алкæцы дæр агурын райдыдта царды йæхи фæндаг. Захар дæр æркодта бинонтæ, фæзынд ын кæстæртæ æмæ йæ кустуарзондзинады фæрцы, кæд бинонтæ ницæуыл тыхстысты, уæддæр тырныдта ноджы хуыздæр æнтыстытæм. Уæдмæ Ирыстоныл айхъуыст Кавказы хæхтыл Цæгат Ирыстонмæ фæндаг аразынмæ кæй æрæвнæлдтой, уыцы хабар. Нæ адæмы рагон бæллицыл алы ирон адæймаг дæр бацин кодта. Æхсызгон уыд Захарæн дæр æмæ уырдæм фыццаг кусынмæ чи бацыд, уыдонæй иу уыд Одтайы-фырт. Хъæууон лæппу фæндаджы арæзтадон куыстытæм дæр æрæвнæлдта уæхскуæзæй, æмæ бонæй-бонмæ рæзт йæ фæлтæрддзинад æмæ арæхстдзинад, тагъд слæууыд фæлтæрдджын тъунелгæрдджыты æмрæнхъ.

Фæндагаразджытæ сæ хæс куы сæххæст кодтой тъунел байгом кæныны тыххæй, уæддæр Захар æгуыст бирæ рæстæг нæ баззад. Кусынмæ бацыд Гуры хæдзæрттæаразæн комбинаты Цхинвалы хайадмæ æмæ æнтысгæйæ пайда кодта Тъунел арæзтады рæстæджы цы фæлтæрддзинад райста, уымæй.

Фехæлд Советон Цæдис æмæ уыимæ фехæлд йæ адæмты уæдмæйы сабыр æмæ адджын цард дæр. Уыцы бонæй фæстæмæ Гуры хæдзæрттæаразæн комбинаты разамонджытæ сæ къах Цхинвалмæ нал æрбавæрдтой æмæ, бирæ æндæртау, Захар дæр баззад æгуыстæй.

Одтайы-фырт цалынмæ цæрджыты цардуагон лæггæдты хæдзарады кусын нæ райдыдта, уæдмæ дæр йæхи æгуыст нæ уагъта. Цыд, агуырдта æмæ адæмæн æххæст кодта алыгъуызон куыстытæ. Йæ абоны куыст æмæ куыстуаты тыххæй куы ныхас кодтам, уæд Захар банысан кодта, зæгъгæ, адæймагæн цахæмфæнды мæгуырау зæрдæйы уаг ма уа, уæддæр кæм цæры, уым йæ алыварс уынгтæ рæсугъд æмæ сыгъдæг куы уой, уæд  фенкъары  æхцондзинад. Æмæ æцæгæй дæр, бирæтæ банысан кæнынц, зæгъгæ, нæ горæты сыгъдæгдзинад æмæ рæсугъддзинадмæ фæстаг цалдæр азты хуызæн хъусдард никуы уыд. Уыцы ныхæстæ фехъусгæйæ, Захары зæрдæ алы хатт дæр барухс вæййы. Уымæн æмæ банкъары уыцы хорз хъуыддæгты йæ хайбавæрд дæр кæй ис, уый.

Захар абон дæр буц æмæ сæрыстыр у, йе ‘взонджы бонты йæм цы хъуыдытæ, тырнындзинæдтæ æмæ бæллицтæ уыдис йæ адæмæн балæггад кæныны хъуыддаджы, уыдон сæххæст кæнын йæ бон кæй ссис, уымæй.  Уымæн æмæ хъазуатонæй цы фæндаджы арæзтады фæкуыста, уый йæ адæмæн фæцис стыр ахъаз, уæлдайдæр та гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы.

Уымæй дарддæр ма нæ горæты цы бирæуæладзыгон цæрæн хæдзæрттæ сырæзт, цыран абон бирæ ирон бинонтæ цæрынц амондджынæй, уыдонæй цыппорæй фылдæры арæзтадон куыстыты Захар иста активон хайад.

Циндзинад ма фенкъары горæты уынгты сыгъдæг æмæ рæсугъддзинады кой куы фехъусы, уæд дæр. Уымæн æмæ ацы хъуыддагмæ Захар æрвылбон дæр бахæссы йе стыр хайбавæрд.

Одтайы-фырт буц æмæ сæрыстыр у йæ бинонтæй дæр. Йæ фондз кæстæрæй цыппар ссардтой сæ амæндтæ. Ис сын кæстæртæ æмæ сæ цард кæнынц зæрдæйы дзæбæхæн. Арæх æрбамбырд вæййынц сæ ныййарджыты хæдзармæ æмæ уæд бинонты цин фæтыхджындæр вæййы. Ныр дæр та сæм цæрджыты цæрæнуатон-цардуагон лæггæдты æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджыты боны æнхъæлмæ кæсы, æрбацæудзысты йæм, æмæ та йын фæдзурдзысты  арфæйы ныхæстæ.

                                                                                               ГÆЗЗАТЫ Иван   

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.